Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ГУЫРДЗЫСТОН | 1991–1997

Бӕрнон ӕфсымӕртӕ разамынд лӕвӕрдтой

Бӕрнон ӕфсымӕртӕ разамынд лӕвӕрдтой

Джони Шаламберидзе ӕмӕ Тамази Библаиа 1990 азты райдианы

1990 азты райдиан Гуырдзыстоны ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕры уыди ӕрмӕст иу хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ иу кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Ӕмбырдтӕ уыдысты цалдӕргай къордтӕй конд, ӕмӕ дзы алы къордӕн дӕр йӕ фембӕлдтӕ хицӕнтӕй цыдысты, уымӕн ӕмӕ дзы алы ӕмбырды территорийы дӕр уыд цалдӕр горӕты ӕмӕ хъӕуы.

Джони Шаламберидзе ӕмӕ Пъавле Абдушелишвили уый размӕ дӕр дард рӕтты лӕггад кодтой, ӕмӕ сӕ ныр снысан кодтой Къахеты районмӕ, горӕт Телавийы ӕмбырдмӕ. Уыцы ӕмбырды уыди 300 хъусынгӕнӕджы, фӕлӕ дзы хистӕр нӕлгоймаг нӕ уыд. Ӕмбырды уыди 13 къорды ӕмӕ дзы алкӕцы дӕр ӕмбырд кодта хицӕн ран.

Пъавле Абдушелишвили

Джони ӕмӕ Пъавле уайтагъд бамбӕрстой, ӕфсымӕрты фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ тырнын тынгдӕр цы хъыгдардта, уый. Джони загъта: «Ӕфсымӕртӕй бирӕтӕн уыди стыр зӕххытӕ ӕмӕ сӕнӕфсирдӕттӕ. Хъӕуы цӕрджытӕм та ахӕм ӕгъдау ис, ӕмӕ сыхӕгтӕ тыллӕг ӕфснайыны афон кӕрӕдзийӕн феххуыс кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ-иу ӕфсымӕртӕ бирӕ рӕстӕг ӕрвыстой ӕнӕуырнӕг адӕмимӕ» (1 Кор. 15:33).

Джони ӕмӕ Пъавле ӕфсымӕртӕн загътой, цӕмӕй-иу тыллӕг ӕфснайыны рӕстӕг ӕххуысмӕ Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕ фӕдзырдтаиккой, уымӕн ӕмӕ сын уый фылдӕр пайда ӕрхастаид (Еккл. 4:9, 10). Джони загъта: «Уый фӕрцы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фенгомдӕр сты». Ӕртӕ азы фӕстӕ Джони ӕмӕ Пъавле Къахетӕй куы цыдысты, уӕд дзы уыди 5 хистӕр нӕлгоймаджы ӕмӕ 12 кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕры.

Ӕмбырдты фӕрцы арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын райдыдтой

1990 азты райдианмӕ Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырд кодтой гыццыл къордтӕй ӕмӕ уагътой ӕрмӕстдӕр ӕмбырды чиныгахуыр ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр. Уыцы фембӕлдтӕ хъусынгӕнджыты фидар кодтой, фӕлӕ сӕ нысан уый нӕ уыд, цӕмӕй сӕ хъусын кӕнын ахуыр кодтаиккой.

Коммунисты рӕстӕг куы фӕци, уӕд уавӕр фӕивта. Йегъовӕйы организаци ӕмбырдтӕн фехъусын кодта, къуырийы мидӕг цы фембӕлдтӕ уыди, уыдонӕй уӕлдай ма сын кӕй уыдзӕн Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола ӕмӕ Хъусын кӕныны фембӕлд дӕр.

Наили Хуцишвили ӕмӕ йӕ хо Лали Алекперова уыцы фембӕлдтӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысынц. Лали загъта: «Уый диссаджы рӕстӕг уыд. Хотӕн дӕр ӕмбырды хӕслӕвӕрдтӕ кӕй уыдзӕн, уый куы базыдтам, уӕд не ’ппӕт дӕр тынг бацин кодтам».

Наили та радзырдта: «Иу хӕслӕвӕрды хӕдзары хицау сценӕйыл газет касти, хъусынгӕнджытӕ йын йӕ дуар куы бахостой, уӕд. Мидӕмӕ сын куы загъта, уӕд дыууӕ хойы залы дуарӕй ӕрбахызтысты ӕмӕ йӕм асинтыл сценӕмӕ схызтысты!» Лали ма загъта: «Кӕд-иу уыцы фембӕлдтӕ иуӕй-иу хатт ӕнахуыр уыдысты, уӕддӕр уыдоны фӕрцы сахуыр стӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын».

Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг фылдӕр хъуыди

Бирӕ азты дӕргъы ӕфсымӕртӕ цалдӕрӕй хӕдзары мыхуыр кодтой Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ. Пайда кодтой, къопитӕ къухӕй кӕнын кӕуыл хъуыд, ахӕм машинкӕтӕй. Публикацитӕ фылдӕр кӕй хъуыди, уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ иу типографиимӕ баныхас кодтой, цӕмӕй нын нӕ журналтӕ асламдӕрӕй мыхуыр кодтаиккой.

Типографимӕ-иу мыхуыр кӕнынмӕ кӕй хъуамӕ радтаиккой, уыцы журнал цӕттӕ кӕнгӕйӕ-иу ӕфсымӕртӕ газеттӕй дамгъӕтӕ ралыг кодтой ӕмӕ-иу сӕ англисаг журналӕн йӕ фыццаг сыфыл баныхӕстой

Ӕфсымӕртӕ тынг сӕрӕн разындысты, типографимӕ-иу мыхуыр кӕнынмӕ кӕй хъуамӕ радтаиккой, уыцы журнал цӕттӕ кӕнгӕйӕ. Гуырдзиаг ӕвзагмӕ-иу кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы текст-иу англисаг журналмӕ гӕсгӕ машинкӕйыл ныммыхуыр кодтой. Стӕй-иу англисаг журналӕй нывтӕ ралыг кодтой ӕмӕ-иу сӕ мыхуыр сыфтыл баныхӕстой. Уый фӕстӕ-иу, йӕ шрифт рӕсугъд кӕмӕн уыд, ахӕм газеттӕй журналы фыццаг фарсӕн дамгъӕтӕ ралыг кодтой ӕмӕ-иу ыл сӕ баныхӕстой. Афтӕмӕй-иу, типографийы кӕй хъуамӕ мыхуыр кодтаиккой, уыцы журнал сцӕттӕ!

Гуырдзыстоны фыццаг кӕй мыхуыр кодтой, уыцы журналтӕ

Ӕфсымӕртӕм компьютертӕ куы фӕзынд, уӕд дыууӕ ӕрыгон ӕфсымӕры, Левани Къопъалиани ӕмӕ Лери Мирзашвили, компьютеры курсытӕм бацыдысты. Лери радзырдта: «Фӕлтӕрддзинад нын нӕ фаг кодта ӕмӕ-иу нын алы хатт алцы хорз нӕ рауад. Фӕлӕ Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы цыбыр рӕстӕгмӕ сахуыр стӕм мыхуыр кӕнын, стӕй журнал мыхуырмӕ цӕттӕ кӕнын».

Кӕд-иу сӕ хъуыддӕгтӕ, сӕхи куыд фӕндыд, алкӕд афтӕ нӕ рауадысты, уӕддӕр Гуырдзыстоны ӕмбырдтӕ исын райдыдтой, сӕ бӕстӕйы кӕй мыхуыр кодтой, ахӕм хуызджын журналтӕ. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд, ӕфсымӕртӕ кӕй мыхуыр кодтой, уыцы журналтӕ нал фаг кодтой. Раст уыцы афон Йегъовӕйы организаци ӕфсымӕртӕн разамынд радта.

Уавӕр цӕхгӕр фӕивта

1992 азы Петербурджы уыди ӕхсӕнадӕмон конгресс, ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕфсымӕртӕн фадат фӕци, Германийы филиалӕй дзы цы ӕфсымӕртӕ уыд, уыдонимӕ фембӕлынӕн. Генади Гудадзе радзырдта: «Ӕфсымӕртӕ нын бамбарын кодтой, текст куыд фӕтӕлмац кӕнынц, уый. Стӕй нын загътой, фӕстӕдӕр нӕм кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ нын тӕлмац кӕныны хъуыддаджы кӕй баххуыс кӕндзысты».

Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ гуырдзиаг ӕвзагыл мыхуыр кӕнын ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд. Гуырдзиаг ӕвзаджы дамгъӕты хуызӕн ӕндӕр никӕцы ӕвзаджы ис. Ӕмӕ нӕ организацийӕн алыхуызон ӕвзӕгтыл литературӕ мыхуыр кӕнынӕн цы компьютерон программӕ ис (MEPS), уым уыцы рӕстӕг гуырдзиаг алфавит нӕма уыди. Уӕдӕ цӕмӕй гуырдзиаг ӕвзагыл публикацитӕ мыхуыр кодтаиккой, уый тыххӕй бахъуыд ног шрифт ӕрхъуыды кӕнын.

1970 азты кӕрон Датикъашвилиты бинонтӕ Гуырдзыстонӕй Америкӕйы Иугонд Штаттӕм алыгъдысты. Уым фӕстӕдӕр сӕ чызг Маринӕ рӕстдзинад базыдта. Маринӕ стыр ӕххуыс бакодта, Бруклины Вефилы ӕфсымӕртӕ гуырдзиаг дамгъӕтӕ программӕ MEPS-ӕн цӕттӕ кӕнын куы райдыдтой, уӕд. Гыццыл фӕстӕдӕр Германийы ныммыхуыр кодтой цалдӕр буклеты ӕмӕ брошюрӕ «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!».

Тӕлмац кӕныны куыст спълан кӕнынӕн баххуыс кодтой

1993 азы Германийӕ Тбилисимӕ ӕрцыдысты Михаэль Флекенштайн ӕмӕ йӕ бинойнаг Сильвийӕ, цӕмӕй дзы тӕлмацгӕнджыты офис кусын райдыдтаид. Михаэль загъта: «Петербурджы куы фембӕлдыстӕм, уый мӕ нырма рох нӕ уыд. Уымӕй афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ Тбилисимӕ куы ӕрцыдыстӕм ӕмӕ, тӕлмацгӕнджыты къорд куыд хорз кусы, уый куы федтам, уӕд нӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд!»

Лери Мирзашвили, Пъаатъа Морбедадзе ӕмӕ Левани Къопъалиани Тбилисийы тӕлмацгӕнджыты офисы 1993 азы

Цалдӕр мӕйы фӕстӕ 11 тӕлмацгӕнӕджы кусын райдыдтой иу гыццыл агъуысты. Йегъовӕйы организаци тӕлмацгӕнджыты кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы ӕмбырдтӕн ӕдзухдӕр уыди, сӕ уырнындзинад кӕй фӕрцы фидар кодта, ахӕм хӕринаг.

Змӕстыты рӕстӕг дӕр ӕнӕ литературӕйӕ никуы уыдысты

Советон Цӕдис куы ныппырх, уӕд йӕ раздӕры республикӕтӕй бирӕты райдыдтой змӕстытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ кӕрӕдзи ныхмӕ фесты. Ӕмӕ афтӕ уыд йӕ хабар Гуырдзыстонӕн дӕр. Уый тыххӕй фӕндӕгтыл цӕуын, уӕлдайдӕр та ӕндӕр бӕстӕтӕм цӕуын, тынг тӕссаг уыд.

Заза Джикурашвили ӕмӕ Алекъо Гвритъишвили (сӕ бинойнӕгтимӕ) змӕстыты рӕстӕг литературӕ ластой

Иу бон, 1994 азы ноябры, Алекъо Гвритъишвили дыууӕ ӕфсымӕримӕ арӕны сӕрты куы хызтысты, уӕд сӕ ӕфсӕддонтӕ баурӕдтой ӕмӕ сӕ машинӕйӕ рахизын кодтой. Алекъо загъта: «Нӕ литературӕ нын куы федтой, уӕд тынг смӕсты сты. Цыма нӕ марынмӕ хъавыдысты, афтӕ нӕ иу рӕнхъ ӕрлӕууын кодтой. Мах Йегъовӕмӕ скуывтам. Иу-дыууӕ сахаты фӕстӕ нын сӕ иу загъта: „Уӕ литературӕ ахӕссут ӕмӕ цӕугӕ ут ардыгӕй. Фӕлӕ ма уӕ искуы ам куы фенӕм, уӕд уын уӕ машинӕйыл арт бандзардзыстӕм, уӕхи та уын маргӕ акӕндзыстӕм“».

Кӕд ӕфсымӕртӕм ӕртхъирӕн кодтой, уӕддӕр-иу публикацитӕ ӕмбырдтӕм фӕхӕццӕ кодтой. Гуырдзыстонмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ чи ласта ӕмӕ уыцы хъуыддаджы йӕхиуыл чи нӕ ауӕрста, иу ахӕм ӕфсымӕр, Заза Джикурашвили, загъта: «Мах зыдтам, ӕфсымӕрты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй хъӕуы, уый. Нӕ бинойнӕгтӕ нын тынг ӕххуыс кодтой».

Алекъо загъта: «Литературӕ чи ласта, уыцы ӕфсымӕртӕй бирӕтӕн бинонтӕ уыди». Уӕдӕ цымӕ ӕфсымӕртӕ сӕхи тӕссаг уавӕры цӕмӕн ӕппӕрстой? Алекъо ма загъта: «Йегъовӕйӕ бузныг кӕй уыдыстӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзтам, фыццаджыдӕр уый тыххӕй. Стӕй ма нӕ фӕндыд, цӕмӕй нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыдтаиккой, Йегъовӕ сыл куыд тыхсы, мах дӕр сыл афтӕ кӕй тыхсӕм».

Ӕфсымӕрты удуӕлдай лӕггады фӕрцы змӕстыты рӕстӕг ӕмбырдтӕ литературӕ цух никуы уыдысты. Фӕстӕдӕр ӕфсымӕртӕ литературӕ ласын райдыдтой, Германи ӕмӕ Гуырдзыстоны ’хсӕн цы ӕдас фӕндӕгтӕ уыд, уыдоныл.

Сӕ уырнындзинад афоныл бафидар

1995 азы бӕстӕйы политикон уавӕр фӕхуыздӕр, ӕмӕ Гуырдзыстоны хъуамӕ ацыдаид фыццаг облӕстон конгресс. 1996 азы сӕрды конгресс уыд ӕртӕ раны: Горийы, Марнеулийы ӕмӕ Цънорийы. Уыди дзы 6 000 адӕймаджы бӕрц Гуырдзыстоны алы рӕттӕй.

Ӕвдисӕнтӕ облӕстон конгрессы Горимӕ ’ввахс, 1996 аз

Уыцы конгресс уӕлдай тынгдӕр бахъуыды кодтой, конгресмӕ Горимӕ чи ӕрцыд, уыдон. Кӕддӕр ӕфсымӕрты ныфс дӕр нӕ уыд, Ӕрымысӕн изӕр кӕм бӕрӕг кодтой, уыцы зал адӕмӕй кӕй байдзаг уыдзӕн. Ныр та конгресмӕ хъуамӕ ӕрбацыдаид дыууӕ мин адӕймагӕй фылдӕр. Фӕлӕ уыйбӕрц адӕм кӕм бацыдаид, ахӕм бынат ссарын сӕ бон нӕ уыд. Ӕмӕ уӕд сфӕнд кодтой конгресс горӕтмӕ ’ввахс хохрӕбын иу рӕсугъд бынаты ауадзын.

Конгрессы комитеты чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕй иу, Къакъо Ломидзе, загъта: «Программӕйы фӕстӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвыстой, зарджытӕ зарыдысты ӕмӕ зӕрдӕбын ныхӕстӕ кодтой. Бӕрӕг уыд, Хуыцауы адӕм кӕрӕдзи кӕй уарзынц» (Иоан. 13:35).

Цӕуӕг цӕстдарджыты ӕххуысы фӕрцы фылдӕр кодтой

1996 азӕй фӕстӕмӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕ райдыдтой алы ӕмбырд дӕр ӕнӕхъӕн къуыри бӕрӕг кӕнын. Уый тыххӕй снысан кодтой ног цӕуӕг цӕстдарджыты, цӕмӕй ӕххуыс кодтаиккой, уӕдмӕ дӕр Гуырдзыстоны цӕстдарджытӕй чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕртӕн.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы цӕуӕг цӕстдарджыты фыдӕбон ӕмӕ иузӕрдион лӕггады фӕрцы ӕмбырдтӕ фылдӕр кодтой ӕмӕ Хуыцауы организацийы амындтӕ ноджы хуыздӕр ӕххӕст кодтой (1 Фес. 1:3). 1990 азӕй 1997 азмӕ хъусынгӕнджыты нымӕцыл тынг бирӕ бафтыд. Кӕд 1990 азы уацамынды хыгъд 904 хъусынгӕнӕджы лӕвӕрдтой, уӕд авд азы фӕстӕ та хорз хабар хъусын кодтой 11 082 адӕймаджы!

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Гуырдзыстоны фӕзындысты цалдӕр дӕс азы размӕ. Ӕмӕ кӕд уыцы заман тынг гыццыл уыдысты, уӕд ныр та бӕстӕйы алы рӕтты дӕр уыдысты тынг бирӕ. Фӕлӕ ма Йегъовӕ йӕ адӕмӕн Гуырдзыстоны бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта.