Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ГУЫРДЗЫСТОН

Сӕ зӕрдыл дардтой се Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы

Сӕ зӕрдыл дардтой се Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы

Раздӕр кӕй тыххӕй кастыстӕм, уыдонӕй бирӕтӕ сты ӕрыгӕттӕ. Уыдон «се Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы се ’взонджы бонты» сӕ зӕрдыл дардтой (Еккл. 12:1). Гуырдзыстоны ис 3 197 пионеры ӕмӕ се ’ртыккаг хай сты, 25 азы кӕнӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Уыцы ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ афтӕ зынгзӕрдӕйӕ цӕй фӕрцы сты?

Уый кӕнгӕ у цалдӕр хъуыддагӕй. Фыццаг уый, ӕмӕ Гуырдзыстоны бинонтӕ арӕхдӕр тынг ӕнгом вӕййынц. Константине схъомыл кодта фондз сывӕллоны. Уый загъта: «Рӕстдзинад мӕ зӕрдӕмӕ айстон, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, уый куы базыдтон, уӕд. Мӕхицӕн сывӕллӕттӕ куы фӕзынд, уӕд архайдтон, цӕмӕй сын мемӕ ӕнцон уыдаид».

Малхазийӕн ис ӕртӕ сывӕллоны, ӕмӕ йӕ бинойнагимӕ тынг архайынц, цӕмӕй сӕ бинонтӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой. Малхази загъта: «Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ сывӕллӕттӕн фӕзӕгъӕм, цӕмӕй ахъуыды кӕной, мах ӕмӕ сӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕры цӕй тыххӕй уарзынц, ууыл. Стӕй сын фӕзӕгъӕм, цӕмӕй нын сӕ хъуыдытӕ бинонты ахуыры рӕстӕг радзурой. Афтӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕ ахуыр кӕнынц иннӕты хорз миниуджытӕ уынын ӕмӕ сын аргъ кӕнын».

«Ныр мӕ цардӕй райгонд дӕн!»

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр архайынц ныййарджытӕн ӕххуыс кӕныныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ суанг хӕрзгыццыл сывӕллӕттӕн дӕр ӕмбырды исты хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕнынц. Нестъори донаргъуыд райста, 11 азы йыл куы цыд уӕд. Уый загъта: «Хӕрз гыццыл ма куы уыдтӕн, уӕд-иу мын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алыхуызон гыццыл хъуыддӕгтӕ бахӕс кодтой. Уымӕ гӕсгӕ мӕм афтӕ каст, цыма ӕмбырды ме ’ххуыс тынг хъӕуы».

Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕзминаг уой ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕной. Нестъорийы хистӕр ӕфсымӕр Къоба загъта: «Мӕ хо ӕмӕ ме ’фсымӕрӕй уӕлдай, рӕзгӕ кары хивӕнд уыдтӕн. Иу ӕрыгон хистӕр нӕлгоймаг нӕм уыд, ӕмӕ мӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй уый хуызӕн уыдаин. Уый алкӕддӕр архайдта, цӕмӕй мӕ бамбӕрстаид ӕмӕ мын никуы бауайдзӕф кодта. Йегъовӕмӕ раздӕхынӕн мын тынг баххуыс кодта».

Абон Нестъори, Къоба ӕмӕ сӕ хо Мари иумӕ лӕггад кӕнынц дард ран. Къоба загъта: «Ныр мӕ цардӕй райгонд дӕн!»

«Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... цӕрынц»

Филиал дӕр ныййарджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ рӕстдзинады ӕрфидар уой, ӕмӕ уый тыххӕй ӕрыгӕтты фӕхоны нӕ организацийы проектты архайынмӕ. Филиалы комитеты чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Мах стыр аргъ кӕнӕм нӕ фӕсивӕдӕн ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй, Хуыцауы хъуыддӕгты сӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрынц, уыдон сӕ къухы бафтой».

Тбилисийы Конгрессты зал куы арӕзтой, уӕд Гуырдзыстоны Ӕвдисӕнтӕ куыстой, дунейы алы рӕтты арӕзтадон куыстыты чи фӕархайы, уыцы чырыстӕттимӕ

Ӕрыгӕттӕ фӕлтӕрдджын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ кӕй фӕлӕггад кӕнынц ӕмӕ кӕй фӕкусынц, уый сыл тынг фӕзыны. Тбилисийы конгрессты зал куы арӕзтой, уӕд Мамукъа куыста, дунейы алы рӕтты арӕзтадон куыстыты чи фӕархайы, уыцы чырыстӕттимӕ. Мамукъа радзырдта: «Уыцы арӕзтады чи куыста, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕрмӕст арӕзтадон куыстытӕ кӕнын нӕ сахуыр дӕн. Мӕ зӕрдӕмӕ ма фӕцыд, чырыстон миниуджытӕ куыд ӕвдыстой, уый дӕр».

Гуырдзыстоны ӕрыгӕттӕй бирӕтыл хорзырдӕм фӕзыны, ӕнгом бинонты ’хсӕн кӕй фӕхъомыл кӕнынц, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын кӕй феххуыс кӕнынц ӕмӕ сын ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фӕзминаг кӕй вӕййынц, уый. Сӕ ныййарджытӕн дӕр сӕ бон у апостол Павелау зӕгъын: «Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа!» (3 Иоан. 4).

Фылдӕр тӕлмац кӕнын райдыдтой

2013 азы Разамонӕг совет ӕппӕт филиалтӕн дӕр бахӕс кодта, цӕмӕй базыдтаиккой, сӕ территориты ма публикацитӕ цавӕр ӕвзӕгтыл хъӕуы, уый. Уый сӕ уымӕн фӕндыд базонын, цӕмӕй фылдӕр адӕм хорз хабар фехъуыстаиккой.

Уӕд Гуырдзыстоны филиал сфӕнд кодта иуӕй-иу публикацитӕ сванаг ӕмӕ мегрелаг ӕвзӕгтӕм ратӕлмац кӕнын. Уыцы дыууӕ ӕвзаджы гуырдзиаг ӕвзаджы хуызӕн ахӕм тынг сты, ӕмӕ сӕ иуӕй-иутӕ йӕ диалекттыл нымайынц.

Сванетийы чи лӕггад кодта, уыцы зынгзӕрдӕ пионертӕ ныффыстой: «Сванӕгты тынг фӕнды Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ Библийӕн дӕр стыр аргъ кӕнынц. Райдианы нын нӕ публикацитӕ чи нӕ иста, уыдон дӕр сӕ райсынц, сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй сты, уый куы фенынц, уӕд».

Мегрелаг ӕвзагыл чи дзуры, уыцы хъусынгӕнджытӕ тынг фӕцин кодтой, се ’взагыл ӕмбырдтӕ куы фӕзынд, уӕд. Иу ӕрыгон пионер-ӕфсымӕр Гига загъта: «Ныр ӕмбырды мӕ бон у мӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзурын. Цӕмӕй дзуапп раттон, уый тыххӕй мын сӕ мӕхинымӕр тӕлмац кӕнын нал хъӕуы».

Зури хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕны Тъхъаиайы мегрелаг ӕмбырды. Уый загъта: «Кӕд мыл царды бирӕ цины ӕмӕ масты хабӕрттӕ ӕрцыд, уӕддӕр мӕ цӕссыг никуы ӕрхауд. Фӕлӕ мегрелаг ӕвзагыл Паддзахады зарджытӕ ӕмбырды фыццаг хатт куы зарыдыстӕм, уӕд иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон не сси йӕ цӕссыгтӕ бауромын, ӕмӕ мӕнӕн дӕр».

Диссаджы хабӕрттӕ фӕстаг азты

Гуырдзыстоны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы 2013 азы 6 апрель у, ферох кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм бон. Уыцы бон Йегъовӕйӕн нывонд кодтой филиалы агъуыстытӕ – кӕй сцалцӕг кодтой ӕмӕ ногӕй кӕй сарӕзтой, уыдон, стӕй Конгрессты зал ӕмӕ Скъолаты агъуыст. Сӕйраг раныхас уыд Дейвид Сплэйнӕн Разамонӕг советӕй. Бынӕттон Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ суазӕг кодтой, программӕмӕ чи ӕрцыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты – 338 уазӕджы 24 бӕстӕйӕ.

Дыккаг бон ӕнӕхъӕн Гуырдзыстоны дӕр аудио- ӕмӕ видеотрансляцийы уылты ӕфсымӕр Сплэйны раныхасмӕ байхъуыста 15 200 адӕймаджы. Гуырдзыстоны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы ахӕм стыр хабар никуы уыд. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алы бӕстӕтӕй кӕрӕдзиимӕ куыд ныхас кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийыл куыд цин кодтой, уымӕ кӕсын тынг ӕхсызгон уыди. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр загъта: «Ныр ӕй зонын, ног дунейы куыд уыдзӕн, уый».

Тбилисийы филиал Йегъовӕйӕн нывонд кӕнынц, 2013 аз

Скъола чырыстон бинонтӕн (ныр хуыйны Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола) сси стыр арфӕдзинад Йегъовӕйы адӕмӕн Гуырдзыстоны. 2013 азӕй фӕстӕмӕ уыцы скъола каст фӕци 200 адӕймагӕй фылдӕр. Чи дзы ахуыр кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ стыр бузныг сты, цы зонындзинӕдтӕ райстой, уый тыххӕй ӕмӕ цӕттӕ сты, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынмӕ.

«Сӕ хъарутӕ радтой, разӕй цы ис, уымӕ»

Хорз хабар ӕнӕхъӕн Гуырдзыстоныл апарахат, фыццаг хъусынгӕнджытӕ хъӕбатырӕй кӕй хъусын кодтой, уый фӕрцы. Йегъовӕ сын раарфӕ кодта, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзынц, уый тыххӕй, стӕй сӕ фидар уырнындзинады, сӕ хъӕбатырдзинады ӕмӕ се ’рхъуыдыдзинады тыххӕй.

Гуырдзыстоны ис 18 000 фылдӕр хо ӕмӕ ’фсымӕры. Уыдон ӕхсызгонӕй дарддӕр кӕнынц, сӕ размӕ чи уыд, уыцы чырыстӕттӕ кӕй кодтой, уыцы куыст ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕхиуыл бавзарой, Хуыцауы Ныхасӕн цы тых ис, уый (Фил. 3:13; 4:13).

Гуырдзыстоны филиалы комитет: Уэйн Томчук, Левани Къопъалиани, Джони Шаламберидзе, Майкл Джонс