ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
Уыдон се ’фсымӕрты уарзынц
Ног скъолайы фӕрцы хъуыддаг размӕ цӕуы
Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фыдӕбонӕн арфӕ кодта, ӕмӕ 1994 азы Доминиканы Республикӕйы уыд 259 ӕмбырды ӕмӕ 16 354 хъусынгӕнӕджы. Сӕ нымӕцыл афтӕ бирӕ кӕй бафтыд, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдты ноджы
тынгдӕр хъуыди фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты ӕххуыс. Уыцы аз Разамонӕг советы уынаффӕмӕ гӕсгӕ Доминиканы Республикӕйы ауагътой Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола (абон йӕ бӕсты ис Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола).2011 азы октябрмӕ уыцы скъола каст фӕци иу-600 ӕфсымӕры, ӕдӕппӕтӕй дзы ахуыр кодта 25 къласы. Се ’мбисӕй фылдӕр ныр лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг, 71 ӕфсымӕры дзы лӕггад кӕны сӕрмагонд пионертӕй, 5 та – районон цӕстдарджытӕй. Фыццаг 10 къласы ахуыр кодтой филиалы, 11-ӕм къласӕй фӕстӕмӕ та скъола фӕуадзынц, Вилья-Гонсалесы цы агъуыст ӕрцыд арӕзт, уым.
«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийыл тыхсынц»
1998 азы 22 сентябры Доминиканы Республикӕйыл рацыд тыхдымгӕ «Джордж». Иу сахатмӕ дымдта 190 километры, ӕмӕ бӕстӕйӕн стыр зиан ӕрхаста.
Мингай адӕм ӕнӕ хӕдзӕрттӕй баззадысты, 300 адӕймагӕй фылдӕр та дзы мӕлгӕ акодта. Ӕххуысы комитет горӕт Ла-Романӕйы Паддзахады залы кӕрты сарӕзта ӕххуысы центр. Уыцы хъуыддаджы сын ӕххуыс кодта регионалон арӕзтадон комитет. Цалцӕг кӕныны куыстыты архайдта иу-300 хо ӕмӕ ӕфсымӕры, чидӕртӕ дзы уыдысты 16 ӕндӕр бӕстӕйӕ.Ӕдӕппӕтӕй сцалцӕг кодтой кӕнӕ ногӕй сарӕзтой 23 Паддзахады залы ӕмӕ не ’фсымӕрты хӕдзӕрттӕй 800 хӕдзарӕй фылдӕр. Зӕгъӕм, ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ацӕргӕ хойӕн, Карменӕн, тыхдымгӕ йӕ хӕдзар ныппырх кодта. Уыцы хӕдзары фӕцард 38 азы, ӕмӕ тынг маст кодта. Фӕлӕ йӕм 15 ӕфсымӕры ног хӕдзарӕн бындур ӕвӕрынмӕ куы ’рбацыд, уӕд йӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Кармен загъта: «Йегъовӕйӕ рох никуы вӕййӕм. Уый ныл алкӕддӕр фӕтыхсы. Мӕнӕ-ма бакӕсут, ӕфсымӕртӕ мын цы рӕсугъд хӕдзар сарӕзтой, уымӕ. Мӕ сыхӕгтӕ афтӕ загътой: „Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийыл тыхсынц. Уыдон кӕрӕдзи ӕцӕгдӕр уарзынц“». Ахӕм ныхӕстӕ арӕх фехъусӕн уыд, барвӕндон кусджытӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн кӕмфӕнды ма ӕххуыс кодтаиккой, уым.
Тыхдымгӕ «Джордж» адӕмӕн стыр зиан ӕрхаста. Фӕлӕ уыцы зын рӕстӕг Йегъовӕйы адӕм, се ’фсымӕртӕй уыцы бӕллӕхы чи бахауд, уыдонӕн уыдысты удӕнцойы хос – сӕ уырнындзинадыл сын тыхстысты, стӕй сӕ цух ницӕмӕй уагътой. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый уыд, ӕмӕ барвӕндон кусджытӕ афтӕ удуӕлдайӕ кӕй архайдтой, уымӕй скадджын кодтой, ӕцӕг удӕнцой чи дӕтты, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы.
Ног Паддзахады залтӕ арӕзт цӕуынц
Доминиканы Республикӕйы ног ахуыргӕнинӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ хъуыди ноджы фылдӕр Паддзахады залтӕ. Ӕмӕ 2000 азы ноябры
ӕфсымӕртӕ Паддзахады залтӕ аразын райдыдтой, мӕгуыр бӕстӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн нӕ организацийы цы фонд ис, уый ӕххуысӕй. Дыууӕ мӕймӕ ӕмбырдтӕ сарӕзтой райдзаст Паддзахады зал. 2011 азы сентябрмӕ дыууӕ арӕзтадон къорды сарӕзтой кӕнӕ та сцалцӕг кодтой иу-145 Паддзахады залы.Паддзахады залтӕм кӕсгӕйӕ ӕмӕ, барвӕндон кусджытӕ иумӕ куыд фыдӕбон кӕнынц, уый уынгӕйӕ иннӕтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Уый бӕрӕг у иу хабарӕй. Бӕстӕйы цӕгат-ныгуылӕн фарс иу гыццыл горӕты ӕфсымӕртӕ федтой, ног Паддзахады зал саразынӕн чи сбӕззыдаид, ахӕм зӕхх. Ӕмӕ сӕрмагонд пионер зӕххы хицаумӕ бацыд, цӕмӕй сын ӕй ауӕй кодтаид. Фӕлӕ нӕлгоймаг загъта: «Дӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы ма саф. Нӕ уын ӕй ауӕй кӕндзынӕн, уӕлдайдӕр дзы кӕд уӕхицӕн аргъуан аразынмӕ хъавут, уӕд».
Цасдӕры фӕстӕ уыцы нӕлгоймаг ацыд Пуэрто-Платӕмӕ йӕ ацӕргӕ рынчын ӕфсымӕры бабӕрӕг кӕнынмӕ. Йе ’фсымӕр уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Ӕмӕ уырдӕм куы ныццыд, уӕд базыдта, иу бинонтӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕ сӕхимӕ кӕй акодтой, цӕмӕй йӕм фӕкастаиккой. Базыдта ма, дохтыртӕм дӕр-иу ӕй кӕй акодтой, стӕй ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ дӕр. Нӕлгоймаг йе ’фсымӕры бафарста, кӕй дӕм кастысты, уый тыххӕй сын цас бафыстай, зӕгъгӕ. Ӕфсымӕр ын загъта: «Ницас. Уыдон ме ’фсымӕртӕ сты».
«Ацы адӕм куыд ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайынц ӕмӕ куыд хӕларзӕрдӕ сты, афтӕ ничи»
Зӕххы хицаумӕ тынг диссаг фӕкаст, Ӕвдисӕнтӕ йе ’фсымӕрмӕ ахӕм хӕларзӕрдӕдзинад кӕй равдыстой. Ӕмӕ, уый размӕ цы сӕрмагонд пионеримӕ ныхас кодта, уымӕ бадзырдта ӕмӕ йын загъта, йӕ зӕхх сын кӕй ауӕй кӕндзӕн. Ӕфсымӕртӕ зӕхх балхӕдтой ӕмӕ йыл Паддзахады зал аразын райдыдтой. Уыцы
нӕлгоймагӕн йӕ бинойнаг раздӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм тынг ӕвзӕр цӕстӕй каст. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ куыд фыдӕбон кӕнынц, уый куы федта, уӕд загъта: «Ацы адӕм куыд ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайынц ӕмӕ куыд хӕларзӕрдӕ сты, афтӕ ничи».