Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Карз ӕфхӕрд ӕййафынц

Карз ӕфхӕрд ӕййафынц

«Сӕ кой, сӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн»

Борбонио Айбар донаргъуыд райста 1955 азы 19 январы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар куы нӕ уыд, уыцы рӕстӕг. Донаргъуыд куы райста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Монте-Адентройы ӕмӕ Сантьягойы бирӕтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. 1956 азы та хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар куы радта, уӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, стӕй йӕ бинойнаг дӕр донаргъуыд райстой.

1957 азы июлы ӕмбисы горӕт Сальседойы хицауады кусджытӕн уыд фембӕлд, ӕмӕ дзы дзырдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ. Ӕфсымӕр Айбар загъта: «Франсиско Пратс-Рамирес уыд сӕйраг ныхасгӕнӕг. Уый загъта, афтӕ кӕй бакӕндзысты, ӕмӕ цалдӕр бонмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ кой, сӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн». Цалдӕр боны фӕстӕ, 19 июлы, пъӕлицӕйы кусджытӕ горӕттӕ Бланко-Аррибӕ, Эль-Хобо, Лос-Какаос ӕмӕ Монте-Адентройы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр хӕдзӕрттӕм бабырстой.

Ӕфсымӕр Айбар дарддӕр радзырдта: «Мӕн дӕр ӕрцахстой, ӕмӕ нӕ акодтой Сальседойы ӕфсады сӕйраг хайадмӕ. Куыддӕр ӕрхӕццӕ стӕм, афтӕ мӕ полковник Саладин нӕмын райдыдта. Куы нӕм ӕртхъирӕнтӕ кодта, уӕд йӕ цӕстытӕ фырмӕстӕй туджы разылдысты. Уый фӕстӕ нӕлгоймӕгты сылгоймӕгтӕй ахицӕн кодтой ӕмӕ сӕ дыууӕ рӕнхъы слӕууын кодтой. Ахӕстонгӕстӕ нӕлгоймӕгтыл къахӕй ӕмӕ къухӕй балӕууыдысты, сылгоймӕгты та хъилтӕй цавтой ӕмӕ дзырдтой: „Мах католиктӕ стӕм, ӕмӕ нын бар ис, цӕмӕй уӕ марӕм“».

«Ӕз Библи фӕкӕсын, ӕмӕ йӕ зонын, Йегъовӕ кӕй у Хуыцау»

Ӕфсымӕр Айбары фӕивар кодтой ӕмӕ йӕ ӕртӕ мӕймӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Уый дарддӕр радзырдта: «Ахӕстоны куы уыдыстӕм, уӕд нӕм генерал Сантос Мелидо Марте ӕрбацыд ӕмӕ нын загъта: „Ӕз Библи фӕкӕсын, ӕмӕ йӕ зонын, Йегъовӕ кӕй у Хуыцау. Сымах ахӕмӕй ницы сарӕзтат, цӕмӕй уӕ ахӕстоны сбадын кодтаиккой, фӕлӕ уын мӕ бон ницӕмӕй у баххуыс кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ католикон сауджынты ардыдӕй ӕрцахстой. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыцы сауджынтӕн кӕнӕ хефейӕн [„хицауӕн“, Трухильойӕн] у сӕ бон, цӕмӕй уӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ссӕрибар кӕной“».

«Уӕдӕ ды дӕ сӕ хицау?»

Кӕй ӕрцахстой, уыдоны ’хсӕн ма уыдысты, Фидели Хименес Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдон – йӕ чызг ӕмӕ йӕ кӕстӕр хойы чызджытӕ. Кӕд Фиделийы иннӕтимӕ не ’рцахстой, уӕддӕр йӕхи къахӕй хицӕуттӕм бацыд, цӕмӕй йӕ сбадын кодтаиккой, ӕмӕ, уый размӕ кӕй сбадын кодтой, уыдоны бафидар кодтаид. Уыцы рӕстӕг ахӕстонмӕ ӕрцыд ӕфсады хицау Лудовино Фернандес. Уый уыд знӕт ӕмӕ ӕгъатыр адӕймаг, ӕмӕ йе ’взӕры кой дӕрдтыл айхъуыст. Лудовино йӕхимӕ Фиделийы ӕрбакӕнын кодта, ӕмӕ йӕ бафарста:

– Уӕдӕ ды дӕ сӕ хицау?

– Нӕ дӕн,– дзуапп ын радта Фидели.– Хицӕуттӕ сымах стут.

– Уӕдӕ сӕ сауджын дӕ?

– Нӕ дӕн,– загъта та йын Фидели.– Чырысти у сауджын.

– Мыййаг, ацы адӕм иууылдӕр ахӕстоны дӕу тыххӕй нӕ бадынц? – бафарста йӕ Фернандес.– Уыцы зондыл сӕ ды нӕ сарӕзтай?

– Нӕ,– загъта Фидели.– Ацы адӕм ам Библийы тыххӕй бадынц. Уыдон, Библийӕ цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ цӕрынц.

Уыцы рӕстӕг къӕлидоры рацӕйкодтой дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны. Уыдон уыдысты Фиделийы фыдыфсымӕры фырт Негро Хименес ӕмӕ Педро Херман. Иугӕйттӕй кӕм бадтысты, уыцы камерӕтӕй сӕ раивтой ӕнӕуи камерӕмӕ. Саунад сӕ фӕкодтой, ӕмӕ Негройӕн йӕ хӕдоныл йӕ туг бахус, Педройӕн та йӕ цӕст ныррӕсыд. Фидели сӕ афтӕмӕй куы ауыдта, уӕд хицауӕн загъта: «Уӕдӕ, Хуыцауӕй чи тӕрсы ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт чи у, уыцы адӕмӕн афтӕтӕ фӕкӕнут?» Фернандес куы бамбӕрста, Фиделийы кӕй нӕ фӕтӕрсын кӕндзӕн, уӕд ӕй фӕстӕмӕ камерӕмӕ акӕнын кодта.

Ахӕм фыдӕвзарӕнты Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ хъӕбатыр уыдаиккой. Ӕмӕ бӕгуыдӕр уыдысты! Ууыл суанг хицауады кусджытӕ дӕр басастысты. Зӕгъӕм, 1957 азы 31 июлы президенты ӕдасдзинады инспектор Луис Арсено Колон фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрмӕ писмо ныффыста: «Националон конгресс закъон бӕргӕ сфидар кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сектӕйӕн хъусын кӕныны бар мауал уа, фӕлӕ уӕддӕр нӕ сӕттынц».