ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД
Паддзахады залты арӕзтад размӕ цӕуы
КУЫД цин кӕнӕм, Йегъовӕйы ӕххуысӕй раст дин ӕгас зӕххыл дӕр куыд парахат кӕны, ууыл! (Ис. 60:22). Йӕ лӕггадгӕнджытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ хъӕуы бирӕ Паддзахады залтӕ саразын. Ӕнӕхъӕн дунейы хъӕуы 13 000 Паддзахады залӕй фылдӕр саразын кӕнӕ бӕстон сцалцӕг кӕнын.
Цӕмӕй уыцы куыст ноджы тагъддӕр цӕуа ӕмӕ къаддӕр ӕхца хардз кӕнӕм, уый тыххӕй Разамонӕг советы уынаффӕмӕ гӕсгӕ алыхуызон арӕзтадон хайӕдтӕ сӕ куыст кӕнын райдыдтой ӕндӕрхуызон. Ӕрӕджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады (Бруклин, Нью-Йорк) цы проектты ӕмӕ арӕзтады ӕппӕтдунеон хайад фӕзынд, уый сбӕрӕг кӕны, Паддзахады залтӕ тынгдӕр кӕм хъӕуы саразын кӕнӕ сӕ сцалцӕг кӕнын, уый, ӕмӕ Паддзахады залтӕ тагъддӕр арӕзт цӕуой ӕмӕ сыл бирӕ ӕхца ма цӕуа. Стӕй ма ацы хайӕдтӕ уыцы бӕстӕты филиалтӕн амонынц, нӕ организацийы агъуыстытӕм куыд зилын хъӕуы, уый. Алы филиалы проектты ӕмӕ арӕзтады бынӕттон хайад та йӕ хъус дары, Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ арӕзт куыд цӕуынц ӕмӕ сӕм куыд зилынц, уымӕ.
йӕ хъус дары, цӕмӕй ӕнӕхъӕн дунейы уыцы куыстытӕ тагъддӕр цӕуой. Австралазийы, Централон Европӕйы, Хуссар-Африкаг Республикӕйы ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты филиалты цы проектты ӕмӕ арӕзтады регионалон хайӕдтӕ ис, уыдон сӕ хъус дарынц, цӕмӕй, сӕ бӕрны цы бӕстӕтӕ ис, уым2015 азы январы Иугонд Штатты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыд сӕрмагонд фембӕлд. Видеотрансляцийы фӕрцы сын ӕмбарын кодтой, Паддзахады залтӕн проекттӕ куыд кӕнынц, куыд сӕ аразынц ӕмӕ сӕм куыд зилынц, уыцы хъуыддаджы цы фӕивта, уый. Дӕлдӕр фыст ис, уыцы фембӕлды цӕуыл дзырдтой, уый.
-
Куыд сӕ араздзысты. Паддзахады залтӕ араздзысты Разамонӕг советы Рауагъдады комитеты разамындмӕ гӕсгӕ. Куыд ӕмӕ сӕ цы ӕрмӕгӕй араздзысты, уый кӕнгӕ уыдзӕн бынӕттон уавӕртӕй. Афтӕ арӕзт уыдзысты, цӕмӕй сӕм бирӕ зилын ма хъӕуа ӕмӕ бирӕ фӕлӕууой, фӕлӕ уыдзысты рӕсугъд, стӕй сын бирӕ ӕхца нӕ бахъӕудзӕн.
-
Куыд сӕм зилдзысты. Алы ӕмбырды дӕр барвӕндон кусджытӕн бацамондзысты, ахӕм агъуыстытӕм зилын куыд хъӕуы, уый, цӕмӕй фылдӕр фӕлӕууой.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ахӕм бынӕттӕ аразын ӕмӕ сӕм зилын стыр фыдӕбон у. Фӕлӕ Хуыцауы адӕм иумӕ кӕй фыдӕбон кӕнынц, уый фӕрцы куыст тагъддӕр цӕудзӕн ӕмӕ нӕм цы ӕхца ис, уымӕй раст пайда кӕндзыстӕм.