Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

2016 азы юридикон хабӕрттӕ

2016 азы юридикон хабӕрттӕ

Тӕрхондӕтты ӕмӕ тынг зын уавӕрты дӕр нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ равдисынц, Йегъовӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион сты, уый. Сӕ цӕвиттон не ’ппӕты дӕр ныфс уадзы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй уырнындзинады фидар лӕууӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй «скадджын кӕндзӕн» (Пс. 4:3).

АРГЕНТИНӔ | Ныййарджытӕн ис бар, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн дины тыххӕй дзурой

Рут схъомыл чырыстон бинонты ’хсӕн, фӕлӕ ӕмбырдтӕм нал цыд, хӕрзӕрыгон ма куы уыд, уӕд. Фӕстӕдӕр ӕнӕуырнӕг нӕлгоймагимӕ бацард ӕмӕ йын чызг райгуырд. Иубон горӕт Ла-Платӕйы Рут федта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стендимӕ кӕй хъусын кодтой, уый, ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, ӕмбырдтӕм куы цыд, уыцы рӕстӕг. Рут ногӕй ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта ӕмӕ йӕ чызгимӕ Библи ахуыр кодта. Чызджы фыдӕн уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Ӕмӕ цӕмӕй Рут сӕ чызгимӕ Библи мауал ахуыр кодтаид ӕмӕ йӕ ӕмбырдтӕм мауал кодтаид, уый тыххӕй йыл бахъаст кодта, бинонты хъуыддӕгтӕ кӕм февзарынц, уыцы тӕрхондонмӕ.

Руты адвокат загъта, дыууӕ ныййарӕгӕн дӕр уый бар кӕй ис, цӕмӕй сӕ сывӕллонӕн дины тыххӕй дзурой ӕмӕ тӕрхондон уыцы хъуыддаджы ныййарджыты кӕй хъуамӕ ма хъыгдара, кӕд, уый сывӕллонӕн зиан кӕй хӕссы, уымӕн ницы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уӕд. Тӕрхондон уынаффӕ рахаста, цӕмӕй сывӕллон йӕхӕдӕг равзара, кӕцы диныл хӕст уыдзӕн, уый, кӕд ыл уыцы рӕстӕг 4 азы йеддӕмӕ нӕ цыд, уӕддӕр! Апелляцион тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ, ахӕм фарста скъуыддзаг кӕнынӕн сывӕллон нырма ӕгӕр гыццыл у ӕмӕ дыууӕ ныййарӕгӕн дӕр ӕмхуызон бар ис сӕ сывӕллонимӕ дины тыххӕй дзурынӕн.

Ныр Руты чызг алы изӕр дӕр фӕкӕсы Библи ӕмӕ йӕ мадимӕ ӕмбырдтӕм цӕуы, стӕй йӕ тынг фӕнды Буэнос-Айресмӕ Вефилмӕ ацӕуын.

АЗЕРБАЙДЖАН | Дины тыххӕй ӕргом дзурыны бар

Апостол Павел чырыстон ӕмбырды тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «буары уӕнгтӕй иуӕн зын куы вӕййы, уӕд иннӕ уӕнгтӕн дӕр зын вӕййы» (1 Кор. 12:26). Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый рабӕрӕг, Азербайджаны хотӕ Валидӕ Джабраиловайы ӕмӕ Иринӕ Захарченкойы куы ӕрцахстой, уӕд сыл ӕнӕхъӕн дунейы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй мӕт кодтой, уымӕй. 2015 азы февралы уыцы дыууӕ хойы фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, цы аразынц, уый закъоны ныхмӕ у. Цалынмӕ сын сӕ хъуыддаг нӕ равзӕрстой, уӕдмӕ сӕ тӕрхонгӕнӕджы уынаффӕмӕ гӕсгӕ ахстӕй дардтой, ӕмӕ сын сӕ хъуыддаг цалдӕр хатты кӕй аргъӕвтой, уымӕ гӕсгӕ ахӕстоны фесты афӕдзы бӕрц. Уым хотӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой.

Азербайджан: Валидӕ Джабраилова ӕмӕ Иринӕ Захарченко

Ӕппынфӕстаг сын 2016 азы январы сӕ хъуыддаг тӕрхондоны куы ӕвзӕрстой, уӕд тӕрхонгӕнӕг уынаффӕ рахаста, хотӕ аххосджын кӕй сты, ӕмӕ сӕ хъуамӕ фӕивар кодтаиккой. Фӕлӕ сӕ бирӕ рӕстӕг ахстӕй кӕй фӕдардтой, уый тыххӕй сын ивар нал бафидын кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой. Хотӕ Бакуйы Апелляцион тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдтой, фыдгӕнджытыл сӕ кӕй банымадтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ тӕрхондон сӕ хъуыддаг равзарыныл не сразы. Ӕмӕ уӕд хотӕ сӕ хъаст бахастой Сӕйраг тӕрхондонмӕ. Уымӕй уӕлдай ма хъаст бахастой Иугонд Нациты Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг комитетмӕ, сӕ дины тыххӕй сын сӕрибарӕй дзурыны бар кӕй нӕ дӕттынц, уый тыххӕй, ӕмӕ, цалынмӕ ахст уыдысты, уӕдмӕ сӕ тухӕнӕй кӕй мардтой, уый тыххӕй.

Ныр хотӕ сындӕггай сӕхимӕ цӕуын райдыдтой. Уыдон бузныг сты, чи сын куывта ӕмӕ сыл чи тыхсти, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй. Хо Джабраилова Разамонӕг советмӕ ныффыста: «Хорз ӕй ӕмбӕрстон, уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн нын уӕ куывдтытӕ кӕй баххуыс кодтой. Никуы ферох кӕндзынӕн, сымах дӕр, Йегъовӕ дӕр ӕмӕ нӕм ӕгас дунейы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр цы уарзондзинад равдыстой ӕмӕ ныл куыд тынг тыхстысты, уый».

ЭРИТРЕЙ | Ахӕстоны бадынц сӕ уырнындзинады тыххӕй

2016 азы июлы Эритрейы хицауад 55 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны сӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны сбадын кодта. Паулос Ияссу, Исаак Могос ӕмӕ Негеде Теклемариам ахӕстоны бадынц 1994 азы сентябрӕй нырмӕ, 9 ӕфсымӕры та бадынц ӕппынкъаддӕр фӕйнӕ 10 азы.

2016 азы январы тӕрхон кодтой, 2014 азы апрелы Ӕрымысӕн изӕры горӕт Асмарӕйы кӕй ӕрцахстой, уыцы ӕфсымӕртӕн. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уавӕр хуыздӕрырдӕм фӕивта, уымӕн ӕмӕ уӕд Ӕвдисӕнтӕн фыццаг хатт закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кодтой ӕмӕ сын фадат радтой сӕ бартыл дзурынӕн. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ фылдӕры фӕаххосджын кодтой, «закъоны ныхмӕ» чи сты, уыцы ӕмбырдтӕм кӕй цӕуынц, уымӕй, фӕивар сӕ кодтой ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ суӕгъд кодтой. Фӕлӕ уыцы хотӕй иу, Сарон Гебру ивар бафидыныл не сразы, ӕмӕ йын уый тыххӕй 6 мӕйы радтой. Хо Сароны къуыри иу хатт бабӕрӕг кӕнӕн уыд. Ӕмӕ, куыд сбӕрӕг, афтӕмӕй йӕм ахӕстоны хорз цӕстӕй кастысты. Саронӕй уӕлдай ма ахӕстоны бады 54 Ӕвдисӕны ӕмӕ се ’ппӕт дӕр бузныг сты, кӕй сын кувӕм, уый тыххӕй. Мах иууылдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, ахӕстоны чи ис, уыдоны, цыма мах дӕр семӕ ахст стӕм, афтӕ (Дзут. 13:3).

ГЕРМАНИ | Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар сын закъонмӕ гӕсгӕ радтой

2015 азы 21 декабры федералон зӕхх Бремены, Германийы цӕгат-ныгуылӕн хайы, хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн радта, уымӕй размӕ сын цы юридикон статус уыд, уымӕй уӕлдӕр статус. Уыйадыл ӕхгӕд ӕрцыд, 4 азы дӕргъы Германийы тӕрхондӕтты кӕй ӕвзӕрстой, уыцы хъуыддаг. Германийы цы 16 федералон зӕххы ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр, Берлины Уӕлдӕр административон тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн радтой адӕмон-барадон статус. Фӕлӕ Бремены хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уыцы статус раттыныл не сразы, сӕ ныхмӕдзӕуджытӕ сӕ цы мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой, тынгдӕр уый тыххӕй.

2015 азы Германийы Федералон конституцион тӕрхондон уынаффӕ рахаста, Бремен Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн адӕмон-барадон статус кӕй нӕ дӕтты, уымӕй сын кӕй ссӕнды, Конституцимӕ гӕсгӕ сын цы бартӕ ис, уыдон. Уыцы уынаффӕ бӕлвырд кӕны, Конституцимӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Бремены уый бар кӕй ис, цӕмӕй Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕной. Ӕмбырдтӕ сӕрибар сты хъалон фидынӕй ӕмӕ сӕ бон у пайда кӕнын, Германийы динтӕн сӕ фылдӕрӕн цы бартӕ ис, уыдонӕй.

ХЪЫРГЪЫЗСТАН | Дины тыххӕй сӕрибарӕй дзурыны бар

2013 азы мартъийы горӕт Ошы хицауад Оксанӕ Корякинайы ӕмӕ йӕ мад Надеждӕ Сергиенкойыл цыдӕр фыдракӕндтӕ ӕрымысыд. Кӕд уыцы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ ӕрмӕстдӕр Библийы ахуырӕдтыл дзырдтой, уӕддӕр сӕ прокурор фӕаххосджын кодта, адӕмы сайынц, зӕгъгӕ. Тӕрхонгӕнӕджы уынаффӕмӕ гӕсгӕ хоты хӕдзары ахстӕй дардтой, кӕд хъуыддаг ӕвзӕрст нӕма ӕрцыд, уӕддӕр. 2014 азы октябры фыццаг инстанцийы тӕрхондоны хъуыддаг куы ӕвзӕрстой, уӕд рабӕрӕг, уыцы фыдракӕндтӕ сыл мысгӕ кӕй ӕркодтой. Стӕй ма рабӕрӕг, тӕрхон рахӕссыны размӕ хоты ахстӕй кӕй дардтой, уый закъонмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕ уыд. Уӕдӕ хотӕ аххосджын кӕй нӕ уыдысты, уыцы уынаффӕйыл 2015 азы октябры сразы апелляцион тӕрхондон дӕр.

Фӕлӕ Ошы прокурор ногӕй апелляци балӕвӕрдта – ацы хатт та Хъыргъызстаны Сӕйраг тӕрхондонмӕ. Хоты кӕй суӕгъд кодтой, уый Сӕйраг тӕрхондон растыл нӕ банымадта, ӕмӕ уынаффӕ рахаста, хъуыддаг ногӕй равзарын кӕй хъӕуы. 2016 азы апрелы хоты адвокаттӕ загътой, ӕгӕр бирӕ рӕстӕг кӕй рацыд, уый тыххӕй сӕ закъонмӕ гӕсгӕ бафхӕрӕн кӕй нал ис ӕмӕ хъуыддаг сӕхгӕнын кӕй хъӕуы. Тӕрхонгӕнӕгӕн дӕр ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ хъуыддаг сӕхгӕдта.

Кӕд уыцы рӕстӕг хотӕн ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр сӕ ныфс никуы асаст. Хо Сергиенко загъта: «Адӕймаджы куы фефхӕрынц, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал фӕкӕлы. Фӕлӕ ӕз ӕмбӕрстон, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ ныл хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уылты кӕй тыхсы. Мах иунӕг никуы уыдыстӕм». Хотӕ сӕхиуыл бавзӕрстой, Йегъовӕ Исайы 41:10 стихы ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый: «Ма тӕрс... Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй».

ХЪЫРГЪЫЗСТАН | Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар сын закъонмӕ гӕсгӕ радтой

2015 азы 9 августы горӕт Ошы дӕс пъӕлицӕйаджы ӕмбырдмӕ бабырстой. Загътой, се ’мбырдтӕ закъоны ныхмӕ кӕй сты ӕмӕ ӕмбырд кӕй хъуамӕ фӕуой. Ӕмбырды уыд 40 адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ сӕм пъӕлицӕйӕгтӕ ӕртхъирӕн кодтой, фехсдзыстӕм уӕ, зӕгъгӕ. Дӕс ӕфсымӕры участокмӕ акодтой, фарасты дзы фӕнадтой ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ ауагътой. Дыууӕ боны фӕстӕ, фыднад кӕй фӕкодтой, уыцы ӕфсымӕртӕй иуы, Нурлан Усупбаевы, ӕрцахстой ӕмӕ йӕ фӕаххосджын кодтой, «закъоны ныхмӕ» чи уыд, уыцы ӕмбырд кӕй уагъта, уый тыххӕй.

Ӕфсымӕр Усупбаевы хъуыддаг Ошы тӕрхондоны куы ӕвзӕрстой, уӕд ӕм тӕрхонгӕнӕг ницы аххос ссардта, ӕмӕ хъуыддаг сӕхгӕдта. Прокурор хъаст балӕвӕрдта Ошы Облӕстон тӕрхондонмӕ, фӕлӕ уым дӕр ӕфсымӕр Усупбаевы сӕ бон фӕаххосджын кӕнын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хъыргъызстаны регистрацигонд сты.

Уым хъуыддагӕй куы ницы рауад, уӕд прокурор хъаст балӕвӕрдта Хъыргъызстаны Сӕйраг тӕрхондонмӕ. Ӕфсымӕр Усупбаев сӕрибарӕй сулӕфыди, 2016 азы мартъийы Сӕйраг тӕрхондон хъуыддаг куы сӕхгӕдта, уӕд. Сӕйраг тӕрхондон растыл банымадта, Ошы тӕрхондон ӕмӕ апелляцион тӕрхондӕттӕ цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон ӕмӕ та ногӕй загъта, Хъыргъызстаны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕмбырдтӕ уадзыны бар кӕй ис. Ошы пъӕлицӕйы кусджытыл хъаст балӕвӕрдтой, кӕй фӕнадтой, уыдон, фӕлӕ хъуыддаг нӕма равзӕрстой.

УӔРӔСЕ | Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар

Уӕрӕсейы адӕймаджы бартӕ чи хъахъхъӕны, уыцы эксперттӕ кӕд Уӕрӕсейы хицауадӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты карзӕй нӕ бауайдзӕф кодтой, уӕддӕр хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ цӕуы ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын нӕ уадзы. Хицауад нын нӕ публикацитӕй 88 банымадта «экстремистон» публикацитыл, стӕй нын нӕ сайт дӕр сӕхгӕдта. 2015 азы таможнӕ Уӕрӕсемӕ «Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕрбаласын нал бауагъта, ӕмӕ горӕт Выборгы тӕрхондон хъуамӕ уынаффӕ рахӕсса, уыцы тӕлмац «экстремистон» у ӕви нӕ, уый фӕдыл. 2016 азы мартъийы Сӕйраг прокуратурӕ бартхъирӕн кодта, посёлочы Солнечное (Петербургмӕ ӕввахс) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиал кӕй сӕхгӕндзӕн. Куыд загътой, афтӕмӕй дзы цы куыст кӕнынц, уый «экстремистон» у.

Кӕд хицауады ардыдӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ карзӕй цӕуынц, уӕддӕр хорз хабӕрттӕ дӕр ӕрцыд. 2015 азы октябры прокурор хъаст балӕвӕрдта, цӕмӕй горӕт Тюмены Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты (МРО) сӕхгӕной. Пъӕлицӕйы кусджытӕ Ӕвдисӕнты цӕмӕй аххосджын кодтой, уыдӕттӕ сӕхӕдӕг кӕй ӕрымысыдысты, уый рабӕрӕг, фӕлӕ уӕддӕр Тюмены Облӕстон тӕрхондон Ӕвдисӕнты аххосджыныл банымадта. Фӕлӕ 2016 азы 15 апрелы Уӕрӕсейы Сӕйраг тӕрхондон рахаста ӕндӕр уынаффӕ: «Горӕт Тюмены Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕхгӕнынӕн бындур нӕй». Сӕрдариуӕггӕнӕг тӕрхонгӕнӕг уынаффӕ куы бакаст, уӕд, тӕрхондоны залы чи уыд, уыцы 60 ӕфсымӕры ӕмӕ хойы фырцинӕй нымдзӕгъд кодтой.

Уӕрӕсейы Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ фидар фӕнд у дарддӕр дӕр лӕггад кӕнын, сӕ ныхмӕ цыфӕнды хӕцӕнгарз ма саразой, уӕддӕр (Ис. 54:17).

РУАНДӔ | Скъоладзаутӕ хъуамӕ сӕ дины тыххӕй ӕфхӕрд ма ӕййафой

Фӕстаг азты Руандӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕтты скъолайӕ ратӕрынц, динимӕ кӕнӕ дзы бӕстӕйӕн кад кӕнынимӕ баст хабӕрттӕ куы вӕййы, уӕд дзы кӕй нӕ фӕархайынц, уый тыххӕй. Цӕмӕй скъолаты дины тыххӕй ӕфхӕрд мачиуал ӕййафа, уый тыххӕй 2015 азы 14 декабры хицауад уынаффӕ рахаста, алы скъоладзауӕн дӕр уый бар кӕй ис, цӕмӕй Хуыцауӕн, куыд ӕй фӕнды, афтӕ лӕггад кӕна.

2016 азы 9 июны нӕ сайты, «Хабӕрттӕ», зӕгъгӕ, чи хуыйны, уыцы хайы уыди статья «Руандӕйы хицауад уынаффӕ рахаста, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы скъоладзауты сӕ дины тыххӕй мауал ӕфхӕрой». Руандӕйы иу зындгонд интернет-газет дӕр уыцы статья йӕ сайты сӕвӕрдта. Цыбыр рӕстӕгмӕ статья федтой 3 000 адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ дзы бирӕтӕ ныффыстой, хицауады уынаффӕйӕ разы кӕй сты. Руандӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы закъоны тыххӕй бузныг сты, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс ис, ныр сын сӕ сывӕллӕтты скъолаты сӕ дины тыххӕй кӕй нал ӕфхӕрдзысты.

Руандӕ: скъоламӕ цӕуыны бар сын радтой

ХУССАР КОРЕЙ | Адӕймагӕн, йе ’фсарм ын куыд дзуры, афтӕ бакӕныны бар ис – сӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ нӕ цӕуынц

Ныр 60 азӕй фылдӕр Хуссар Корейы 19 азӕй 35 азы онг кӕуыл цӕуы, уыцы ӕфсымӕртӕ зын уавӕры бахауынц, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй. Хуссар Корейы хицауад нӕ разы кӕны, адӕймагӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ ма цӕуа, ууыл ӕмӕ сын альтернативон службӕ ацӕуыны бар дӕр нӕ дӕтты. Ӕвдисӕнтӕй-иу цалдӕр фӕлтӕрмӕ дӕр – фыдыфыд, фыд ӕмӕ йӕ фыртмӕ – ӕфсадмӕ куы фӕсидтысты, уӕд-иу сын ахӕстонмӕ ацӕуыны йеддӕмӕ ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд.

Конституцион тӕрхондон дыууӕ хатты уынаффӕ рахаста, «Ӕфсадмӕ цӕуыны тыххӕй закъон» Конституцийы ныхмӕ кӕй нӕу. Фӕлӕ иннӕ тӕрхондӕттӕ ӕмӕ, уыцы закъонмӕ гӕсгӕ кӕй бафхӕрдтой, уыдон та Конституцион тӕрхондоны раз уыцы фарста ногӕй ӕрӕвӕрдтой. Уымӕ гӕсгӕ, 2015 азы 9 июлы тӕрхондон байхъуыста, йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ ацӕуын чи нӕ бакуымдта, уыдонмӕ. Ӕфсымӕр Ким Мин Хван афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг ахӕстоны фӕбадт, хӕсты хъуыддӕгтыл ахуыр кӕныныл кӕй не сразы, уый тыххӕй. Ӕфсымӕр загъта: «Ахӕстоны фӕбадтӕн ӕмӕ мӕ стӕй рауагътой. Фӕлӕ мӕ ныфс ис, йе ’фсарм ӕфсадмӕ цӕуыны бар кӕмӕн нӕ дӕтты, уыдон ӕфхӕрд кӕй нал ӕййафдзысты. Альтернативон службӕ равзарыны бар сын куы раттой, уӕд сӕ бон уыдзӕн ӕхсӕнадӕн пайда хӕссын». Конституцион тӕрхондон тагъд фехъусын кӕндзӕн, цы уынаффӕ рахаста, уый.

ТУРКМЕНИСТАН | Бахрам Хемдемов

Ӕфсымӕр Бахрамыл цӕуы 53 азы, ис ын бинойнаг ӕмӕ цыппар фырты. Бахрам у фидар уырнындзинады хицау, лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ йын адӕмы ’хсӕн дӕр ис хорз ном. 2015 азы майы йӕ ӕрцахстой, йӕ хӕдзары ӕмбырд кӕй уагъта, уый тыххӕй, ӕмӕ йын цыппар азы радтой. Арвыстой йӕ, тыхкуыст кӕнын кӕм кӕнынц, ахӕм лагермӕ, горӕт Сейдимӕ. Уыцы лагерӕн адӕм йӕ койӕ дӕр баризынц. Уым ын ӕдзух допростӕ кодтой ӕмӕ-иу ӕй фыднад фӕкодтой. Фӕлӕ уӕддӕр Бахрам дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр Йегъовӕ Хуыцауыл иузӕрдион сты. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ Бахрамы бинойнаг Гульзирӕйӕн бар раттынц, цӕмӕй йӕ абӕрӕг кӕна ӕмӕ йӕ бафидар кӕна.

Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйыл йӕ адӕм фӕлварӕнты дӕр иузӕрдион сты, ӕмӕ сын кувӕм. Сӕ цӕвиттон ма нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцауыл ноджы иузӕрдиондӕр уӕм, ӕмӕ, 37 псаломы 28 стихы зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕм: «Иузӕрдион [ыл] чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн».