Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ИНДОНЕЗИ

Кӕдӕй-уӕдӕй та стӕм иумӕ!

Радзырдтой йӕ Линдӕ ӕмӕ Салли Он

Кӕдӕй-уӕдӕй та стӕм иумӕ!

Линдӕ: 12 азы мыл куы цыд, уӕд мын мӕ мад радзырдта, кӕстӕр хо ма мын кӕй ис, ӕмӕ йӕ кӕмӕндӕр кӕй радтой. Фӕндыд мӕ базонын, уый дӕр цымӕ мӕнау къуырмайӕ райгуырд. Фӕлӕ бирӕ азты дӕргъы мӕ хойы тыххӕй ӕппындӕр ницы зыдтон.

Салли: Хӕсгӕ сывӕллон кӕй дӕн, уый нӕ зыдтон. Цы сылгоймаг мӕ схаста, уый мыл нӕмынӕй нӕ ауӕрста ӕмӕ йын ӕххуырстӕй уӕлдай нӕ уыдтӕн. Уый аххосӕй-иу арӕх ӕнкъард кодтон ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ ӕнӕхъӕн дунейы ӕппындӕр никӕй хъӕуын. Уый та мын мӕ уавӕр ноджы фыддӕр кодта, цыма, къуырмайӕ кӕй райгуырдтӕн, уый мын фаг нӕ уыди. Фӕлӕ иуафон фембӕлдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Уый мӕ мад куы базыдта, уӕд мӕ ронӕй фӕнадта ӕмӕ дуары гуыдыртӕ аивта, цӕмӕй хӕдзарӕй ӕддӕмӕ мауал цыдаин. 20 азы мыл куы цыди, уӕд хӕдзарӕй алыгътӕн, ӕмӕ мӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхимӕ акодтой. 2012 азы райдианы донаргъуыд райстон.

Линдӕ: 20 азы мыл куы цыди, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Фӕстӕдӕр облӕстон конгресстӕм цӕуын райдыдтон Джакартӕмӕ. Уым-иу программӕ тӕлмац кодтой къухӕйамонгӕ ӕвзагмӕ. Уым базонгӕ дӕн, хъусӕй чи нӕ хъусы, бирӕ ахӕмтимӕ, уыдонӕй иу уыд иу ӕрыгон хо Цӕгат Суматрӕйӕ, Салли, зӕгъгӕ. Цыма цӕмӕйдӕр ӕмхуызон стӕм, афтӕ мӕм фӕкаст, фӕлӕ уыцы хъуыды мӕ сӕрӕй асырдтон.

Салли: Линдӕимӕ систӕм хорз ӕмбӕлттӕ. Афтӕ мӕм фӕкаст, ӕмӕ тынг ӕнгӕс стӕм, фӕлӕ мӕ уый уайтагъд ӕрбайрох.

Линдӕ: 2012 азы августы, донаргъуыд куы райстон, уый размӕ бон мӕ тынг ӕрфӕндыд мӕ хойы ссарын. Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон: «Курын дӕ, баххуыс мын кӕн, цӕмӕй мӕ хойы ссарон ӕмӕ йын дӕу тыххӕй радзурон». Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр мӕ мадмӕ чидӕр СМС ӕрбарвырста – уый цыдӕр зыдта мӕ сӕфт хойы тыххӕй. Уый фӕстӕ хабӕрттӕ афтӕ рауадысты, ӕмӕ Саллиимӕ фембӕлдыстӕм.

Салли: Линдӕ мын куы радзырдта, хотӕ кӕй стӕм, уӕд уайтагъд Джакартӕмӕ атахтӕн. Аэропорты мӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Линдӕ, мӕ фыд, мӕ мад ӕмӕ мӕ иннӕ хистӕр хо. Куы сӕ ауыдтон, уӕд мыл фыртыхстӕй зырзырӕг бахӕцыд. Кӕрӕдзийӕн хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ кодтам. Мӕ мад мӕ йӕ хъӕбысӕй нал уӕгъд кодта. Иууылдӕр куыдтам. Мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд, сӕ цӕссыг нӕ урӕдтой, афтӕмӕй мӕ хатыртӕ куырдтой, кӕмӕндӕр мӕ кӕй радтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ ма уый фӕстӕ дӕр бирӕ фӕхъӕбыстӕ кодтам кӕрӕдзийӕн.

Линдӕ: Цӕмӕй кӕрӕдзи ӕмбарын райдыдтаиккам, уый тыххӕй нӕ хъуыди рӕстӕг: алыхуызон уавӕрты кӕй схъомыл стӕм, уымӕ гӕсгӕ удыхъӕдӕй дӕр ӕмӕ нӕ митӕй дӕр кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтам. Фӕлӕ нӕ кӕрӕдзи тынг бирӕ уарзӕм.

Салли: Ныр мӕ хоимӕ цӕрӕм иумӕ ӕмӕ цӕуӕм иу ӕмбырдмӕ Джакартӕйы.

Линдӕ: Ӕз ӕмӕ Салли хицӕнтӕй цардыстӕм 20 азӕй фылдӕр. Ӕмӕ ныр кӕдӕй-уӕдӕй стӕм иумӕ! Уый тыххӕй ӕдзух Йегъовӕйӕн бузныг дзурӕм!