Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Гуырдзыстон

Гуырдзыстон

ЧЫРЫСТИЙЫ фӕсномыг ныхас ӕнхъизӕны тыххӕй хорз ӕвдисы, хорз хабар Гуырдзыстоны куыд парахат кодта, уый (Матф. 13:33). Ӕнхъизӕн хыссӕ куыд фенхъизын кӕны, уый куыд нӕ фӕзыны, афтӕ фыццаг бӕрӕг нӕ уыд, рӕстдзинад адӕмы зӕрдӕты кӕй фидар кодта, уый дӕр. Фӕлӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар тынг апарахат ӕмӕ бирӕты цард аивта.

Хуыцауы адӕм Гуырдзыстоны равдыстой стыр уарзондзинад, уырнындзинад, иузӕрдиондзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад, «ӕнцон куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уыд, уӕд дӕр» (2 Тим. 4:2). Бакӕсут уыцы диссаджы хабӕртты тыххӕй.

АЦЫ ХАЙЫ

Цыбыртӕй Гуырдзыстоны тыххӕй

Сау денджызы был цы бӕстӕ ис, уымӕн йӕ географи, йӕ адӕмы ӕмӕ йе ’взаджы тыххӕй базон.

Рӕстдзинад чи агуырдта, уыдонӕй фыццӕгтӕ

Рӕстдзинад чи базыдта, уыцы бузныгзӕрдӕ адӕм алы рӕттӕй Гуырдзыстонмӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар парахат кодтой.

Ӕмбырдтӕ ӕххуыс кӕнынц уырнындзинад фидар кӕнынӕн

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбырдтӕ кӕй уагътой ӕмӕ публикацитӕ гуырдзиаг ӕвзагмӕ кӕй тӕлмац кодтой, уый фӕстӕдӕр бирӕтӕн рӕстдзинад базонынӕн куыд баххуыс кодта?

Тынг мӕ фӕндыд мӕ цард аивын

Ӕфсады фӕстӕ Давит Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй йын хуыздӕрырдӕм аивынӕн баххуыс кодтаид. Дыккаг бон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фембӕлд.

Йегъовӕйы разамынд агуырдтон

Ӕндӕр горӕтмӕ ацӕуыны размӕ Тамази Библаиа Йегъовӕйы разамынд агуырдта ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывд фехъуыста.

«Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон»

Нателӕ Григориадис йе ’мчырыстӕттӕн Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ гуырдзиаг ӕвзагыл мыхуыр кӕнынӕн куы ӕххуыс кодта, уӕд ахӕм зын уавӕры бахауд, ӕмӕ, куыд бакодтаид, уый нӕ зыдта.

Библи гуырдзиаг ӕвзагыл

Библийы рагон къухфыстытӕ гуырдзиаг ӕвзагыл, ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фыст ӕрцыдысты нӕ эрӕйы фӕндзӕм ӕнусы ӕмбисы кӕнӕ та раздӕр.

«Рӕзын... [ӕй] кодта Хуыцау» (1 Кор. 3:6).

Гуырдзыстон хӕдбар паддзахад куы сси, уӕд дзы рӕстдзинад тынг апарахат.

Бӕрнон ӕфсымӕртӕ разамынд лӕвӕрдтой

Коммунистты рӕстӕг куы фӕци, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ конгресстӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕ куыд уагътой ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ куыд тӕлмац кодтой?

Мӕ сӕрыхицау кӕсынӕй нал ӕфсӕст!

Бадри Къопъалианийы Библи бакӕсын афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ цалдӕр бонмӕ йӕхи куыстӕй ракуырдта, цӕмӕй йӕ кӕронмӕ бакастаид.

Нырмӕ кӕм уыдыстут?

Артур Герекхелиа, йӕ донаргъуыдыл афӕдз дӕр нӕма рацыд, афтӕ сыстад, ӕмӕ ацыд, Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм ранмӕ.

Афтӕ мӕм каст, цыма мын царды алцыдӕр бантыст

Гуырдзыстоны коммунистон партийы зындгонд уӕнг чи уыд, иу ахӕм ӕрыгон сылгоймаг, Мадонӕ Канкиа, сфӕнд кодта йӕ цард фӕивын.

Ӕцӕг чырыстон уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн

Абхазийы хӕсты рӕстӕг Гизо Нарманиа ӕмӕ Игорь Очигава стыр куыст кодтой, цӕмӕй се ’мчырыстӕттӕм ӕмӕ иннӕтӕм хӕринаг ӕфтыдаид ӕмӕ сӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уыдаид.

Мӕхи цӕстӕй федтон, Библийы цы фыст ис, уый!

Пепо Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл не ’ууӕндыд, фӕлӕ йӕ мады ныхасмӕ байхъуыста, зӕгъгӕ, ацу, ӕмӕ дӕхӕдӕг байхъус, цы дзурынц, уымӕ.

Арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдысты, «ӕнцон куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уыд, уӕд дӕр» (2 Тим. 4:2).

Уыцы азты дӕргъы хъусынгӕнджыты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Фӕлӕ уый фӕстӕ ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ фӕдыл зилын райдыдтой.

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕртхъирӕнтӕй нӕ фӕтарстысты

Гуырдзыстоны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй ӕфхӕрдтой, уымӕ адӕм цы цӕстӕй кастысты?

«Уый у, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн бынӕн лӕвӕрд чи ’рцыд, уыцы хай» (Ис. 54:17).

Фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыцы хъусынгӕнджытӕ уынынц, Йегъовӕ сын куыд арфӕ кӕны, уый.

Сӕ зӕрдыл дардтой се Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы

Гуырдзыстоны хъусынгӕнджытӕн се ’ртыккаг хай сты, 25 азы кӕнӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм ӕрыгӕттӕ.

Курдӕгтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ исынц

Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уыцы адӕм ӕхсызгонӕй байхъусынц рӕстдзинадмӕ сӕ мадӕлон ӕвзагыл.

Уарзондзинадӕн арӕнтӕ нӕй

Санелы фыды мад ӕмӕ мады мад сӕхиуыл бавзӕрстой, ӕфсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый.