Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕллаг Сванети

ГУЫРДЗЫСТОН

Цыбыртӕй Гуырдзыстоны тыххӕй

Цыбыртӕй Гуырдзыстоны тыххӕй

Сӕнӕфсир тоныны рӕстӕг у цины рӕстӕг

Территори. Гуырдзыстон зындгонд у йӕ диссаджы рӕсугъд бӕрзонд урссӕр хӕхтӕй. Кӕцыдӕр хӕхтӕн сӕ бӕрзӕнд у 4 500 метрӕй фылдӕр. Гуырдзыстон дих кӕны дыууӕ стыр хайыл – скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕн Гуырдзыстоныл. Уыцы хӕйттӕй алкӕцыйы дӕр ис цалдӕр регионы, ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр ис йӕхи климӕт, ӕгъдӕуттӕ, музыкӕ, кӕфтытӕ ӕмӕ хӕринӕгтӕ.

Цӕрджытӕ. Цӕры дзы 3,7 милуан адӕймаджы бӕрц ӕмӕ сӕ фылдӕр сты гуырдзиӕгтӕ.

Дин. Цӕрджытӕн сӕ фылдӕр хӕст сты православон чырыстон диныл, 10 проценты бӕрц та – пысылмон диныл.

Ӕвзаг. Гуырдзиаг ӕвзаг, сыхаг бӕстӕты чи цӕры, уыцы адӕмыхӕттыты ӕвзӕгтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕу. Йӕ алфавит дӕр никӕцы ӕвзаджы алфавиты хуызӕн у ӕмӕ, историон документтӕм гӕсгӕ, фӕзынд нӕ эрӕйы размӕ.

Хӕдзарад. Адӕмӕй бирӕтӕ цӕрынц зӕххы куысты фӕрцы. Фӕстаг рӕстӕг Гуырдзыстонмӕ туристтӕ цӕуын кӕй райдыдтой, уый фӕрцы экономикӕйы уавӕр фӕхуыздӕр.

Климӕт. Скӕсӕн хайы климӕт у фӕлмӕн. Ныгуылӕн хайы, Сау денджызы был, климӕт у субтропикон, ӕмӕ дзы парахатӕй зайы цитрустӕ.

Къахеты сӕнӕфсир тонынц

Хӕринаг. Гуырдзыстоны алы фынгыл дӕр вӕййы дзул. Гуырдзиаг дзул фыцынц торнейы. Сӕйраг хӕринаг у дзидзайӕ хӕринаг халсартимӕ, хъацӕнтимӕ ӕмӕ бирӕ кӕрдӕджытимӕ. Сӕн дзы кӕнынц рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр. Арӕхдӕр сӕн фенхъизын кӕнынц ӕмӕ фӕдарынц быркуыты. Бирӕтӕн сӕхимӕ ис сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сӕн сӕхӕдӕг аразынц. Гуырдзыстоны зайы иу-500 хуызы сӕнӕфсир.

Сылгоймаг хыссӕ кӕны