Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Ног фембӕлд «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад»

Ног фембӕлд «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад»

2015 азы 3 октябры Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) ӕрвылазон фембӕлды Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Энтони Моррис фехъусын кодта, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола, Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ ӕмӕ хъусын кӕныны фембӕлды бӕсты кӕй уыдзӕн ног фембӕлд – «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад». Ӕфсымӕр Моррис ма загъта, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» сыфты бӕсты кӕй уыдзӕн 8-фарсон хуызджын тетрад – «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад». Вӕййы дзы алы къуырийӕн дӕр график нӕ фембӕлдтӕн, стӕй нывтӕ, цӕмӕй, адӕймаг Библи йӕхӕдӕг куы кӕса, уӕд ын уый ноджы ӕхсызгондӕр уа ӕмӕ йын фылдӕр пайда хӕсса.

Ног фембӕлд конд у ӕртӕ сӕйраг хайӕ:

  1. Хуыцауы Ныхасы хӕзнатӕ. Ацы хайӕн йӕ фыццаг хай у 10-минутон раныхас. Арӕзт вӕййы, алы къуыри дӕр Библийӕ цы сӕртӕ фӕкӕсӕм, уыдоныл. Дыккаг хай хуыйны «Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай», цӕуы 8 минуты, ӕрмӕг равзарӕм фарстатӕ ӕмӕ дзуаппыты фӕрцы, арӕзт вӕййы, алы къуыри дӕр Библийӕ цы сӕртӕ фӕкӕсӕм, уыдоныл. Уый фӕстӕ та 4 минуты дӕргъы ӕфсымӕр фӕкӕсы скъуыддзаг Библийӕ.

  2. Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕн. Арӕхдӕр ацы хайы ӕртӕ хъусынгӕнӕгӕн вӕййы хӕслӕвӕрдтӕ. Уыдон равдисынц, фыццаг ӕмӕ дыккаг бацыдтӕ кӕнӕн, стӕй адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнӕн куыд ис, уый.

  3. Нӕ чырыстон цард. Ацы хайы дзырд фӕцӕуы, Хуыцауы Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй царды куыд пайда кӕнӕм, ууыл. Вӕййы ма дзы Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ, ӕрмӕг февзарӕм фарстатӕ ӕмӕ дзуаппыты фӕрцы.

Хъусынгӕнджытӕ ӕгас дунейӕ дӕр ӕрвитынц арфӕйы ныхӕстӕ ацы ног фембӕлды тыххӕй. Австралийӕ иу ӕфсымӕр ныффыста: «Фембӕлд „Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад“ мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы! Цы ӕрмӕг дзы февзарӕм, уымӕй нын ныр царды пайда кӕнын ӕнцондӕр у, стӕй равдыстытӕ дӕр ныр хуымӕтӕгдӕр сты. Рӕстӕг кӕуылты агӕпп кӕны, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнын, уымӕн ӕмӕ, цы хӕйттӕй конд у, уыдон сты цыбырдӕр, ӕмӕ адӕймаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр программӕйы аныгъуылы, уӕлдайдӕр та дзы видеороликтӕ куы вӕййы кӕнӕ дзы сывӕллӕттӕ куы фӕархайынц, уӕд».

Италийӕ хистӕр нӕлгоймӕгты совет ныффыста: «Куыд бафиппайдтам, афтӕмӕй ацы ног фембӕлд не ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕхи хуыздӕр цӕттӕ кӕнӕм, ӕмӕ уый руаджы иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсын райдыдтам. Ацы фембӕлды фӕрцы Йегъовӕ йӕ адӕмы ноджы хуыздӕр ахуыр кӕны. Не ’мбырдӕй иу 15-аздзыд хо загъта: „Раздӕр-иу ӕмбырды рӕстӕг мӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕл сты. Ныр та программӕмӕ лӕмбынӕг фӕхъусын, стӕй мӕхи дӕр хуыздӕр бацӕттӕ кӕнын“».

Австрийӕ иу бинонтӕ ныффыстой: «Нӕ 10-аздзыд чызгимӕ нын зын уыди, ӕмбырды алы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ фӕкӕсӕм, уыдон цӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ нын хай „Хуыцауы Ныхасы хӕзнатӕ“ тынг баххуыс кодта. Ныр нын ӕмбырды дзуапп раттын ӕнцондӕр вӕййы ӕмӕ не ’ртӕйы зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы ацы хаймӕ нӕхи цӕттӕ кӕнын. Ӕппӕты ӕхсызгондӕр та нын у, нӕ чызгӕн йӕ уырнындзинад кӕй фидардӕр кӕны, уый».

Германийӕ нӕ хо Инес ныффыста: «Ныр мӕ фӕфӕнды мӕхи фембӕлдмӕ бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ ӕрмӕгыл арф хъуыды кӕнын. Афтӕ лӕмбынӕг Библи никуы иртӕстон. Йегъовӕмӕ феввахсдӕр дӕн. Хӕйрӕджы дуне мын мӕ хъарутӕ байсы. Фембӕлдтӕ та мӕ ног тыхтӕ бауадзынц ӕмӕ мын дарддӕр размӕ цӕуынӕн ӕххуыс кӕнынц».

Соломоны сакъадӕхтыл цы ӕмбырдтӕ ис, уыдоны зӕрдӕмӕ дӕр тынг цӕуы ацы ног фембӕлд, ӕмӕ бирӕ тыхтӕ ӕвӕрынц, цӕмӕй сын фылдӕр пайда хӕсса. Ӕмбырдтӕй бирӕтӕ сты, рухс кӕнӕ интернет кӕм нӕй ӕмӕ адӕм ӕрмӕстдӕр зӕххы куысты фӕрцы кӕм цӕрынц, ахӕм рӕтты. Уӕдӕ цымӕ видеороликтӕм куыд фӕкӕсынц ӕмӕ сын алы мӕй дӕр фембӕлдтӕн видеороликтӕ кӕм вӕййы? Сакъадах Малаитӕйы иу ӕмбырды хъусынгӕнджытӕ баныхас кодтой, иумӕ хус кокостӕ кӕй уӕй кӕндзысты. Цы ӕхца бакуыстой, уый ӕмбырдӕн радтой, ӕмӕ балхӕдтой, хуры рухсӕй чи зарядкӕ кӕны, ахӕм хуымӕтӕг видеопроигрыватель. Алы мӕй дӕр видеороликтӕ рафыссыны тыххӕй ӕфсымӕртӕ ацӕуынц, интернет кӕм ис, ахӕм бынатмӕ. Ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ ӕмбырды иннӕтӕ дӕр сӕхицӕн рафыссынц.

Америкӕйы Иугонд Штаттӕй та иу ӕфсымӕр ныффыста: «Цӕстӕй цы фенын, уый хуыздӕр бамбарын ӕмӕ бахъуыды кӕнын. 40 азӕй фылдӕр удхарӕй мардтӕн. Исты куы фӕкӕсын, уӕд ӕй хъуамӕ цалдӕр хатты бакӕсон, цӕмӕй йӕ мӕхӕдӕг дӕр бамбарон ӕмӕ йӕ мӕ бон искӕмӕн бамбарын кӕнын дӕр уа. Гъемӕ Разамонӕг советӕн стыр бузныг зӕгъын, цы цӕстуынгӕ ахуыргӕнӕн ӕрмӕг нын цӕттӕ кӕны, уый тыххӕй. Библийы чингуытӕм цы видеороликтӕ вӕййы, уыдон диссаг сты, кусӕн тетрады цы нывтӕ вӕййы, уыдон та сты, раст мӕн цы хъӕуы, уый! Уыдӕттӕ аразут Йегъовӕйы адӕмы тыххӕй, ӕмӕ бӕрӕг у, уӕ фыдӕбонӕн уын кӕй арфӕ кӕны. Стыр бузныг уын!»

Малави