Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ

Африкӕ

Африкӕ
  • БӔСТӔТӔ 58

  • ЦӔРДЖЫТӔ 979 685 702

  • ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 1 363 384

  • АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 3 265 314

«Ныр цӕттӕ дӕн Стыр Вавилон ныууадзынмӕ»

Угандӕйы иу ӕрыгон нӕлгоймаг Томсон йӕ динӕй фӕфыдӕнхъӕл. Сӕ аргъуаны сауджынтӕ ӕдзух ӕхца кӕй куырдтой, уый йӕ зӕрдӕмӕ ӕппындӕр нӕ цыд, ӕмӕ аргъуанмӕ йӕ къах дӕр нал авӕрдта. Фӕлӕ уӕддӕр алы бон дӕр Библи касти. Уӕлдай тынгдӕр ӕй фӕндыд, Раргомады чиныджы цы фыст ис, уый бамбарын ӕмӕ-иу йӕхицӕн тетрады цыдӕртӕ дӕр фыста. Томсон куыста гыццыл арӕзтады. Иубон куысты Библи куы касти, уӕд ӕм не ’фсымӕр бацыд. Зӕрдиагӕй фӕныхӕстӕ кодтой, ӕмӕ Томсон райста, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг. Иу ӕхсӕвмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр бакаст. Дыккаг бон дзы не ’фсымӕр смс райста: «Бузныг Хицауӕн, цы чиныг мын радтай, уый тыххӕй. Ныр цӕттӕ дӕн Стыр Вавилон ныууадзынмӕ». Томсон загъта, цӕмӕй йын ӕрбахӕссой, чиныджы фиппаинӕгты ӕмӕ уӕлӕмхасӕнты цы литературӕйы кой уыд, уыдон. Библи тынг зӕрдиагӕй ахуыр кодта ӕмӕ йӕ уырнындзинад тагъд сфидар. Донаргъуыд райста 2012 азы облӕстон конгрессы «Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ!». 2013 азы мартъийы Томсон райдыдта ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ ныр адӕмӕн ӕмбарын кӕны, Стыр Вавилонӕй рацӕуын сӕ цӕмӕн хъӕуы, уый.

Йемӕ Библи ахуыр кодта аст ӕфсымӕры

Джимми схъомыл Маврикийы сӕйраг горӕт Порт-Луийы. 16-аздзыдӕй нуазын райдыдта ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ ӕнӕ нуӕзтӕй иу бон дӕр нал фӕрӕзта. Расыгӕй-иу цы арӕзта, уый не ’мбӕрста, ӕмӕ цалдӕр хатты ахӕстонмӕ дӕр бахауд. Хатт-иу боны мидӕг банызта ӕртӕ авджы ром ӕмӕ-иу бадымдта 60 тамакойы. Ӕхца-иу ӕм куы нал уыд, уӕд та-иу банызта, рудзгуытӕ кӕмӕй ӕхсадтой, ахӕм спъирт. Суанг ма-иу йӕ мады духитӕ дӕр банызта. Иухатт ын чидӕр афтӕ загъта, зӕгъгӕ, удӕгас марды хуызӕн дӕ. Ӕмӕ уӕд схуыссыд реабилитацион центры. Фӕци дзы афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг, фӕлӕ йын ницы баххуыс.

Родригес: Джимми сфӕнд кодта йӕ цард фӕивын

Ӕппынфӕстаг Джимми фембӕлд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл ӕмӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы. Фӕлӕ та-иу йӕ ахуыр ныууагъта ӕмӕ-иу нозтыл бафтыд. Ӕдӕппӕтӕй йемӕ Библи ахуыр кодта аст ӕфсымӕры. Фӕстагмӕ Джимми бамбӕрста, йӕ цард кӕй хъуамӕ фӕива. Уый загъта: «Афтӕ мӕм каст, цыма Дзуттӕгтӕм 4:12 цы хъамайы кой ис, уый мӕ зӕрдӕйы ахызт. Иубон Библийы бакастӕн Ӕмбисӕндты 24:16. Уым фыст ис: „Рӕстгӕнӕг авд хатты куы ахауа, уӕддӕр сыстдзӕн“. Уыцы ныхӕстӕ мын мӕ цард фӕивтой». Кӕд йемӕ авд ӕфсымӕры ахуыр кодтой, уӕддӕр-иу «ахауд». Фӕлӕ уый сфӕнд кодта йӕ цард фӕивын ӕмӕ ӕстӕм ӕфсымӕры ӕххуысӕй «сыстын». Джимми Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын тыхтӕ радтаид, стӕй ӕмбырдтӕм цыди, ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагъта. 2003 азы донаргъуыд райста ӕмӕ 2012 азы та райдыдта ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Ныр Родригесы сакъадахы цы ӕмбырд ис, уым у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр.

«Йегъовӕ ӕмӕ зӕдтӕ уыдзысты ме ’мбӕлттӕ»

Кенийы 70-аздзыд Мэри цӕрӕнбонты цыди пресвитерайнаг аргъуанмӕ. Уый-иу арӕх ӕххуыс кодта сӕ аргъуанӕн мысайнӕгтӕ ӕмбырд кӕнынӕн, ӕмӕ уый фӕрцы иу аргъуан саразынӕн баххуыс кодта. Йӕ фырттӕй иу Ӕвдисӕн куы сси, уӕд Мэрийӕн тынг хъыг уыди. Йӕ фырт ӕй ӕмбырдмӕ куы фӕхуыдта, уӕд ын не сразы, загъта йын, зӕгъгӕ, мӕн фӕнды Библийы хабар суахилийыл фехъусын нӕ, фӕлӕ мӕхи мадӕлон ӕвзаг кикуйюйыл. Ӕппынфӕстаг, Мэри сразы кикуйю ӕвзагыл облӕстон конгресмӕ ацӕуын. Конгрессы сбадт, ацӕргӕтӕ кӕм бадтысты, уыцы ран. Йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, хорз цӕстӕй йӕм кӕй ракастысты ӕмӕ йемӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыдысты. Мэри загъта, зӕгъгӕ, мӕ аргъуаны ахӕм уарзондзинад никуы федтон. Алы раныхасмӕ дӕр лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ, цы фехъуыста, уымӕй тынг райгондӕй баззад. Куы йын загътой, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕной брошюрӕйӕ «Хуыцаумӕ хъус», уӕд уайтагъд сразы.

Цалдӕр мӕйы фӕстӕ Мэрийы бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа, ӕмӕ йӕ аргъуан ныууагъта. Аргъуаны разамонджытӕ тынг смӕсты сты. Уыдон сӕйраг горӕт Найробийӕ пастормӕ фӕдзырдтой, цӕмӕй йемӕ аныхас кодтаид. Пастор Мэрийӕн дзырдта, цӕмӕй аргъуанӕй ма ацӕуа, фӕлӕ йӕ фӕнд нӕ аивта. «Аргъуанӕй куы ацӕуай, уӕд ма дын ӕмбӕлттӕ кӕм уыдзӕн? – бафарста йӕ пастор.– Де ’мбӕлттӕй ӕмӕ дӕ сыхӕгтӕй бирӕтӕ аргъуанмӕ куы цӕуынц?»

Мэри йын загъта: «Йегъовӕ ӕмӕ зӕдтӕ уыдзысты ме ’мбӕлттӕ. Стӕй ма Ӕвдисӕнтӕ дӕр уыдзысты ме ’мбӕлттӕ».

Пасторӕн йӕ цыд дзӕгъӕлы фӕци. Мэри дарддӕр дӕр Библи ахуыр кӕны ӕмӕ иу ӕмбырд дӕр нӕ цух кӕны, кӕд ӕй дард цӕуын хъӕуы, уӕддӕр. Ӕрӕджы транспорт нӕ уыд, ӕмӕ ӕмбырдмӕ къӕвдайы къахӕй фӕцыд дыууӕ сахаты бӕрц. Кӕд Мэрийы йӕ сыхӕгтӕ хъыгдарынц, уӕддӕр йӕ нысанмӕ тырны – фӕнды йӕ донаргъуыд райсын.

Либери: Ӕрымысӕн изӕрмӕ бынат цӕттӕ кӕнынц. 2013 азы 6 148 хъусынгӕнӕджы тынг цин кодтой, 81 762 адӕймаджы кӕй ӕрбацыд, ууыл

Пастор ӕй батъӕпп кодта!

14-аздзыд чызг Аштон цӕры Камеруны. Цӕры йӕ фыдыфсымӕрмӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд йӕ фыдыфсымӕр ӕмӕ йӕ ус йӕ ныхмӕ карзӕй цӕуын райдыдтой. Уыдон ӕй семӕ тыххӕй кодтой пятидесятникты аргъуанмӕ. Иу службӕйы рӕстӕг сӕ пастор, сылгоймаг, йӕ къухтӕ ӕрбацӕуджыты сӕртыл ӕвӕрдта, ома, дам, сӕ сыгъдӕг удӕй хайджын кӕны, ӕмӕ-иу сӕ уӕрджытыл ӕрхаудтой. Фӕлӕ Аштон йӕ уӕрджытыл не ’рхауд. Пастор куывта ӕмӕ куывта, фӕлӕ Аштон лӕугӕйӕ баззад. Ӕмӕ йӕ пастор дӕр батъӕпп кодта, цӕмӕй йӕ уӕрджытыл ӕрхаудаид! Хӕдзармӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Аштон йӕ фыдыфсымӕр ӕмӕ йӕ усӕн загъта, пастор ӕй кӕй батъӕпп кодта, фӕлӕ йыл нӕ баууӕндыдысты. Чызг йӕхицӕн загъта, аргъуанмӕ кӕй никуыуал ацӕудзӕн. Аштонӕн кӕд йӕ бинонтӕ ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕ йӕ ныхмӕ цӕуынц ӕмӕ йӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр Паддзахады залмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуы.

Хуынды гӕххӕтт гыццыл сывӕллоны къухӕй

Анилпа цӕры Анголӕйы. Кӕд ыл афӕдз ӕмӕ фондз мӕйы йеддӕмӕ нӕ цыди, уӕддӕр фарон облӕстон конгресмӕ адӕмы зӕрдиагӕй хуыдта. Анилпайы «хӕс» уыди дуар бахойын ӕмӕ хуынды гӕххӕтт раттын. Йӕ мад-иу цыбыртӕй бамбарын кодта, цӕмӕн ӕрбацыдысты, уый, чызг та-иу ӕнхъӕлмӕ касти. Анилпамӕ цинау касти дуӕрттӕ хойын, ӕмӕ-иу хатт афтӕ дӕр рауад, ӕмӕ-иу йӕ мад дзырд нӕма фӕци, афтӕ та-иу иннӕ дуар бахоста. Адӕмӕн гыццыл чызг сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Зӕгъӕм, конгрессы фӕстаг бон иу сылгоймаг Анилпайы куы федта, уӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕу куы агурын. Цы хорз у, кӕй дӕ ссардтон. Ацы конгресмӕ мӕ ды фӕхуыдтай».

Бафӕлладысты сӕ

2012 азы августы Мадагаскары горӕт Антавиранамбойы иу ӕмбырды хъусынгӕнджытӕ фембӕлдысты адӕмы къордыл. Уыдон сын загътой, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суой. Адӕм сӕ аргъуаны разамонджытӕй бафӕлладысты, уымӕн ӕмӕ дзургӕ иу кодтой, аразгӕ та – ӕндӕр цыдӕр. Загътой ма, сӕ аргъуанты сын Библи кӕй нӕ амонынц ӕмӕ сын сӕ дины ахуырӕдтӕ чи ӕмбарын кӕна, ахӕм публикацитӕ дӕр сӕм кӕй нӕй, стыр мысайнӕгтӕ дӕттын сӕ кӕй хъӕуы, ӕфсымӕрдзинад сӕм кӕй нӕй ӕмӕ бӕрӕг у, сӕ кӕрӕдзи ӕцӕг чырыстон уарзтӕй кӕй нӕ уарзынц. Стӕй ма загътой, кӕй зонынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм ахӕм цыдӕртӕ кӕй нӕй.

Фӕстӕдӕр уыцы къорд филиалмӕ ныффыста писмо. Фыст дзы уыд: «Фыссӕм уӕм, цӕмӕй зонат, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ кӕй фӕнды. Фӕлӕ мах дард цӕрӕм. Иуӕй-иуты нӕ ӕмбырдтӕм цӕуын хъӕуы 9–15 сахаты къахӕй. Курӕг уӕ стӕм, уӕ хорзӕхӕй, искӕй ма нӕм рарвитут, цӕмӕй немӕ Библи ахуыр кӕна. Тынг нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын, фӕлӕ нӕ хъӕуы ӕххуыс, цӕмӕй йӕ тынгдӕр бауарзӕм. Мах стӕм 215 адӕймаджы, ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъӕуӕй. Алыхуызон динтыл хӕст стӕм, фӕлӕ не ’ппӕты дӕр тынг фӕнды Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ коммӕ кӕсын. Ныфс нӕ ис, кӕй нын баххуыс кӕндзыстут».

Цӕмӕй ӕфсымӕртӕ уыцы къордимӕ фембӕлдаиккой, уый тыххӕй сӕ фыццаг хъӕумӕ къахӕй цӕуын хъуыд 9 сахаты. Ӕфсымӕртӕ фембӕлд ауагътой ӕмӕ дзы уыд, Библи базонын кӕй фӕндыд, 65 ахӕм адӕймаджы. Уыцы хабар уайтагъд апарахат, ӕмӕ иннӕ хъӕуты цӕрджыты дӕр бафӕндыд, цӕмӕй сӕм исчи ӕрцӕуа ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайа. Ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр дыккаг хъӕумӕ ацыдысты, цӕуын сӕ хъуыд 4 сахаты ӕмӕ уым дӕр ауагътой фембӕлд, ӕрбацыд сӕм 80 адӕймагӕй фылдӕр. Уым фембӕлдысты, ӕндӕр хъӕуӕй чи уыд, ахӕм адӕмыл ӕмӕ сын уыдон дӕр балӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм ӕрцӕуой. Уырдӕм та хъуыди 2 сахаты къахӕй цӕуын. Ӕфсымӕртӕ ӕнӕзивӕгӕй араст сты ӕмӕ дзы фембӕлд ауагътой. Уыдис дзы 50 адӕймагӕй фылдӕр.

Уыцы хъӕуы цӕрджытӕй 30 адӕймагӕй фылдӕр горӕт Маханурумӕ дыууӕ хатты ацыдысты конгресмӕ. Фӕндагыл сӕ иуырдӕм хъуыди иу бон ӕмӕ ӕрдӕг цӕуын. Уыцы адӕмӕй 25 адӕймаджы – ӕнӕхъӕн бинонтӕ, къайтӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ – ацыдысты, районон цӕстдарӕг цы ӕмбырд бӕрӕг кодта, уырдӕм. Се ’ппӕт дӕр ӕрлӕууыдысты иу хӕдзары, ӕмӕ ӕмбисӕхсӕвмӕ ныхӕстӕ кодтой, цы базыдтой, уыдӕттыл ӕмӕ фарстатӕ лӕвӕрдтой. Уыцы адӕм загътой, нырма тынг бирӕты кӕй фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суой, уымӕн ӕмӕ бафӕлладысты сӕ дины разамонджытӕй.