Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2014 азы стих

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад» (Матфейы 6:10).

2014 азы стих

Иу-сӕдӕ азы размӕ Йегъовӕ Йесо Чырыстийы уӕлӕрвты Паддзахӕй сӕвӕрдта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ адӕмӕн зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц, Чырыстийы Паддзахад цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн! Йесо зӕххыл бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд та йыл ногӕй дзӕнӕт уыдзӕн ӕмӕ байдзаг уыдзӕн, кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй чи уарзы, ахӕм адӕмӕй. Нал уыдзӕн нӕдӕр фыдракӕндтӕ, нӕдӕр хӕстытӕ, нӕдӕр низтӕ, нӕдӕр хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ нӕдӕр мӕлӕт.

Тагъд рӕстӕджы уыцы арфӕдзинӕдтӕ нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм. Хуыцауы Паддзахад ӕцӕг хицауад у ӕмӕ тагъд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, Йегъовӕ цыдӕриддӕр сфӕнд кодта, уый. Кув, цӕмӕй Паддзахад ӕрцӕуа, иннӕтӕн йӕ кой кӕн ӕмӕ аргъ кӕн, ныфс дын цӕмӕй ӕвӕры, ӕппӕт уыдӕттӕн.