ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
«Ӕз дӕн ӕмӕ уыдзынӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн»
Ана-Марийӕ (Мэри) Гласс
-
РАЙГУЫРД: 1935 азы.
-
ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1956 азы.
-
ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ. Ӕрыгонӕй цыди католикон аргъуанмӕ ӕмӕ йӕ диныл тынг ӕнувыд уыд. Фӕлӕ фӕстӕдӕр рӕстдзинад базыдта. Йӕ бинонтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ хицауад йӕ ныхмӕ цыдысты, фӕлӕ уӕддӕр уыди фидар ӕмӕ хъӕбатыр.
ХУЫЦАУЫЛ тынг ӕууӕндыдтӕн ӕмӕ католикон аргъуаны хъуыддӕгты архайгӕйӕ мӕ удӕй арт цагътон. Ӕз-иу аргъуаны хоры зарыдтӕн ӕмӕ-иу, сауджынтӕ хъӕуы алы рӕттӕм мессӕ уадзынмӕ куы цыдысты, уӕд-иу ӕз дӕр семӕ ацыдтӕн. 1955 азы мӕ хойӕ базыдтон, тагъд рӕстӕджы зӕххыл Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ мын радта Библи, брошюрӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар» ӕмӕ чиныг «Хуыцау никуы фӕсайдзӕн». Цы бакастӕн, уый мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ сауджыны бафарстон, зӕгъын мын Библи кӕсын ӕмбӕлы ӕви нӕ. Уый мын афтӕ бакодта, куы йӕ кӕсай, уӕд дӕ сӕры зонд фӕцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр мӕхицӕн загътон, цыфӕндыйӕ дӕр ӕй кӕй кӕсдзынӕн.
Мӕ фыды ныййарджытӕ цардысты Бокӕ-Чикӕйы, ӕмӕ ӕз дӕр семӕ ӕрцардтӕн. Ӕмӕ мӕ иухатт сауджын бафарста, аргъуанмӕ, дам, цӕуылнӕ цӕуыс. Ӕз ын загътон, аргъуаны ахуырӕдтӕй бирӕты тыххӕй Библийы кӕй ницы ис
фыст, уый кӕй базыдтон. Сауджынӕн йӕ маст рафыхт, ӕмӕ мыл уыциу хъӕр фӕкодта: «Райхъус-ма, мӕнӕ чызг! Афтӕ мӕм кӕсы, цыма мӕ дзугӕй адзӕгъӕл дӕ!»«Ӕз нӕ адзӕгъӕл дӕн,– загътон ын ӕз,– уый ды адзӕгъӕл дӕ Йегъовӕйы дзугӕй, уымӕн ӕмӕ дзуджы хицау Йегъовӕ у, адӕймаг нӕ, фӕлӕ».
Уӕдӕй фӕстӕмӕ аргъуанмӕ мӕ къах никуыуал авӕрдтон. Фӕстӕдӕр мӕ хомӕ цӕрынмӕ ацыдтӕн, ӕмӕ, хорз хабар фыццаг хатт куы фехъуыстон, уымӕй ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ донаргъуыд райстон. Ӕмӕ уӕд райдыдтон ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Иу афӕдзы фӕстӕ смой кодтон Энрике Глассмӕ, уыцы рӕстӕг лӕггад кодта районон цӕстдарӕгӕй. Иухатт хъусын кодтам парчы, Ла-Романӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ Энрикейы ӕрцахстой. Куы йӕ фӕцӕйкодтой, уӕд сӕ фӕдыл алыгътӕн ӕмӕ сын загътон: «Ӕз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы дӕн ӕмӕ ӕз дӕр куы хъусын кодтон, уӕд мӕн цӕуылнӕ кӕнут?» Фӕлӕ мӕ уӕддӕр нӕ акодтой.
Энрике уый размӕ дӕр цалдӕр хатты уыд ахӕстоны, ӕдӕппӕтӕй фӕбадт авд азы ӕмӕ ӕрдӕг. Ацы хатт ын радтой иу аз ӕмӕ аст мӕйы. Ӕз-иу ӕм алы хуыцаубоны дӕр цыдтӕн. Ӕмӕ мӕ иу ахӕмы ахӕстоны хицау бафарста:
– Ам цы кусыс?
– Мӕ сӕрыхицауы мын сбадын кодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уый тыххӕй,– загътон ын ӕз.
– Ды нырма ӕрыгон дӕ ӕмӕ дӕм разӕй хорз цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Дӕ рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл цӕмӕн хардз кӕныс?
– Ӕз дӕр мӕхӕдӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕн, ӕмӕ мӕ авд хатты дӕр куы амарат ӕмӕ мӕ авд хатты куы райгас кӕнат, уӕд дӕр уыдзынӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.
Кӕй нӕ басӕтдзынӕн, уый куы бамбӕрста, уӕд мӕ рарвыста.
Хъусын кӕныны бар нын куы радтой, уӕд уый фӕстӕ Энрике цалдӕр азы фӕлӕггад кодта районон, стӕй та облӕстон цӕстдарӕгӕй. 2008 азы 8 мартъийы Энрике амард. Ӕз ныр дӕр лӕггад кӕнын ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй.