Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ИНДОНЕЗИ

Чырыстон уарзондзинад ӕрдзон бӕллӕхты рӕстӕг

Чырыстон уарзондзинад ӕрдзон бӕллӕхты рӕстӕг

ИНДОНЕЗИӔГТӔ хорз зонынц, зӕххӕнкъуыстытӕ, цунамитӕ ӕмӕ вулкантӕ цы сты, уый. Ахӕм бӕллӕхтӕ сыл арӕх ӕрцӕуы. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм алы хатт дӕр уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзынынц, бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонмӕ, фыццаджыдӕр та сӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм. Зӕгъӕм, 2005 азы тыхджын зӕххӕнкъуыст зӕххӕмвӕз скодта Гунунгситоли, ӕппӕты стырдӕр горӕт сакъадах Ниасы (провинци Цӕгат Суматрӕ). Сыхаг сакъадах Суматрӕйы ӕмбырдтӕ ӕмӕ филиал уырдӕм ӕвӕстиатӕй гуманитарон ӕххуыс арвыстой. Бынӕттон районон цӕстдарӕг ӕмӕ филиалы минӕвар, бӕллӕх кӕм ӕрцыд, уыцы сакъадахмӕ атахтысты, цӕмӕй ӕфсымӕрты бафидар кодтаиккой ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаиккой. Ниасӕй иу хистӕр нӕлгоймаг, Йун-иман Харефа, загъта: «Адӕм тынг тарст уыдысты, сӕ бон ӕппындӕр ницы уыд. Фӕлӕ махӕй афтӕ ничи хъуыды кодта, ӕмӕ никӕй хъӕуӕм, уымӕн ӕмӕ нӕм Хуыцауы организаци уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзынд».