ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД
Ног хабӕрттӕ. Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр
Хъусын кӕнынц ӕрлидзӕг адӕмӕн
Германимӕ алы бӕстӕтӕй бирӕ адӕм кӕй ӕрлыгъд, уымӕ гӕсгӕ дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн фӕзынд ӕндӕр ӕвзӕгтыл хъусын кӕныны фадат. Фӕстаг фараст мӕймӕ дзы фӕзынд 229 ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг къорды ӕмӕ къордгонды. Иу-800 хъусынгӕнӕджы цӕуынц, фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтӕ кӕм ахуыр кӕнынц, ахӕм курсытӕм. Уыцы курсытӕ сты иу-30, цы ӕвзӕгтӕ дзы ахуыр кӕнынц, уыдон та – 13.
Не ’фсымӕртӕ фӕхъусын кӕнынц лыгъд адӕмы лагерты. Стендтимӕ фӕлӕууынц 200 бынатӕй фылдӕры. Уый фӕрцы байуӕрстой 640 000 публикацийы бӕрц.
Разамонӕг советы уынаффӕмӕ гӕсгӕ 2016 азы майӕ июлмӕ Германийы уыди сӕрмагонд зиу. Араббаг ӕвзаг чи зоны, иу-700 ахӕм хъусынгӕнӕджы 7 бӕстӕйӕ ацыдысты 10 бынатмӕ Австрийы ӕмӕ Германийы, уым цы араббӕгтӕ цӕры, уыдонӕн хорз хабар фехъусын кӕнынмӕ.
Лыстӕг ӕхцатӕ фӕндӕгтыл
Белизы 50 хъусынгӕнӕджы ӕмбырдӕй, «Фаберз Роуд, креолаг», зӕгъгӕ, сӕ территорийы хъусын кӕнынмӕ фӕцӕуынц фистӕгӕй. Ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕр мӕгуыр сты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ рӕдаудзинад равдисынӕн фадӕттӕ фӕагурынц. Цалдӕр азы размӕ ӕфсымӕртӕ райдыдтой ӕмбырд кӕнын, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ рыг фӕндӕгтыл цы лыстӕг ӕхцатӕ ссарынц, уыдон. Уӕдӕй фӕстӕмӕ алы азы кӕрон дӕр ӕхцатӕ иумӕ ӕрӕвӕрынц, ныхсынц сӕ ӕмӕ сӕ банымайынц.
Кӕд уыцы ӕхцатӕн сӕ аргъ стыр нӕу (иу центы ӕрдӕг), уӕддӕр сын алы аз дӕр рауайынц 225 доллӕры бӕрц. Ӕфсымӕртӕ уыцы ӕхцатӕн се ’мбис рахицӕн кӕнынц Паддзахады залы хӕрдзтӕ бамбӕрзынӕн, иннӕ ӕмбис та арвитынц ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн.
Программӕмӕ байхъуыста 4 милуан адӕймаджы!
Бурундийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы ӕппӕты стырдӕр хабӕрттӕй иу ӕрцыд 2016 азы 5 мартъийы, сӕйраг хайады минӕвар Энтони Гриффин филиал куы бӕрӕг кодта, уӕд. Ӕмбырдтӕн цы сӕрмагонд программӕ бацӕттӕ кодтой, уый ӕнӕхъӕн бӕстӕйы хъусын кодтой сӕйраг радиостанцӕйӕ. Программӕмӕ байхъуыста 4 милуан адӕймаджы бӕрц!
Радиотрансляцийы фӕрцы бирӕтӕ фехъуыстой хорз хабары тыххӕй ӕмӕ бирӕтӕ загътой, сӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд. Радиойы кусджытӕй трансляци кӕнынӕн чи
ӕххуыс кодта, уыдонӕй иу загъта: «Ахӕм хорз программӕтӕ хъуамӕ фылдӕр аразат!» Радиостанцӕйы ӕндӕр кусӕг та ныффыста: «Дарддӕр дӕр афтӕ кӕнут [ахӕм программӕтӕ уадзут]. Уыдон бирӕты удтӕ фервӕзын кӕндзысты». Бирӕ автобусты ӕмӕ такситы дӕр радиойӕ программӕмӕ хъуыстой.Музыкӕ банцад
2016 азы Ӕрымысӕн изӕры размӕ бон Непалы иу гыццыл хицӕн къорды ӕфсымӕртӕ тынг тыхстысты. Куыд базыдтой, афтӕмӕй, зал цы скъолайы фарсмӕ баххуырстой, уым уыцы бон стыр концерт кӕй уыдзӕн.
Ахӕм концертты музыкӕ тынг хъӕрӕй вӕййы. Ӕрымысӕн изӕр цы бон уыд, уыцы райсом ӕфсымӕртӕ зал куы ӕфснайдтой, уӕд сын, концерт чи арӕзта, уый загъта: «Нӕ музыкӕ йеддӕмӕ ницы фехъусдзыстут».
Концерт райдыдта сихорыл, ӕмӕ музыкӕ ӕцӕгдӕр ахӕм хъӕрӕй уыд, ӕмӕ адӕймаг йӕхи дӕр нӕ хъуыста. Ӕфсымӕртӕ фыццаг цы хъӕрӕйдзурӕн (громкоговоритель) исынмӕ хъавыдысты, уымӕй тыхджындӕр райстой, фӕлӕ микрофон куыд кусы, уый куы фӕлвӕрдтой, уӕд сӕм ӕппындӕр ницы хъуыст. Ӕфсымӕртӕн сӕ ныфс асаст, фӕлӕ уӕддӕр зӕрдиагӕй куывтой. Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма сахаты ’рдӕг куы хъуыд, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ залы ӕмбырд кӕнын куы райдыдтой, уӕд ӕвиппайды музыкӕ банцад. Хабар уый мидӕг уыд, ӕмӕ цалдӕр расыг адӕймаджы схыл сты, ӕмӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ концерт ӕрлӕууын кодтой. Ӕрымысӕн изӕр ацыд сабырӕй, куыддӕриддӕр хъуамӕ уыдаид, афтӕ.
Нӕ сайтӕй нын феппӕлыд
Джузеппе пионерӕй лӕггад кӕны Италийы. Кусгӕ та кӕны хӕдзары интернет-консультантӕй иу фирмӕйы.
Фарон майы сӕ фирмӕйы кусджытӕн уыд ӕмбырд. Иу-70 адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй аныхас кодтаиккой, сӕ компанийы цы ног мадзӕлттӕй ис спайда кӕнӕн, уыдоныл. Компанийы хицау загъта, ахӕм сайттӕ кӕй ис, ӕмӕ, куыд арӕзт сты, уый сӕ компани куы бафӕзмид, уӕд ӕвзӕр нӕ уаид. Стӕй иу сайт экраныл равдыста. Джузеппе тынг бадис кодта, экраныл нӕ сайты сӕйраг фарс куы ауыдта, уӕд. Хицау загъта: «Зӕххыл ацы сайтӕй хуыздӕр нӕй!» Уый фӕстӕ райдыдта, нӕ сайт куыд конд у, ууыл дзурын. Раппӕлыд, алцыдӕр дзы куыд ӕнцон агурӕн у ӕмӕ дзы цы диссаджы нывтӕ ис, уымӕй.Джузеппе загъта: «Ме ’мкусджытӕ тынг бадис кодтой, нӕ сайт цал ӕвзагыл ис, уый куы базыдтой, уӕд. Фембӕлды кӕрон мӕ цӕстдарӕг ме ’мкусджытӕн ӕмӕ хицауӕн загъта: „Джузеппе Йегъовӕйы Ӕвдисӕн у“.
Уӕд мын хицау загъта: „Уӕ организаци раппӕлинаг у. Сымах цы сайт ӕрхъуыды кодтат, уымӕ цыфӕнды организаци ӕмӕ фирмӕ дӕр бахӕлӕг кӕндзӕн. Ӕмбарын ӕй, цы стыр куыст кӕнут, цӕмӕй уӕ сайт рӕстӕгӕй фӕстейӕ ма зайа ӕмӕ ӕнцон пайда кӕнӕн уа. Зонын ӕй, бирӕ фыдӕбон кӕнын кӕй хъӕуы, цӕмӕй дзы цы лыстӕг хабӕрттӕ ис ӕмӕ дзы цы ӕрмӕг ис, уый адӕмы зӕрдӕмӕ цӕуа“. Уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, ӕмӕ, мӕхӕдӕг цы куыст нӕ кодтон, уый тыххӕй мӕ афтӕ раппӕлдзысты. Фӕлӕ тынг цин кодтон, уый фӕрцы бирӕтӕ кӕй фехъуыстой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй, кӕд раздӕр уыдоны тыххӕй ӕппындӕр ницы зыдтой, уӕддӕр. Ныр ме ’мкусджытӕй кӕимӕдӕрты арӕх фӕныхас кӕнын Библийы тыххӕй, ӕртӕимӕ та дзы Библи ахуыр кӕнын райдыдтон». Джузеппе цы компанийы кусы, уый нын «ахуыр кӕны» нӕ сайт, Джузеппе та йе ’мкусджытимӕ Библийыл фӕныхас кӕны.Футбол ныууагъта
Иу ӕрыгон лӕппу, Хорхе, цӕры Аргентинӕйы. 2010 азы райдианы Хорхе фыццаг хатт фехъуыста хорз хабар йе ’мкъласагӕй ӕмӕ фӕстӕдӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уыцы рӕстӕг Хорхе хъазыд футболӕй. Хорз кӕй хъазыд, уымӕ гӕсгӕ бахауд бӕстӕйы сӕйраг футболы клубмӕ, дыккаг лигӕмӕ. 2014 азы апрелы йӕ фӕхуыдтой Германимӕ иу командӕйы хъазынмӕ. Сгуыхт футболист дзы кӕй рауайдзӕн, ууыл куы ахъуыды кодта, уӕд сразы. Европӕмӕ ацӕуынмӕ ма йӕ цалдӕр боны куы хъуыд, уӕд ын йӕ тренер загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ дӕ? Фӕсарӕнтӕм куы ацӕуай, уӕд дӕ цард бабын кӕндзынӕ! Ӕз дӕр ӕрыгонӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уыдтӕн, ӕмӕ мӕ Азимӕ иу командӕйы хъазынмӕ фӕхуыдтой. Зӕрдӕ мын дуне цӕмӕйдӕрты бавӕрдтой, ӕмӕ ӕз дӕр схӕлӕг дӕн.
Гъемӕ мӕ бинонтимӕ ацыдыстӕм, фӕлӕ фыдӕнхъӕл фестӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтыстӕм». Хорхе загъта: «Йӕ ныхӕстӕ мыл тынг бандӕвтой, ӕмӕ нал ацыдтӕн. 2015 азы ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг сдӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райстон».Арфӕдзинад зыбыты лӕварӕй
2015 азы сентябры Угандӕйы, горӕт Кампалӕйы, уыд регионалон конгресс «Чырыстийы фӕзмут!». Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Марк Сандерсон куы фехъусын кодта, «Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕвзаг лугандӕйыл кӕй рацыд, уӕд хъусджытӕн сӕ цинӕн кӕрон нал уыд.
Библи чи ахуыр кодта, иу ахӕм сылгоймаг загъта: «Ацы рӕсугъд Библи куы райстон, уӕд тынг цин кодтон. Уыцы рӕстӕг адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты ромаг папӕйы ӕрцыдмӕ, ӕмӕ ӕхца бакусыны тыххӕй аргъуан 30 доллӕрӕй уӕй кодта „арфӕгонд фӕрдгуытӕ“. Адӕм арфӕдзинадмӕ бӕргӕ бӕллыдысты, фӕлӕ дзы бирӕтӕм ӕхца нӕ уыд. Мӕнмӕ та ӕцӕг арфӕдзинад зыбыты лӕварӕй ӕрхауд. Йегъовӕ уыцы арфӕдзинадӕй схайджын кодта, конгресмӕ чи ӕрбацыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр, мысайнаг та лӕвӕрдтой, йӕ зӕрдӕ кӕмӕн цас дзырдта, уыйбӕрц. Алы бон дӕр Йегъовӕйы Ныхас мӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй фӕкӕсын ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр кӕй базонын, уый ӕцӕг арфӕдзинад у. Йегъовӕйӕ бузныг дӕн, Библи мын кӕй балӕвар кодта, уый тыххӕй».
Хӕйрӕджытӕ сӕ мыхуыр кӕнынц?
Конгойы (Киншасӕ) иуӕй-иу аргъуанты разамонджытӕ адӕмӕн дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ хӕйрӕджытӕ мыхуыр кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй нын нӕ сайтмӕ цыдаиккой. Цӕмӕй сыл ӕууӕндыдаиккой, уый тыххӕй 666 – Раргомады чиныджы цы нымӕцы кой ис, уымӕ (Рарг. 13:18). Уый тыххӕй, Библи чи ахуыр кодта, уыдонӕй чидӕртӕ сӕ ахуыр ныууагътой.
дзырдтой, дамгъӕтӕ «www» кӕй амонынцИу лӕг ӕмӕ ус, пионертӕ, уый тыххӕй Хуыцаумӕ скуывтой, ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдоны сӕ цардӕмбӕлттимӕ уазӕгуаты фӕхуыдтой. Ӕрбацыд сӕм ӕртӕ къайы. Хӕрды фӕстӕ сын равдыстой киноныв «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр». Уазджытӕ цы базыдтой, уый тынг хицӕн кодта, сауджынтӕ сын нӕ литературӕйы тыххӕй цы мӕнг ныхӕстӕ кодтой, уымӕй. Иннӕ къуыри сылгоймӕгтӕй иуӕн йӕ сӕрыхицау ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн радта 100 доллӕры, кӕд йӕхӕдӕг Библи ахуыр кӕнын нӕма райдыдта ӕмӕ йын сӕ кӕд нӕ куымдтой, уӕддӕр.
Ног зарджытӕ ахуыр кӕнынц
Папуӕ – Ног Гвинейы иу дард ран цы ӕфсымӕртӕ цӕры, уыдонмӕ интернет нӕй, фӕлӕ сӕ уӕддӕр тынг фӕнды Паддзахады ног зарджытӕ ахуыр кӕнын. Ӕмбырд «Мундип» ӕфсымӕртӕй искӕй арвиты хӕстӕгдӕр горӕтмӕ. Цӕуын ӕм хъӕуы дыууӕ сахаты фистӕгӕй, дыууӕ сахаты та автобусыл. Уырдӕм куы бахӕццӕ вӕййы, уӕд интернетӕй ног зарӕджы ныхӕстӕ блокнотмӕ рафыссы ӕмӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ раздӕхы. Уый фӕстӕ зарӕджы ныхӕстӕ Паддзахады залы фӕйнӕгыл ныффыссы, цӕмӕй-иу сӕ стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ рафыссой. Уыдон тынг цин кӕнынц, ӕнӕхъӕн зӕххыл цы ӕмбырдтӕ ис, уыдонимӕ иумӕ кӕй фӕзарынц, уымӕн ӕмӕ зонынц, афтӕмӕй дӕр Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц.