2015 азы стих
«Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ» (Псалом 106:1).
Йегъовӕ Сырх денджызы раз израилӕгты фараоны ӕмӕ йе ’фсӕддонты къухӕй куы фервӕзын кодта, уӕд ын арфӕ кодтой. Махӕн дӕр нӕ бон бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй у Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хатт зын уавӕрты нӕ ныфс асӕтты. Фӕлӕ ахӕм рӕстӕг бафидар вӕййӕм, цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уыдоныл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд.
Пс. 46:1). Уыцы арфӕдзинӕдтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд цыфӕнды фыдӕвзарӕнты дӕр фидар фӕлӕудзыстӕм. Цӕй уӕдӕ ацы азы дӕргъы хъуыды кӕнӕм, цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уыдоныл ӕмӕ арфӕ кӕнӕм «Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт» (Пс. 106:1).
Ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинӕдтӕй иу у, фидар ныфс нӕ кӕй ис, рыст ӕмӕ нын маст цыдӕриддӕр хӕссы, уымӕй кӕй фервӕздзыстӕм. Цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма ’взарӕм, уӕддӕр ӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй никуы ныууадздзӕн. Нӕ уарзӕгой Фыййау нын алцыдӕр дӕтты, цӕмӕй йын нӕ бон уа иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Йегъовӕ у «не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару, зын сахат нӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны» (