ГУЫРДЗЫСТОН
Йегъовӕйы разамынд агуырдтон
Тамази Библаиа
-
РАЙГУЫРД: 1954 аз.
-
ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1982 аз.
-
ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: ӕххуыс кодта литературӕ сусӕгӕй мыхуыр кӕнынӕн, уыд Гуырдзыстоны фыццаг цӕуӕг цӕстдарджытӕй иу, уыцы рӕстӕг ма цыппар сывӕллоны дӕр хъомыл кодта.
МӔ МАД тынг смӕсты, мӕ бинойнаг Цицоимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы систӕм, уӕд. Иубон нын нӕ хиуӕтты иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта – ныфс ӕй уыд, мӕ дин мын кӕй ныууадзын кӕндзысты. Загътой мын, зӕгъгӕ, равзар: кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, кӕнӕ дӕ бинонтӕ.
Ӕз сфӕнд кодтон Кутаисимӕ ацӕуын, Гуырдзыстоны стырдӕр горӕттӕй дыккагмӕ. Слесырӕй кӕй куыстон, уымӕ гӕсгӕ уым куыст ӕнцонтӕй ссардтаин. Стӕй ма зыдтон, Кутаисийы хъусынгӕнджытӕ фаг кӕй нӕ уыд, ӕмӕ Йегъовӕйы разамынд агуырдтон.
Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр фембӕлдтӕн, Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонӕй иуыл. Уый цард иу гыццыл горӕты, Джварийы. Кутаисимӕ цӕуынвӕнд кӕй кӕнын, уый куы базыдта, уӕд мын балӕгъстӕ кодта, Джваримӕ рацу, зӕгъгӕ. Загъта мын: «Хӕдзар нын дзы ис. Иу уаты ӕз мӕ бинойнаг ӕмӕ мӕ сывӕллӕттимӕ уыдзынӕн, иннӕ уаты та – ды дӕ бинойнагимӕ».
Йегъовӕйы разамынд кӕй агуырдтон, уымӕ гӕсгӕ йын загътон, Джваримӕ рӕстӕгмӕ кӕй ацӕудзынӕн, куыст дӕр ӕмӕ дзы цӕрӕнбынат дӕр тагъд куы ссарон, ӕрмӕстдӕр уӕд. Мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, уыцы изӕр мӕм куы ӕрбацыд, ӕмӕ, кусӕг кӕмыты хъӕуы, уыцы куыстуӕтты номхыгъд мын куы ӕрбахаста, уӕд.
Цалдӕр боны фӕстӕ мӕ бинонтимӕ Джварийы ӕрцардыстӕм. Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ мын ахӕм стыр мызд фыстой, ӕмӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн. Уыцы куыстуатӕн цы стыр хӕдзар уыд, уым нын мӕ ног куысты хицау цӕрӕнбынат радта. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мын ӕфсымӕртӕ загътой, цӕмӕй Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ сусӕгӕй мыхуыр кӕнынӕн ӕххуыс кодтаин. Бирӕ бынат нӕм кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ мӕ бинойнагимӕ сразы стӕм.
Бирӕ азты дӕргъы нӕ хӕдзары уагътой Ӕрымысӕн изӕр ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фембӕлдтӕ. 500 адӕймагӕй фылдӕр та нӕм донаргъуыд райстой! Тынг цин кӕнын, Йегъовӕ мын цы разамынд лӕвӕрдта, уый кӕй федтон ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕй архайдтон!