Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ГУЫРДЗЫСТОН

Уарзондзинадӕн арӕнтӕ нӕй

Уарзондзинадӕн арӕнтӕ нӕй

САНЕЛ куы нӕма райгуырд, уымӕй бирӕ раздӕр дохтыртӕ йӕ ныййарджытӕн загътой, зӕгъгӕ, дам, кӕд уӕ чызг удӕгасӕй райгуыра, уӕддӕр рынчын уыдзӕн. Сывӕллонӕн, цы бон райгуырд, уыцы бон хъуыди операци скӕнын. Фӕлӕ Абхазийы, йӕхи Гуырдзыстонӕй хӕдбар чи схуыдта, уыцы республикӕйы, сӕ бон ссарын нӕ уыд, ӕнӕ тугӕй йын операци чи скодтаид, ахӕм дохтыр.

Йӕ ныййарджытӕ фӕдзырдтой рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеты ӕфсымӕртӕм *. Ӕфсымӕртӕ Гуырдзыстоны сӕйраг горӕт Тбилисийы уайтагъддӕр ахӕм хирург ссардтой, ӕмӕ уӕд Санелы ныййарджытӕ сулӕфыдысты. Фӕлӕ мад нырма ӕнӕфӕразгӕ уыд, ӕмӕ сывӕллонимӕ ацӕуын йӕ бон нӕ уыд. Ӕмӕ уӕд Санелы Тбилисийы рынчындонмӕ аластой йӕ фыдымад ӕмӕ йӕ мадымад – сӕ дыууӕ дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Санелӕн цы уӕззау операци скӕнын хъуыди, уый дзӕбӕхӕй ахицӕн. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр йӕ фыды мад ӕмӕ йӕ мады мад ныффыстой: «Рынчындоны фестӕм 20 бонӕй фылдӕр. Уыцы рӕстӕг нӕм рынчынфӕрсӕг цыди бирӕ гуырдзиаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Иууылдӕр нын тынг ӕххуыс кодтой. Бирӕтӕ нын нӕ зын сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Ӕфсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый тыххӕй-иу раздӕр нӕ публикациты кастыстӕм, ныр та йӕ нӕхиуыл бавзӕрстам».

^ 4 абз. Гуырдзыстоны ӕнӕ тугӕй операцитӕ кӕныныл разы чи у, ахӕм хирургтӕ рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеты ӕфсымӕртӕ ссардтой 250 фылдӕр.