Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ГУЫРДЗЫСТОН

Мӕхи цӕстӕй федтон, Библийы цы фыст ис, уый!

Пепо Девидзе

Мӕхи цӕстӕй федтон, Библийы цы фыст ис, уый!
  • РАЙГУЫРД: 1976 аз.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1993 аз.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ цыди Гуырдзиаг православон аргъуанмӕ ӕмӕ аргъуаны ӕгъдӕуттӕ иууылдӕр ӕххӕст кодта. Рӕстдзинад куы базыдта, уый фӕстӕ йӕ сӕрыхицауимӕ лӕггад кодтой Вефилы. Ныр лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй.

ЙЕГЪОВӔЙЫ Ӕвдисӕнты тыххӕй фыццаг хатт фехъуыстон, скъолайы фӕстӕ Кутаисийы куы ахуыр кодтон, уӕд. Мӕ сыхаг мын загъта, Ӕвдисӕнтӕ Хуыцаумӕ иконӕты уылты кӕй нӕ кувынц, стӕй Чырыстийы Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕй нӕ хонынц. Ӕз та, православон чырыстон, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтон.

1992 азы сӕрды мӕ райгуырӕн горӕт Цагеримӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд федтон, Ӕвдисӕнтӕ уым дӕр кӕй хъусын кодтой. Мӕ мад уыцы адӕмы тыххӕй бирӕ хорз цыдӕртӕ фехъуыста. Ӕмӕ сӕм ӕз ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кастӕн, уымӕ гӕсгӕ мын загъта: «Ацу, ӕмӕ дӕхӕдӕг байхъус, цы дзурынц, уымӕ».

Дыууӕ пионеры, Пъавле ӕмӕ Пъаатъа, нӕ сыхӕгтӕм цыдысты. Сӕ фарсмӕ чи цард, уыдонӕй-иу сӕм бирӕтӕ ӕрбацыдысты байхъусынмӕ ӕмӕ-иу сӕм фарстатӕ лӕвӕрдтой. Гъемӕ загътон, цом, ӕз дӕр сӕм бацӕуон, зӕгъгӕ. Фарста-иу куы радтон, уӕд-иу ӕфсымӕртӕ Библи байгом кодтой ӕмӕ-иу мын загътой, цӕмӕй стих мӕхӕдӕг бакӕсон. Уый мыл тынг бандӕвта. Мӕхи цӕстӕй федтон, Библийы цы фыст ис, уый!

Гыццыл фӕстӕдӕр ӕз дӕр цӕуын райдыдтон, ӕфсымӕртӕ Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыцы къордмӕ. Иннӕ сӕрды дӕс адӕймагӕй донаргъуыд райстам. Фӕстӕдӕр мӕ мад дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси.

Ӕфсымӕртӕй тынг бузныг дӕн, мӕ алы фарстайӕн дӕр мын дзуапп Библийы кӕй ӕвдыстой, уый тыххӕй. Уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕ къух систаин, раздӕр цӕуыл ӕууӕндыдтӕн, уыдӕттыл. Мӕ фарстайӕн-иу дзуапп Библийы кӕй бакастӕн, уый мын тынг баххуыс кодта. Ӕмӕ цӕмӕй ӕз дӕр адӕмӕн рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн баххуыс кӕнон, уый тыххӕй сын дзуапп Библийы равдисын.