ГУЫРДЗЫСТОН | 1991–1997
«Рӕзын... [ӕй] кодта Хуыцау» (1 Кор. 3:6).
1991 азы Советон Цӕдис куы ныппырх, уӕд Гуырдзыстон хӕдбар паддзахад сси. Фӕлӕ политикон ивындзинӕдтӕ ӕмӕ, адӕм кӕй змӕстой, уый уайтагъд царды уавӕртыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынд. Генади Гудадзе уыцы азты лӕггад кодта районон цӕстдарӕгӕй ӕмӕ ма йӕ хъуыды кӕны, адӕм-иу ӕнӕхъӕн бон дзулмӕ рады куыд фӕлӕууыдысты.
Уӕд-иу Ӕвдисӕнтӕ арӕх хъусын кодтой, рады чи лӕууыд, уыдонӕн. Генади загъта: «Уыцы зын рӕстӕджы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ алчидӕр иста. Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уыдон-иу нын сӕ адристӕ гӕххӕттыл ныффыстой, ӕмӕ-иу нӕм сӕдӕгай адристӕ ӕрӕмбырд».
Алы фембӕлды фӕстӕ дӕр-иу бӕрнон ӕфсымӕртӕ бакастысты, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уыцы адӕмы нӕмттӕ ӕмӕ адристӕ. Ӕмӕ-иу сӕ уый фӕстӕ хъусынгӕнджытӕ хъуамӕ абӕрӕг кодтаиккой.
Ӕфсымӕр Левани Сабашвили лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй Тбилисийы. Левани радзырдта иу лӕг ӕмӕ усы хабар. Уыдоны дӕр фӕндыд, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бабӕрӕг кодтаиккой. «Цы адристӕ нӕм уыд, уыдон иууылдӕр хъусынгӕнджытӕ райстой. Фӕлӕ ацы лӕг ӕмӕ усмӕ ацӕуын никӕй бафӕндыд, дард кӕй цардысты, стӕй нӕ бирӕтӕн цалдӕргай Библийы ахуыры кӕй уыд, уый тыххӕй».
Цалдӕр мӕйы фӕстӕ та уыцы лӕг ӕмӕ ус ногӕй ныффыстой, цӕмӕй сӕ бабӕрӕг кодтаиккам. Стӕй та ӕртыккаг хатт дӕр. Ацы хатт Ӕвдисӕнтӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй Хуыцауы раз сӕ тугӕй сыгъдӕг уыдаиккой (Хъуыд. 20:26, 27). Левани загъта: «Уый уыди ног азы рӕстӕг, ӕмӕ-иу уӕд арӕхдӕр адӕммӕ хӕдзӕрттӕм нӕ цыдыстӕм. Фӕлӕ ахъуыды кодтам, ацы адӕммӕ ӕнӕцӕугӕ нӕй, зӕгъгӕ».
Уыцы лӕг ӕмӕ ус, Роини ӕмӕ Нанӕ, иу хъызт райсом сӕ дуармӕ Левани ӕмӕ ма иу ӕфсымӕры куы федтой, уӕд сӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыдысты. Хуыцауы Ныхасӕй ӕххормаг лӕг ӕмӕ ус уайтагъд Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Ныр Роини ӕмӕ Нанӕ сӕ цотимӕ пионертӕй лӕггад кӕнынц.
Адӕммӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕныны тыххӕй сӕхиуыл нӕ ауӕрстой
Рӕстдзинад-иу чи базыдта, уыдон-иу Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыдысты, ӕмӕ-иу иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй сӕ рӕстӕг, сӕ тыхтӕ ӕмӕ се ’хца не ’вгъау кодтой. Кӕд Бадри ӕмӕ Маринӕ Къопъалианийӕн цот уыди, уӕддӕр-иу уыдон дӕр дард хъӕутӕм ацыдысты, цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн Хуыцауы базонынӕн ӕххуыс кодтаиккой.
Улӕфгӕ бонты-иу Бадри ӕмӕ Маринӕ сӕ дыууӕ фыртимӕ, Гоча ӕмӕ Леванимӕ, ацыдысты Душеты районмӕ. Уый ис рӕсугъд хӕхбӕсты, Тбилисийӕ цӕгатырдӕм.
Хатт-иу дард хъӕутӕм къӕдз-мӕдз фӕндӕгтыл фӕцыдысты 150 километры бӕрц.Иубон иу сылгоймаг Бадри ӕмӕ Маринӕйы фӕхуыдта, кӕм куыста, уырдӕм. Бадри радзырдта: «Бацыдыстӕм, иу-50 адӕймаджы нӕм кӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, ахӕм стыр къомнӕтмӕ. Фыццаг фӕтыхстӕн, фӕлӕ Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ семӕ ныхас кӕнын райдыдтон, Матфейы 24 сӕры фӕстаг бонты тыххӕй цы фыст ис, ууыл. Чидӕр мӕ дзы уыцы дисхуызӕй бафарста: „Уыцы хабӕрттӕ нын нӕ сауджынтӕ цӕуылнӕ дзурынц?“»
Ӕрымысӕн изӕр бирӕты бацымыдис кодта
Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры фӕрцы дӕр рӕстдзинады тыххӕй бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм фехъуыстой. Зӕгъӕм, 1990 азы Тбилисийы Ӕрымысӕн изӕр уыд хо Ийӕ Бадридзейы хӕдзары. Уыцы хабар йӕ сыхӕгты тынг бацымыдис кодта.
Хо Ийӕ Бадридзе ӕфсымӕртӕн загъта, сӕ бон кӕй у Ӕрымысӕн изӕр йӕ квартирӕйы ауадзын. Йӕ сывӕллӕттимӕ зал равдӕлон кодта, цӕмӕй дзы фылдӕр бынат
уыдаид. Фӕлӕ цымӕ фаг бандӕттӕ кӕм хъуамӕ ссардтаид? Искӕмӕ-иу исты стыр бадт куы уыд, уӕд-иу стъӕлттӕ ӕмӕ бандӕттӕ прокаты райстой. Ийӕ ӕрмӕстдӕр бандӕттӕ кӕй иста, уымӕ гӕсгӕ йӕ, кӕмӕй сӕ иста, уыдон бафарстой: «Стъӕлттӕ дӕ нӕ хъӕуы? Хӕргӕ та цӕуыл кӕндзыстут?»Хо Ийӕ бацархайдта, цӕмӕй, Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр йӕ квартирӕйы 13-ӕм уӕладзыджы бынӕттӕ уыдаид. Диссаг, фӕлӕ йӕм ӕрбацыд 200 адӕймаджы! Йӕ сыхӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй бирӕ фарстатӕ фӕзынд.
Ферох кӕнӕн кӕмӕн нӕ уыд, уыцы Ӕрымысӕн изӕр
1992 азы ӕфсымӕртӕ бӕстӕйы алы рӕтты баххуырстой стыр залтӕ, цӕмӕй дзы Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кодтаиккой. Давит Самхарадзе цард Горийы ӕмӕ хъуыды кӕны, цӕуӕг цӕстдарӕг сӕ, Ӕрымысӕн изӕр кӕм бӕрӕг кӕндзысты, уымӕй кӕй бафарста.
Кӕйдӕр хӕдзары йӕ кӕй бӕрӕг кӕндзысты, уый куы базыдта, уӕд сӕ бафарста: «Ӕмӕ уӕ горӕты стыр зал баххуырсӕн нӕй?» Стыр залы цыди 1 000 адӕймагӕй фылдӕр, хъусынгӕнджытӕ та 100 адӕймагӕй гыццыл фылдӕр йеддӕмӕ нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сӕ стыр зал ӕххуырсын нӕ хъӕуы.
Уӕд нын цӕуӕг цӕстдарӕг загъта: «Алы хъусынгӕнӕг дӕр дӕс адӕймаджы куы фӕхона, уӕд зал байдзаг уыдзӕн». Ӕмӕ кӕд хъусынгӕнджыты йӕ ныхӕстӕ нӕ бауырныдтой, уӕддӕр сын куыд загъта, афтӕ бакодтой. Ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ 1 036 адӕймаджы куы ӕрбацыд, уӕд сӕ дисӕн ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нал уыд!Зынгзӕрдӕ пионертӕ ног бынӕттӕм цыдысты
1992 азмӕ Гуырдзыстоны уыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕма хъусын кодтой, ахӕм районтӕ. Фӕлӕ цымӕ хъусынгӕнджытӕ уырдӕм хорз хабар куыд хъуамӕ фӕхӕццӕ кодтаиккой, кӕд бӕстӕйы экономикӕ тынг ӕвзӕр уавӕры уыд, уӕд?
Уыцы рӕстӕг Тамази Библаиа цард Гуырдзыстоны ныгуылӕн хайы. Тамази радзырдта: «Цӕуӕг цӕстдарӕг махӕй цалдӕримӕ фембӕлд, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл аныхас кодтаиккам. Сӕрмагонд пионерты лӕггады тыххӕй бирӕ нӕ зыдтам. Фӕлӕ зыдтам, хорз хабар ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы» (2 Тим. 4:2). Уымӕ гӕсгӕ 16 пионеры равзӕрстой ӕмӕ сӕ бӕстӕйы алы рӕттӕм снысан кодтой. (Кӕс картӕ 117 фарсыл.)
1992 азы майы Тбилисийы ауагътой, ӕртӕ сахаты чи цыд, ахӕм фембӕлд, цӕмӕй, уыцы бынӕттӕм фондз мӕймӕ хъусын кӕнынмӕ чи цыд, уыцы пионерты бафидар кодтаиккой. Пионертӕм-иу алы мӕй дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй-иу сын сӕ уырнындзинад бафидар кодтаиккой. Куы-иу хъуыд, уӕд-иу сын хӕринӕгтӕ дӕр ӕрластой.
Горӕт Озургетимӕ снысан кодтой дыууӕ пионер-хойы, Маниа Адуашвили ӕмӕ Нази Жваниайы. Уӕд Маниайыл цыд 60 азы. Уый радзырдта: «Зыдтам ӕй, Озургетимӕ ’ввахс кӕй цӕры, рӕстдзинад базонын кӕй фӕндыд,
ахӕм сылгоймаг. Ӕмӕ куыддӕр ӕрцыдыстӕм, афтӕ уыцы сылгоймаджы абӕрӕг кодтам. Хӕдзармӕ йӕм куы бацыдыстӕм, уӕд дзы баййӕфтам 30 адӕймаджы бӕрц – сылгоймаг сӕ йӕхӕдӕг фӕхуыдта. Уыцы бон цалдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам».Уый фӕстӕ мӕйты дӕр ӕфсымӕртӕн гыццыл нӕ бантыст. Ӕрмӕст фондз мӕйы фӕстӕ 12 адӕймаджы донаргъуыд райстой!
Сӕ удуӕлдай лӕггад тыллӕг ӕрхаста
Дыууӕ пионер-ӕфсымӕры, Пъавле Абдушелишвили ӕмӕ Пъаатъа Морбедадзейы фондз мӕймӕ снысан кодтой Цагеримӕ. Уыцы ран адӕм тынг фидар хӕцынц рагон ӕгъдӕуттыл, ӕрмӕст уыцы ӕгъдӕуттӕ хӕццӕ сты чырыстон дины ахуырӕдтимӕ.
Хъызт зымӕг ӕрцӕйхӕццӕ кодта, ӕмӕ пионертӕн дӕр сӕ лӕггады рӕстӕг кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Пъаатъайы тӕлмац кӕнынмӕ фӕхуыдтой, Пъавлейы та хъуыд аскъуыддзаг кӕнын, уым баззайдзӕн ӕви нӕ. Пъавле радзырдта: «Зыдтон ӕй, Цагерийы зымӕг тынг уазал кӕй вӕййы.
Фӕлӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕнын хъуыд, ӕмӕ баззадтӕн».Пъавле радзырдта: «Цардтӕн иу бинонтӕм. Ӕнӕхъӕн бон-иу хъусын кӕнынмӕ уыдтӕн, изӕры та-иу мӕ фысымтимӕ хӕдзары фыццаг уӕладзыджы, сугӕй кӕм арт кодтой, уыцы пецы алыварс ӕрӕмбырд стӕм. Фынӕй кӕнын афон-иу куы ӕрцыд, уӕд-иу мӕ къомнӕтмӕ ссыдтӕн, мӕ сӕрыл-иу хъарм худ ныккодтон, ӕмӕ-иу бӕзджын къуымбил хъӕццулӕй мӕхи ныннорстон».
Уалдзӕджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Пъавлемӕ куы ӕрцыдысты, уӕд 11 адӕймаджы цӕттӕ уыдысты уымӕ, цӕмӕй ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ суыдаиккой. Гыццыл фӕстӕдӕр иууылдӕр донаргъуыд райстой.
^ 20 абз. 1992 азы Гуырдзыстоны уыд 1 869 зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕджы, Ӕрымысӕн изӕрмӕ та ӕрбацыд 10 332 адӕймаджы.