Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕмбырд денджызы был Сухумимӕ ’ввахс, 1989 аз

ГУЫРДЗЫСТОН | 1924–1990

Рӕстдзинад чи агуырдта, уыдонӕй фыццӕгтӕ

Рӕстдзинад чи агуырдта, уыдонӕй фыццӕгтӕ

1920 азты райдианы Библииртасджытӕ зӕрдиагӕй архайдтой, цӕмӕй Гуырдзыстоны ссардтаиккой, рӕстдзинад чи агуырдта, ахӕм адӕмы. 1924 азы горӕт Бейруты, Ливаны, байгом кодтой филиал. Филиал хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд лӕвӕрдта цалдӕр бӕстӕйы, зӕгъӕм, Гуырдзыстоны, Сирийы, Сомихы ӕмӕ Турцийы.

Кӕд Гуырдзыстоны уыцы рӕстӕг рӕстдзинады мыггӕгтӕ кӕмдӕрты тыд ӕрцыд, уӕддӕр фыццаг бӕрӕг нӕ уыд, сӕ фыдӕбонӕй исты рауад ӕви нӕ (Матф. 13:33). Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар Гуырдзыстоны апарахат ӕмӕ бирӕтӕн сӕ цард цӕхгӕр фӕивта.

Рӕстдзинадмӕ бӕллыд

Дыккаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд Васо Квениашвилийыл цыд 14 азы. Уыцы рӕстӕг Гуырдзыстон хауд Советон Цӕдисмӕ, ӕмӕ йын йӕ фыды Сырх ӕфсадмӕ акодтой. Уӕдмӕ Васойӕн йӕ мад амард. Васо цоты хистӕр уыд, ӕмӕ цӕмӕй йӕ кӕстӕр хо ӕмӕ ’фсымӕрты фӕдардтаид, уый тыххӕй давын райдыдта.

Васо иу бандӕимӕ сбӕндӕн ӕмӕ дзы фӕстагмӕ фыдгӕнӕг рауад. Васо загъта: «Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ фыдгӕнджытӕм хицауадӕй ӕмӕ ӕнӕуи адӕмӕй фылдӕр рӕстдзинад ис». Фӕлӕ уый фӕстӕ бамбӕрста, цы агуырдта, уый адӕммӕ кӕй не ссардзӕн. Васо загъта: «Рӕстдзинадмӕ йеддӕмӕ ницӕмӕ бӕллыдтӕн».

Васо Квениашвили 1964 азы, ахӕстонӕй куы рацыд, уый хӕдфӕстӕ

Фӕстӕдӕр Васойы ӕрцахстой, ӕмӕ йӕ Сыбырмӕ, тыхкуыст кӕнын кӕм кодтой, ахӕм лагермӕ арвыстой. Уым базонгӕ, йӕ дины тыххӕй ахӕстоны чи бадти, иу ахӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнимӕ. Васо загъта: «Цы агуырдтон, уый ссардтон. Литературӕ нӕм нӕ уыд, фӕлӕ тынг архайдтон, цӕмӕй бахъуыды кодтаин, уыцы ӕфсымӕр мын цы дзырдта, уыдӕттӕ».

1964 азы Васойы суӕгъд кодтой, ӕмӕ фӕстӕмӕ Гуырдзыстонмӕ ӕрыздӕхт. Уым Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты агурын райдыдта. Ахӕстоны кӕимӕ бадт, уыцы ӕфсымӕримӕ цасдӕр рӕстӕг кӕрӕдзимӕ писмотӕ фыстой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, ӕфсымӕр амард, Васо та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕндӕр никӕй зыдта. Васойы бахъуыди дыууын азы бӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ та ногӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл нӕ сӕмбӕлд, уӕдмӕ. Йӕ хабарыл ын фӕстӕдӕр бӕстондӕр аныхас кӕндзыстӕм.

Зындзинӕдты рӕстӕг арфӕдзинадӕй схайджын

Ӕмбырд хъӕды

Иу ӕрыгон гуырдзиаг сылгоймаг Валентинӕ Миминошвили кӕд концлагермӕ бахауд, уӕддӕр ын уый ӕрхаста стыр арфӕдзинад. Уым фыццаг хатт фембӕлд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл. Ӕппӕты тынгдӕр ӕй дисы ӕфтыдта сӕ фидар уырнындзинад. Библийӕ йын цы дзырдтой, уый йын йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта.

Хӕсты фӕстӕ хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд иннӕтӕн дзырдта, Библийӕ цы базыдта, уыдӕттӕ. Фӕлӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ бынӕттон хицӕуттӕ уый куы базыдтой, уӕд ӕй дӕс азмӕ Уӕрӕсемӕ лагермӕ арвыстой. Уым та Валентинӕ ногӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл сӕмбӕлд ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райста.

1967 азы Валентинӕ лагерӕй куы рацыд, уӕд ӕрцард Гуырдзыстоны ныгуылӕн хайы ӕмӕ та ногӕй хорз хабар хъусын кӕнын райдыдта, ӕрмӕст сусӕгӕй. Валентинӕ хъуыды дӕр никуы акодтаид, тагъд йӕ фӕрцы Йегъовӕ кӕйдӕр зӕрдиаг куывдӕн дзуапп кӕй ратдзӕн.

Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕ фехъуыста

1962 азы хо Антонинӕ Гудадзе Сыбырӕй Гуырдзыстонмӕ ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ йе ’нӕуырнӕг сӕрыхицауы бафӕндыд йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхын. Антонинӕ йӕхӕдӕг Сыбырӕй уыд ӕмӕ рӕстдзинад базыдта, уырдӕм кӕй ахастой, уыцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй. Ӕмӕ йӕ сӕрыхицауимӕ Гуырдзыстоны скӕсӕн хайы, горӕт Хашурийы, куы ӕрцард, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй фӕхицӕн.

Гудадзеты бинонтӕ 1960 азты

Антонинӕ радзырдта, Йегъовӕ йын йӕ куывд куыд фехъуыста, уый тыххӕй: «Иубон мын мӕ мад Сыбырӕй къоппы цыдӕртӕ ӕрӕрвыста. Къоппы уыди литературӕ ӕмбӕхст. Ӕмӕ афтӕ ӕхсӕз азы дӕргъы литературӕ истон. Алы хатт дӕр-иу Йегъовӕйӕн бузныг загътон, разамынд мын кӕй лӕвӕрдта, кӕй мӕ фидар кодта ӕмӕ мыл кӕй тыхст, уый тыххӕй».

Фӕлӕ уӕддӕр Антонинӕ иунӕг уыди. Антонинӕ радзырдта: «Ӕдзух Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй та ногӕй мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртимӕ уыдаин. Уӕйгӕнӕгӕй цы дуканийы куыстон, уырдӕм иубон дыууӕ сылгоймаджы ӕрбацыд ӕмӕ мӕ бафарстой, ды Антонинӕ нӕ дӕ, зӕгъгӕ. Сӕ фӕлмӕн мидбылхудтмӕ гӕсгӕ йӕ бамбӕрстон, мӕ хотӕ кӕй сты. Кӕрӕдзийӕн фӕхъӕбыстӕ кодтам ӕмӕ фӕкуыдтам».

Уыцы хотӕй иу уыд Валентинӕ Миминошвили. Антонинӕ тынг бацин кодта, Гуырдзыстоны ныгуылӕн хайы ӕмбырдтӕ кӕй вӕййы, уый куы базыдта, уӕд. Ӕмбырдмӕ-иу мӕй иу хатт ацыд, кӕд ӕй ӕрмӕст иуырдӕм 300 километры цӕуын хъуыди, уӕддӕр.

Рӕстдзинад уидӕгтӕ ауагъта Ныгуылӕн Гуырдзыстоны

1960 азты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Советон Цӕдисы сӕ фӕдыл кӕм зылдысты, уыцы рӕттӕй лыгъдысты, хицауад сӕ афтӕ тынг кӕм нӕ хъыгдардтаид, ахӕм бынӕттӕм. Уыцы Ӕвдисӕнтӕй иу уыди зынгзӕрдӕ ӕфсымӕр Владимир Гладюк. 1969 азы Владимир Украинӕйӕ ралыгъд Ныгуылӕн Гуырдзыстонмӕ, горӕт Зугдидимӕ.

Любӕ ӕмӕ Владимир Гладюк

Гуырдзыстонмӕ чи ӕрцыд, уыдон фыццаг рӕстӕг фембӕлдтӕ уагътой уырыссаг ӕвзагыл. Фӕлӕ ӕмбырдты гуырдзиӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр куы кодтой, уӕд фембӕлдтӕ уадзын райдыдтой гуырдзиаг ӕвзагыл. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг размӕ цыд, ӕмӕ 1970 азы августы донаргъуыд райста 12 адӕймаджы.

1972 азы уалдзӕджы Владимир йӕ бинонтимӕ алыгъд ноджы дарддӕр ныгуылӕнырдӕм, Сау денджызы былмӕ, горӕт Сухумимӕ. Владимир загъта: «Уырнындзинады хъуыддаджы нӕхимӕ тынг хъӕздыг кастыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ бузныг уыдыстӕм, цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй нӕ хайджын кодта, уый тыххӕй. Цыбыр рӕстӕгмӕ хъусынгӕнджыты нымӕцыл дзӕвгар бафтыд». Уыцы уалдзӕг Сухумийы фыццаг хатт сбӕрӕг кодтой Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр, уыди дзы 45 адӕймаджы.

«Сӕ алы ныхас дӕр мӕ зӕрдӕйыл ӕмбӕлд»

1973 азы райдианы Сухумийы чидӕртӕ рӕстдзинад уайтагъд сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Уыдонӕй иу уыди Бабуца Джеджелавӕ. Ныр ыл цӕуы 90 азӕй гыццыл фылдӕр. Бабуца радзырдта: «Иубон кӕсын, ӕмӕ цыппар сылгоймаджы цӕуылдӕр тынг зӕрдиагӕй ныхас кӕнынц. Дыууӕйӕ дзы моладзантӕ уыдысты, иннӕ дыууӕ та, фӕстӕдӕр куыд базыдтон, афтӕмӕй уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ». Хотӕй иу уыди Владимир Гладюкы бинойнаг Любӕ, иннӕ та – зынгзӕрдӕ пионер Украинӕйӕ, Иттӕ Сударенко.

Бабуца Джеджелавӕ 1979 азы ӕмӕ 2016 азы

Бабуца сын сӕ ныхӕстӕ хъуыста, ӕмӕ тынг бацымыдис. Бабуца загъта: «Сӕ алы ныхас дӕр мӕ зӕрдӕйыл ӕмбӕлд». Хуыцауӕн ном кӕй ис, уый куы фехъуыста, уӕд сӕм ӕввахсдӕр бацыд ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй йын ӕй Библийы равдисой. Тынг бирӕ фарстатӕ йӕм уыди, ӕмӕ ӕртӕ сахаты фӕныхӕстӕ кодтой.

Бабуца тарсти, Ӕвдисӕнтыл куы нал сӕмбӕла, ӕмӕ сӕ бафарста: «Ныр хъуамӕ ацӕуат ӕмӕ мӕ ныууадзат?»

Хотӕ йын загътой: «Нӕ дӕ ныууадздзыстӕм. Иннӕ сабаты дӕм ӕрбацӕудзыстӕм».

Сабаты уыцы дыууӕ хойы Бабуцамӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд ма йӕ цинӕн кӕрон кӕм уыд! Уыцы бон йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Ахуыры кӕрон та Бабуца тыхсын райдыдта. Тарсти, Хуыцауы адӕм куы ацӕуой, уӕд сӕ куы нал ссара, уымӕй. Ӕмӕ йӕхицӕн загъта: «Ацы адӕмы ссардтон, ӕмӕ сӕ ныр нал фӕхицӕн уыдзынӕн».

Бабуца радзырдта, цы диссаджы хъуыды йӕм фӕзынд, уый тыххӕй: «Любӕ моймӕдзыд кӕй у, уый зыдтон ӕмӕ уӕд Иттӕйы бафарстон, чындзыцыд дӕ, зӕгъгӕ. Иттӕ «нӕ» куы загъта, уӕд ын афтӕ бакодтон: „Мӕнмӕ рацу цӕрынмӕ. Ис мӕм дыууӕ сынтӕджы, се ’хсӕн та – лампӕ. Библи-иу лампӕйы бын ӕрӕвӕрдзыстӕм ӕмӕ-иу Библийыл ӕхсӕв дӕр ныхас кӕндзыстӕм!“» Ӕмӕ Иттӕ дӕр сразы.

Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Бабуца радзырдта: «Хатт-иу ӕхсӕвы фынӕй дӕр нӕ бадӕн, цы-иу базыдтон, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Ӕвиппайды-иу мӕм исты фарста куы фӕзынд, уӕд-иу Иттӕйы райхъал кодтон ӕмӕ-иу ын загътон: „Иттӕ, дӕ Библи-ма бакӕн, фарста мӕм ис!“ Уый-иу йӕ цӕстытӕ аууӕрста ӕмӕ-иу мын загъта: „Хорз, хорз. Ныртӕккӕ“. Стӕй-иу йӕ Библи байгом кодта ӕмӕ-иу мын мӕ фарстайӕн дзуапп равдыста». Иттӕ Бабуцамӕ ӕртӕ боны йеддӕмӕ нӕма ацард, афтӕ Бабуца хорз хабар хъусын кӕнын райдыдта!

Бабуцайӕн уыд иу хорз ӕмбал, Нателӕ Чаргеишвили. Бабуца загъта: «Хъуыды кодтон, хъӕздыг кӕй у, уый тыххӕй рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ нӕ айсдзӕн. Фӕлӕ хабар афтӕ нӕ рауад, ӕмӕ тынг цин кодтон. Йемӕ иу хатт аныхас кодтон, ӕмӕ уый дӕр фаг уыд, цӕмӕй рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айстаид». Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ дыууӕйӕ дӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой се ’мбӕлттӕн, се ’мкусджытӕн ӕмӕ сӕ сыхӕгтӕн.