Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Колумби

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Сӕйрагдӕр у ӕгас дунейы хорз хабар хъусын кӕнын

Сӕйрагдӕр у ӕгас дунейы хорз хабар хъусын кӕнын

2015 азы 23 сентябры, ӕртыццӕджы, Разамонӕг совет ӕппӕт Вефилты дӕр фехъусын кодта, цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй мысайнӕгтӕ хуыздӕр хардз цӕуой. Уый фӕстӕ, 2015 азы 3 октябры, сабаты, Разамонӕг совет фехъусын кодта: «Филиппӕгтӕм 1:10 стихы фыст ис, ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут, зӕгъгӕ. Ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ мах [Разамонӕг советы] фӕнды, цӕмӕй нын сӕйрагдӕр уой, Хуыцауы адӕмы уырнындзинадыл ӕмӕ ӕппӕт дунейы хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагыл хуыздӕрырдӕм чи фӕзындзӕн, уыцы хъуыддӕгтӕ».

Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Стивен Летт нӕ интернет-телеуынынады бамбарын кодта: «Разамонӕг советы фӕнды хъусын кӕныны хъуыддагмӕ йе ’ргом ноджы тынгдӕр аздахын. Уымӕ гӕсгӕ уынаффӕ рахастам, филиалты чи лӕггад кӕны, уыдоны нымӕц фӕкъаддӕр кӕнын, цӕмӕй уацамындӕн фылдӕр ӕхца зайа. Зӕгъӕм, бирӕ азты дӕргъы Вефилты цы куыстытӕ кодтой, уыдон кӕнӕ къаддӕр фӕуыдзысты, кӕнӕ та сӕ бынтондӕр нал кӕндзысты. Ӕмӕ афтӕмӕй Вефилты уыйбӕрц лӕггадгӕнджытӕ нал хъӕудзӕн».

Уымӕ гӕсгӕ 2015 азы сентябрӕй фӕстӕмӕ ӕгас зӕххыл Вефилы бинонтӕй 5 500 адӕймаджы бӕрц арвыстой хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Кӕд уыцы ивындзинӕдтӕ скӕнын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр бӕрӕг уыди, Йегъовӕ уыцы хъуыддагӕн кӕй арфӕ кодта. Ӕмӕ уыцы ивындзинӕдтӕ хуыздӕрырдӕм фӕзындысты хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагыл.

Шри-Ланкайы иу лӕг ӕмӕ усы Вефилӕй хъусын кӕнынмӕ куы арвыстой, уӕд ахъуыды кодтой, уый хорз фадат кӕй у, цӕмӕй равдисой, Йегъовӕйыл фидарӕй кӕй ӕууӕндынц ӕмӕ сыл йӕ организаци кӕй батыхсдзӕн, ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнынц. Уыдон ныффыстой: «Разӕй нӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый нӕ зыдтам. Фӕлӕ фидарӕй зыдтам, Йегъовӕ нӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн. Гъемӕ мах дӕр куывтам: „Йегъовӕ, дӕ хорзӕхӕй, цыфӕнды уавӕры куы бахауӕм, уӕддӕр нын ӕххуыс кӕн, цӕмӕй нӕ бон уа пионертӕй лӕггад кӕнын“. Фыццаг мӕй ӕрмӕст дон ӕмӕ дзулӕй цардыстӕм. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, уый уыдтам, ӕмӕ нӕм ныр ӕхца ӕфты ӕмӕ нӕхи дарынхъом стӕм. Бирӕ куыст нын ис – хӕдзары куыстытӕ дӕр кӕнӕм, ӕнӕуи дӕр кусӕм ӕмӕ пионертӕй дӕр лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ Вефилы кӕй лӕггад кодтам, уый фӕрцы нӕ рӕстӕг пълан кӕнын зонӕм. Адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн ӕххуыс кӕнынӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ пионертӕй кӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ уыцы хъуыддаджы кӕй архайӕм, уый фӕрцы нӕ цардӕй райгонд стӕм».

Колумбийы Вефилӕй хъусын кӕнынмӕ кӕй арвыстой, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ног ӕвзаг сахуыр кодтой ӕмӕ ацыдысты, дард рӕтты чи цӕры, уыдонмӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнынмӕ. Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ ног ӕмбырдтӕн дӕр стыр ӕххуыс сты. Сӕ районмӕ цы лӕг ӕмӕ усы снысан кодтой, уыдоны тыххӕй районон цӕстдарӕг загъта: «Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыдонӕй се ’ххуысы тыххӕй бузныг сты. Ныр арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнынц, стӕй ӕфсымӕртӕ ахуыр кӕнынц ӕмбырды алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын». Раздӕр Вефилы чи лӕггад кодта, уыдонӕй бирӕтӕ ныр дӕр къуыри иу кӕнӕ цалдӕр боны Вефилы цавӕрдӕр хъуыддӕгты феххуыс кӕнынц.

Японийы Вефилы 31 азы чи фӕлӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕры снысан кодтой, ӕрмӕстдӕр дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы кӕм уыд, ахӕм ӕмбырдмӕ. Ӕмбырд сӕ Паддзахады зал цалцӕг кӕнынмӕ кӕй хъавыд, уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕр куыст бацагурыныл нӕ фӕтагъд кодта – сфӕнд кодта дыууӕ къуырийы банхъӕлмӕ кӕсын. Ӕфсымӕртӕ зал цалцӕг кӕнын куы хъуамӕ райдыдтаиккой, уый хӕдразмӕ, се ’мбырд кӕм уыд, уыцы префектурӕ Кумамотойы уыд стыр зӕххӕнкъуыст – 7 баллы. Ӕфсымӕр кусын кӕй нӕма райдыдта, уымӕ гӕсгӕ зӕххӕнкъуысты фӕстӕ ӕххуыс кӕныны хъуыддӕгты разамынд йӕхимӕ райста ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кодта. Уыцы ӕфсымӕр загъта: «Ныр ӕй ӕмбарын, Йегъовӕ мӕ кӕй арвыста, ме ’ххуыс тынгдӕр кӕм хъуыд, уырдӕм».

Фил ӕмӕ Шугар лӕггад кодтой Австралазийы филиалы. Уыдон радзырдтой: «Ӕндӕр ранмӕ нӕ куы снысан кодтой, уӕд нӕхицӕн загътам, хуымӕтӕг цард кӕй кӕндзыстӕм. Йегъовӕйӕ разамынд куырдтам, цӕмӕй нын раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кодтаид ӕмӕ-иу цы уынаффӕтӕ рахастаиккам, уыдонӕн арфӕ кодтаид. Фӕндыд нӕ, цӕмӕй нӕ бон лӕггад кӕнын уыдаид, ӕндӕр бӕстӕйы цы ӕмбырды уыдыстӕм, уым. Ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕцӕгдӕр раарфӕ кодта ӕмӕ нын нӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кодта, цӕмӕй йын нӕ бон уа ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнын». Ныр уыдон лӕггад кӕнынц англисаг къорды сакъадах Самалыл, горӕт Даваойы (Филиппинтӕ). Уыцы къорды ис 34 хъусынгӕнӕджы ӕмӕ 9 пионеры. Библийы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы адристӕ сӕм ныр ис 120 бӕрц. Фил ӕмӕ Шугар зӕгъынц: «Бирӕ ӕхсызгон куыст нын ис. Нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дардтам, ууыл нӕ фӕсмон кӕнӕм. Уый фӕрцы йыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ уарзӕм!»

Уӕрӕсейы Вефилы чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕнӕцыд хойы снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй. Хо загъта: «Пионерӕй кӕй лӕггад кӕнын, уый фӕрцы фылдӕр архайын, ӕппӕты ахсджиагдӕр чи у ӕмӕ чи никуыуал уыдзӕн, уыцы хъуыддаджы – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы. Ӕхсызгон мын у, Йегъовӕ мӕ кӕй пайда кӕны, уый». Ныр хо Библи ахуыр кӕны ӕхсӕз адӕймагимӕ. Уыдон сты Иракӕй, Нигерийӕ, Шри-Ланкайӕ, Сирийӕ ӕмӕ Замбийӕ.

Замби: раздӕр Вефилы чи лӕггад кодта, уыдоныл сӕ ног ӕмбырды тынг бацин кодтой

Замбийы Вефилӕй пионертӕй кӕй снысан кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ цин кӕнынц, сӕ бон фылдӕр хъусын кӕнын кӕй у, ууыл. Уыдонӕй дыууӕ сты Эндрю ӕмӕ йӕ бинойнаг. Эндрю радзырдта: «Вефилӕй куы ацыдыстӕм, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр дыууӕ адӕймаджы кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтам. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй иуӕн, 10-аздзыд лӕппуйӕн, тагъд ӕмбырды уыдзӕн фыццаг хӕслӕвӕрд. Кӕмӕн хъусын кодтам, иу ахӕм лӕг ӕмӕ ус Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыдысты, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ иу ӕмбырд дӕр никуы фӕцух кодтой. Сӕ дыууӕ дӕр Библи ахуыр кӕнынц ӕмӕ сын бирӕ ӕнтысы. Мах ӕй зонӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ нӕ уыдаиккой, Йегъовӕйы разамындмӕ куы нӕ байхъуыстаиккам, кӕй нын ӕххуыс кӕны, уый куы нӕ уыдтаиккам ӕмӕ йын йӕ арфӕдзинадмӕ куы не ’нхъӕлмӕ кастаиккам, уӕд».

Эдсон ӕмӕ Артнес дӕр цӕрынц Замбийы. Сӕ цард куы баиу кодтой, уымӕй сӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ Вефилӕй хъусын кӕнынмӕ арвыстой. Артнес радзырдта: «Вефилы кӕй лӕггад кодтам, уый фӕрцы сахуыр стӕм, цы гыццыл ӕхца нӕм вӕййы, уый раст хардз кӕнын, стӕй базыдтам, цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ циндзинад ма сафӕм ӕмӕ хӕстӕ ма исӕм. Мах нӕ фӕсмон кӕнӕм, Вефилы лӕггад кӕнынмӕ кӕй тырныдтам, ууыл. Сахуыр стӕм, Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрӕм, уыдон уавӕртӕм гӕсгӕ ивын ӕмӕ стӕй архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕрцы нӕ къухы бафтой. Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ стӕм».