Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ГУЫРДЗЫСТОН

Тынг мӕ фӕндыд мӕ цард аивын

Давит Самхарадзе

Тынг мӕ фӕндыд мӕ цард аивын
  • РАЙГУЫРД: 1967 аз.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1989 аз.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: лӕггад кодта цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. 2013 азӕй фӕстӕмӕ у ахуыргӕнӕг нӕ организацийы скъолаты.

1985 азы, 18 азы мыл куы цыд, уӕд мӕм Советон хицауад ӕфсадмӕ фӕсидт. Ӕфсады цы хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи куыд ӕфхӕрынц, уый куы федтон, уӕд мӕхицӕн загътон: «Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уон. Ӕз хъуамӕ хуыздӕр уон». Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстон, куыд мӕ фӕнды, афтӕ кӕнын мын алы хатт кӕй нӕ уайдзӕн. Тынг мӕ фӕндыд мӕ цард аивын.

Ӕфсады фӕстӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхтӕн. Иу ӕхсӕв цавӕрдӕр бӕрӕгбонӕй ӕрбацыдтӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ скуывтон, цӕмӕй мын мӕ цард хуыздӕрырдӕм аивынӕн баххуыс кодтаид. Дыккаг бон куыстмӕ цӕугӕйӕ мӕ фыдыхомӕ бауадтӕн. Уый Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уыди. Куы йӕм бацыдтӕн, уӕд федтон, цалдӕр Ӕвдисӕны йӕм кӕй бадти, хъуамӕ сын ӕмбырд уыдаид. Уыдон мыл бацин кодтой, гъемӕ ӕз дӕр баззадтӕн, цӕмӕй сӕм байхъуыстаин.

Ӕз сразы дӕн Библи ахуыр кӕныныл, ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ донаргъуыд райстон. Йегъовӕ мын баххуыс кодта, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм аивтаин. Мӕхи хъаруйы фӕрцы уый мӕ бон нӕ бауыдаид.