Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Пионерты скъола Зугдидимӕ ’ввахс

ГУЫРДЗЫСТОН | 1998–2006

Арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдысты, «ӕнцон куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уыд, уӕд дӕр» (2 Тим. 4:2).

Арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдысты, «ӕнцон куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уыд, уӕд дӕр» (2 Тим. 4:2).

1990 азты кӕрон Гуырдзыстоны Ӕвдисӕнтӕ тынг цин кодтой, хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ, рӕстдзинад базонын кӕй фӕндыд, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кодтой, ууыл. 1998 азы Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 32 409 адӕймаджы.

Фӕлӕ хъусынгӕнджытӕй, стӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр бирӕтӕ рӕстдзинад ӕрӕджы базыдтой, ӕмӕ сӕм фаг фӕлтӕрддзинад нӕ уыд. Ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры хъуыди ахуыр кӕнын. Фӕлӕ сӕ чи хъуамӕ сахуыр кодтаид?

Йегъовӕйы организаци та сын ногӕй баххуыс кодта

Арно ӕмӕ Соня Тюнглер каст фесты Галаады скъола Германийы, ӕмӕ сӕ 1998 азы мартъийы Гуырдзыстонмӕ снысан кодтой. Уыцы аз Разамонӕг совет уынаффӕ рахаста, цӕмӕй Гуырдзыстоны офис байгом кодтаиккой. Йӕ хъус ӕм хъуамӕ дардтаид Уӕрӕсейы филиал.

Бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ бӕстӕйы комитет хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕттын райдыдта. Гуырдзыстоны нын нӕ организаци регистраци куы скодтой, уӕд бӕстӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ласын райдыдтой Германийы филиалӕй (ныр Централон Европӕйы филиал). Регистраци нын кӕй скодтой, уый фӕрцы ма нӕ бон сси зӕххытӕ ӕлхӕнын Паддзахады залтӕ аразынӕн, стӕй филиал саразынӕн.

Ахуыр кӕныны рӕстӕг

Советон Цӕдисы рӕстӕг бирӕ азты дӕргъы ӕфсымӕртӕн хъусын кӕныны бар нӕ уыд, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ нӕ арӕхстысты. Арно Тюнглер радзырдта: «Хъусынгӕнджытӕн сӕ фылдӕр уынгты бирӕ хъусын кодтой, фӕлӕ се ’ппӕт нӕ арӕхстысты хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ адӕмы зӕрдӕты рӕстдзинад ӕрфидар кӕнынмӕ».

Арно ӕмӕ Соня Тюнглер

Давит Девидзе офисы лӕггад кӕнын райдыдта 1999 азы майы, офис куы байгом, уӕд. Давит радзырдта: «Хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ аразын хъуыд, стӕй Вефилы дӕр бирӕ куыст уыди. Цавӕрдӕр фарстаты тыххӕй нӕ публикациты кастыстӕм, фӕлӕ куыд архайдтаиккам, уый нӕ зыдтам. Уымӕ гӕсгӕ ахуыр кодтам, Разамонӕг совет-иу нӕм кӕй снысан кодта, уыцы ӕфсымӕртӕй».

Гуырдзыстоны ӕфсымӕртӕн сӕ ахуыры рӕстӕг райдыдта. Фӕлӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ чи ацӕуы, уыдон ӕрмӕст иннӕты нӕ фӕахуыр кӕнынц, фӕлӕ сӕхӕдӕг дӕр уыдонӕй цӕуылдӕрты сахуыр вӕййынц (Ӕмб. 27:17). Ӕмӕ Гуырдзыстонмӕ чи ӕрцыд, уыдон дӕр бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр сты.

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хорз миниуджытӕ

Арно ӕмӕ Соня ӕхсызгонӕй ӕрымысынц, Гуырдзыстонмӕ куы ӕрцыдысты, уӕд сӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд суазӕг кодтой, уый. Уыдон сын тынг баххуыс кодтой, цӕмӕй ног бынаты сахуыр уыдаиккой.

Соня нӕ рох кӕны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уазӕгуарзондзинад. Соня радзырдта: «Нӕ сыхӕгты лӕг ӕмӕ ус нын-иу диссаджы хӕрзад хӕринӕгтӕ ӕрбахастой. Иу хо-иу нӕ уацамынды акодта, нӕ ног ӕмбырдимӕ нӕ базонгӕ кодта ӕмӕ нын Гуырдзыстоны ӕгъдӕутты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ радзырдта. Иннӕ хо та немӕ гуырдзиаг ӕвзаг ахуыр кодта, кӕд уый ӕнцон нӕ уыди, уӕддӕр».

Уоррен ӕмӕ Лесли Шуфелты Канадӕйӕ Гуырдзыстонмӕ снысан кодтой 1999 азы. Уорренитӕ радзырдтой: «Нӕ гуырдзиаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ зӕрдӕйы ныххаудтой ӕмӕ нын фӕзминаг уыдысты, куыд уарзӕгой уыдысты, уымӕй. Се ’ппӕт дӕр, суанг ӕрыгӕттӕ дӕр, кӕрӕдзийыл зӕрдӕбынӕй цин кодтой ӕмӕ сӕ уарзондзинад ӕргом ӕвдыстой».

Гуырдзыстоны офисы бынӕттон ӕфсымӕртӕ лӕггад кодтой фӕлтӕрдджын миссионертимӕ

Фӕсарӕнтӕй Гуырдзыстонмӕ кӕй снысан кодтой, уыдон сӕ зындзинӕдтыл нӕ хъуыды кодтой, фӕлӕ адӕммӕ цы хорз миниуджытӕ уыд, ууыл. Миссионертӕ сӕрныллӕг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй гуырдзиаг ӕфсымӕрты зӕрдӕйӕн тынг адджын систы.

Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, уыдон рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ истой

1990 азты дӕргъы бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ӕрлӕууыдысты рӕстдзинады фӕндагыл. Ӕрмӕст 1998 азы донаргъуыд райста 1 724 адӕймаджы. Цымӕ уыйбӕрц адӕм рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн айстой?

Бирӕ азты дӕргъы цӕуӕг цӕстдарӕгӕй чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕр, Тамази Библаиа, радзырдта: «Гуырдзиӕгтӕн Хуыцауы уарзын сӕ удыхъӕды сӕ гыццылӕй ӕрфидар кӕнынц. Ӕмӕ семӕ хорз хабары тыххӕй куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд нӕм зӕрдиагӕй фӕхъусынц».

Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы ахуыргӕнӕг Давит Самхарадзе загъта: «Адӕймаг Библи ахуыр кӕнын куы райдайы, уӕд арӕх йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕ йӕ ныхмӕ свӕййынц. Фӕлӕ арӕх хабар афтӕ рауайы, ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр райдайынц Библи ахуыр кӕнын!»

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар парахат кодта, ӕмӕ бирӕ адӕмы цард фӕивта. 1999 азы апрелы Ӕрымысӕн изӕрмӕ цал адӕймаджы ӕрбацыд, уыйбӕрц уӕдмӕ никуыма – 36 669 адӕймаджы!

«Ныхмӕлӕуджытӕ... бирӕ ис»

Апостол Павел рагон Ефесы хорз хабар куыд хъусын кодта, уый тыххӕй загъта: «Лӕггад кӕнынӕн стыр дуар байгом, фӕлӕ ныхмӕлӕуджытӕ дӕр бирӕ ис» (1 Кор. 16:9). Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, 1999 азы Ӕрымысӕн изӕрӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ Гуырдзыстоны Ӕвдисӕнтӕ цы уавӕры бахаудысты, уый.

Уыцы аз августы православон экстремисттӕ, сӕ сӕргъы, аргъуанӕй кӕй ратардтой, уыцы сауджын Васили Мкъалавишвили, афтӕмӕй, Тбилисийы митинг скодтой ӕмӕ нын нӕ литературӕ басыгътой. Уыцы хабары фӕстӕ Ӕвдисӕнты фӕдыл зилын райдыдтой. Ӕмӕ афтӕ ахаста цыппар азы.

1999 азы Гуырдзыстоны райдыдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ дзурын, ӕфхӕрын ӕмӕ сын сӕ чингуытӕ судзын

1999 азы 17 октябры уыцы экстремисттӕ 200 адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ Тбилисийы ӕмбырд «Глданимӕ» бабырстой. Цы лӕдзджытӕ ӕмӕ сӕм ӕфсӕйнаг крестытӕ уыди, уыдонӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл балӕууыдысты, ӕмӕ дзы цалдӕрӕй тынг цӕфтӕй рынчындонмӕ бахаудысты.

Хъыгагӕн, уыцы фыдгӕнджыты не ’рцахстой, ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕн уымӕй фӕстӕмӕ дӕр алы фыдмитӕ кодтой. Хицауады кусджытӕй чидӕртӕ, уыдонимӕ бӕстӕйы хицау Шеварднадзе дӕр, уыцы фыдгӕнджыты ныхмӕ кӕд карзӕй дзырдтой, уӕддӕр аразгӕ ницы кодтой. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ-иу фыдгӕнджытӕ Ӕвдисӕнтыл сӕхи куы ныццавтой, уӕд-иу пъӕлицӕйы кусджытӕ арӕх ӕгӕр ӕрӕгмӕ ӕрбацыдысты.

Уыцы рӕстӕг гуырдзиаг парламенты уӕнг Гурам Шарадзе адӕмы Ӕвдисӕнты ныхмӕ аразын райдыдта. Дзырдта, адӕмы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй хъахъхъӕнын кӕй хъӕуы. Афтӕ ахъуыды кӕнӕн уыди, цыма, хорз хабар хъусын кӕнын «ӕнцон» куы уыд, уыцы рӕстӕг фӕци.

Йегъовӕйы организаци ӕфхӕрджыты митӕм ӕнцад нӕ каст

Гуырдзыстоны Ӕвдисӕнты ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд Йегъовӕйы организаци уайтагъд архайын райдыдта. Ӕфсымӕртӕн разамынд радтой, куы сӕм бабырсой, уӕд-иу сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уый фӕдыл. Стӕй ма сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, ӕцӕг чырыстӕттӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕфхӕрд цӕмӕн феййафынц, уый (2 Тим. 3:12).

Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы организаци алцыдӕр арӕзта, цӕмӕй закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхондоны ӕфсымӕрты бартӕ бахъахъхъӕдтаид. Гуырдзыстоны филиалы юридикон хайады чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕртӕй иу загъта: «Цыппар азы дӕргъы Васили Мкъалавишвилийы къордыл тӕрхондонмӕ хъаст бахастам 800 хаттӕй фылдӕр. Ӕххуыс агуырдтам хицауадӕй ӕмӕ адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг организацитӕй. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад райдыдта стыр кампани, цӕмӕй иууылдӕр базыдтаиккой, Ӕвдисӕнты куыд ӕфхӕрынц, уый тыххӕй, фӕлӕ уый фӕстӕ дӕр уавӕр нӕ аивта» *.

^ 30 абз. Закъонмӕ гӕсгӕ нӕ бартыл куыд тох кодтам, уый тыххӕй кӕс 2002 азы 22 январы «Пробудитесь!», 18–24 фӕрстӕ.