Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ГУЫРДЗЫСТОН

Мӕ сӕрыхицау кӕсынӕй нал ӕфсӕст!

Маринӕ Къопъалиани

Мӕ сӕрыхицау кӕсынӕй нал ӕфсӕст!
  • РАЙГУЫРД: 1957 аз.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1990 аз.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: Маринӕ ӕмӕ йӕ сӕрыхицау Бадри хъомыл кодтой дыууӕ фырты ӕмӕ уыдысты зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ. Фӕстӕдӕр Бадри лӕггад кодта бӕстӕйы комитеты ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уыд суанг йӕ мӕлӕты онг, амард 2010 азы.

1989 азы мӕ сӕрыхицауимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фембӕлдыстӕм нӕ уынджы. Ӕфсымӕр Гиви Барнадзе нӕ сыхагимӕ Библи ахуыр кодта, фӕлӕ йӕм Библи нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг Гуырдзыстоны Библи ссарын зын уыд.

Цы нын радзырдтой, уый нӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ Библи самал кӕнынвӕнд скодтам. Мӕ сӕрыхицау йе ’фсымӕры куы федта, уӕд ын ской кодта, Библи мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕм диссаг куыннӕ фӕкастаид, йе ’фсымӕр ын куы загъта, ӕрӕджы гуырдзиаг ӕвзагыл Библийы ног тӕлмац кӕй балхӕдта ӕмӕ йын ӕй кӕй балӕвар кӕндзӕн.

Бадри хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд Библи райста ӕмӕ йӕ суанг изӕрмӕ фӕкаст. Райсомӕй куы райхъал, уӕд та кӕсын райдыдта. Куыстӕй куы ’рбацыдтӕн, уӕд та йӕ кӕсгӕ ӕрбаййӕфтон. Библи кӕсынӕй нал ӕфсӕст! Ӕз ын загътон, цӕмӕй цалдӕр бонмӕ йӕхи куыстӕй ракура, ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй бакӕса. Цыбыр рӕстӕгмӕ Бадри Библи ӕнӕхъӕнӕй каст фӕци.

Фӕстӕдӕр ӕфсымӕр Барнадзе немӕ чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад» ахуыр кӕнын райдыдта. Мах цин кодтам, уымӕн ӕмӕ махмӕ уыд Библи, чиныг та нӕм нӕ уыд, ӕфсымӕрмӕ та чиныг уыд, фӕлӕ йӕм Библи нӕ уыд. Афӕдзы бӕрц куы рацыд, уӕд Бадриимӕ донаргъуыд райстам.