Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библииртасджыты конгресс Такомӕйы (штат Вашингтон, АИШ)

Сӕдӕ азы размӕ: 1917 аз

Сӕдӕ азы размӕ: 1917 аз

«НОГ аз райдыдта, бӕстӕтӕ кӕрӕдзиимӕ карз тохы куы бацыдысты, дуне куы сӕмтъеры ӕмӕ туджы зӕйтӕ лӕсӕнтӕ куы кӕнынц, уыцы рӕстӕг»,– фыст уыди 1917 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Ӕцӕгдӕр, Фыццаг дунеон хӕстӕн бауромӕн нӕ уыди. Уыцы ӕгъатыр хӕст Европӕйыл лӕгӕрста ӕмӕ адӕмы ӕнауӕрдонӕй цагъта.

Кӕд уыцы рӕстӕг Библииртасджытӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстой, ӕцӕг чырыстӕттӕн хӕсты архайын ӕмбӕлы ӕви нӕ, уӕддӕр сӕ бирӕтӕ раппӕлинаг уыдысты, туг ныккалынӕй сӕхи кӕй хызтой, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, Английы 19-аздзыд Стэнли Уиллис хӕсты хъуыддӕгты архайын кӕй нӕ разы кодта, уый тыххӕй йын хъуамӕ стӕрхон кодтаиккой. Уымӕй гыццыл раздӕр Стэнли ныффыста: «Мӕхицӕн стыр кадыл нымайын, Хуыцауы мӕ бон ахӕм хуызы скадджын кӕнын кӕй у, уый. Абон мын райсомӕй полковник загъта, ӕфсӕддон дарӕс мын кӕй кӕнын кӕндзысты, ӕмӕ куы нӕ сразы уон, уӕд мӕ хъуыддаг хӕстон тӕрхондонмӕ кӕй цӕуы».

Стэнли йӕ чырыстон ӕфсармы сӕрты кӕй нӕ ахызт, уый тыххӕй хъуамӕ ахӕстоны тыхкуыстытӕ кодтаид. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныфс нӕ асаст. Дыууӕ мӕйы фӕстӕ ныффыста: «Рӕстдзинад адӕймаджы цы тых уадзы, уый фӕрцы йӕ бон у сфӕразын... иннӕтӕн сӕ бон сфӕразын цы нӕу, уыдӕттӕ». Стэнли ахӕстоны йӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сӕфта. Ӕфсымӕр загъта: «Фӕстаг рӕстӕг цы фӕлварӕнты бахаудтӕн, уыдоны мын ӕппӕты стырдӕр арфӕдзинӕдтӕй иу у, кувынӕн, хъуыды кӕнынӕн ӕмӕ мын ахуыр кӕнынӕн бирӕ рӕстӕг кӕй ис, уый».

Гыццыл фӕстӕдӕр Америкӕйы Иугонд Штаттӕ дӕр хӕсты архайын райдыдтой. 1917 азы 2 апрелы президент Вудро Вильсон йӕ раныхасы Иугонд Штатты Конгрессы раз загъта, сӕ бӕстӕ дӕр Германийы ныхмӕ кӕй хъуамӕ рацӕуа. Ӕмӕ цыппар боны фӕстӕ, хӕсты цы бӕстӕтӕ архайдта, уыдоны нымӕцыл ма ноджыдӕр иу бӕстӕ бафтыд. Америкӕйы чи цард, уыцы чырыстӕттӕй алкӕйдӕр хъуыди аскъуыддзаг кӕнын, ацы дунейы хъуыддӕгтӕй йӕхи куыд хъуамӕ хиза, уый.

Хӕстмӕ ӕфсӕддонтӕ арвитын кӕй хъуыди, уымӕ гӕсгӕ майы Америкӕйы Иугонд Штаттӕ ӕрфидар кодтой закъон хӕстмӕ цӕуыны тыххӕй, иу мӕйы фӕстӕ та закъон шпионажы тыххӕй. Фыццаг закъон Америкӕйы хицауадӕн бар лӕвӕрдта мингай нӕлгоймӕгты хӕстмӕ акӕнынӕн. Дыккаг закъонмӕ гӕсгӕ та фыццаг закъон ӕххӕст кӕнынӕн цӕлхдуртӕ ӕвӕрын нымад уыд фыдракӕндыл. Рӕстдзинады ныхмӕ чи уыд, уыдон фӕстӕдӕр уыцы уавӕрӕй спайда кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы фарнуарзаг лӕггадгӕнджытӕн «закъоны фӕрцы фыдхъуыддӕгтӕ» арӕзтаиккой (Пс. 94:20).

Хӕст стыр бӕллӕхтӕ кӕй ӕрхаста, уый Библииртасджытӕм диссаг нӕ фӕкаст. Уымӕй цалдӕр дӕсазы размӕ адӕмӕн дзырдтой, дунейы ахӕм хабӕрттӕ кӕй цӕудзӕн, уый Библийы фыст кӕй ис. Фӕлӕ тагъд Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн быцӕутӕ кӕй райдайдзӕн, уый ӕнхъӕл сӕ ничи уыд.

Фӕлвӕрд ӕмӕ луӕрст цыдысты

Чарлз Тейз Расселлы мӕлӕты фӕстӕ организацийы разамынд лӕвӕрд куыд хъуамӕ цыдаид, уый фӕдыл Америкӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн райдыдтой быцӕутӕ. 1884 азы ӕфсымӕр Расселлы фӕрцы фӕзынд Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ӕмӕ трактатты ӕхсӕнад. Расселл йӕ президент уыди 1916 азы октябрмӕ, ома йӕ мӕлӕты онг. Ӕхсӕнады разамонӕг Джозеф Рутерфорд куы сси, уӕд организацийы зындгонд уӕнгтӕй иуӕй-иуты, уыдонимӕ директорты советы уӕнгтӕй цыппары, бафӕндыд, цӕмӕй сӕм фылдӕр бартӕ уыдаид.

Уыцы цыппары ӕмӕ иннӕты зӕрдӕмӕ нӕ цыд, ӕфсымӕр Рутерфорд разамынд куыд лӕвӕрдта, уый. Дзырддаг фарстатӕй иу хауд, Пол Джонсон пилигримӕй, ома цӕуӕг цӕстдарӕгӕй, куыд лӕггад кодта, уымӕ.

Ӕфсымӕр Расселл йӕ мӕлӕтӕй гыццыл раздӕр Джонсоны Англимӕ цӕуӕг цӕстдарӕгӕй арвыста. Уым Джонсон хъуамӕ хорз хабар хъусын кодтаид, ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодтаид ӕмӕ дзы хъусын кӕныны хъуыддаг куыд цыд, уый тыххӕй Америкӕмӕ ӕфсымӕртӕм фыстаид. 1916 азы ноябры Джонсон Англимӕ куы ӕрцыд, уӕд ыл ӕфсымӕртӕ тынг бацин кодтой. Фӕлӕ дзы иууылдӕр кӕй ӕппӕлыдысты, уый тыххӕй, хъыгагӕн, ссӕрбӕрзонд ӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдта, Расселлы бӕсты президент уый кӕй хъуамӕ суа.

Джонсон Английы Вефилӕй арвыста, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдоны, кӕд ын ахӕм бар нӕ уыд, уӕддӕр. Уымӕй уӕлдай ма йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ бар цыдаид, Лондоны нӕ организацийӕн банчы цы ӕхца уыд, уыдоныл. Ӕмӕ йӕ уӕд ӕфсымӕр Рутерфорд фӕстӕмӕ Америкӕмӕ ӕрцӕуын кодта.

Джонсон Бруклинмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ зондамындмӕ байхъусыны бӕсты архайдта, цӕмӕй йӕ ӕфсымӕр Рутерфорд фӕстӕмӕ Англимӕ дарддӕр йӕ куыст кӕнынмӕ арвыстаид. Уымӕй йын куы ницы рауад, уӕд архайын райдыдта, цӕмӕй директорты совет йӕ фарс рахӕцыдаид, ӕмӕ директортӕй цыппар сразы сты.

Ӕфсымӕр Рутерфорд ӕмбӕрста, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ уыцы нӕлгоймӕгтӕ, Америкӕйы нӕ организацийӕн цы ӕхца уыди, уый сӕхи бакӕнынмӕ хъавой, Джонсон Английы куыд хъавыд, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ Рутерфорд афтӕ бакодта, цӕмӕй директорты советы мауал уыдаиккой. Закъонмӕ гӕсгӕ-иу директорты советы уӕнгты алы аз дӕр ногӕй равзӕрстой, организацийы чи уыд, уыдон. 1917 азы 6 январы Ӕхсӕнады ӕрвылазон фембӕлды советы уӕнгтӕй ногӕй равзӕрстой ӕрмӕстдӕр ӕртӕйы: Джозеф Рутерфорды, Эндрю Пирсоны ӕмӕ Уильям ван Амбургы. Уыдон ӕххӕст кодтой президенты, президенты хӕдивӕджы ӕмӕ секретарь-къазначейы хӕстӕ. Директорты советы иннӕ цыппар бынатмӕ никӕй равзӕрстой, уымӕн ӕмӕ иуӕй-иутӕ ӕнхъӕл уыдысты, ныронг уыцы бынӕтты чи уыд, уыдон уым сӕ мӕлӕты онг кӕй уыдзысты. Фӕлӕ сӕ ӕрвылазон фембӕлды ногӕй кӕй нал равзӕрстой, уый тыххӕй закъонмӕ гӕсгӕ директорты советы нал уыдысты! Уымӕ гӕсгӕ 1917 азы июлы ӕфсымӕр Рутерфорд йӕ бартӕй спайда кодта, ӕмӕ уыцы бынӕттӕм снысан кодта ӕндӕр цыппар иузӕрдион ӕфсымӕры.

Диссаг нӕ уыд, уыцы цыппар директоры тынг кӕй смӕсты сты ӕмӕ сӕ цӕмӕй фӕстӕмӕ сӕ бынӕтты сӕвӕрдтаиккой, уый тыххӕй райдыдтой архайын иннӕты дӕр сӕ зондыл акӕныныл. Фӕлӕ сӕ фӕндӕй ницы рауад. Иуӕй-иутӕ сӕ фӕдыл ацыдысты ӕмӕ ӕндӕр организацитӕ скодтой, фӕлӕ Библииртасджытӕн сӕ фылдӕр иузӕрдионӕй баззадысты.

Кӕд ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр хъуыддаг размӕ цыд

Уыцы рӕстӕг Джозеф Рутерфорд ӕмӕ иннӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕ Вефилы дарддӕр куыстой, цӕмӕй Паддзахады хъуыддаг размӕ цыдаид. Цӕуӕг цӕстдарджыты, уӕд пилигримтӕ кӕй хуыдтой, уыдоны нымӕц 69 схызт 93. Чиныгхӕсджыты, кӕнӕ пионерты, нымӕц та 327 схызт 461. Уымӕй уӕлдай уӕд фыццаг хатт снысан кодтой сӕрмагонд чиныгхӕсджытӕ – абон ӕххуысгӕнӕг пионертӕ кӕй хонӕм, уыдон. Иуӕй-иу ӕмбырдты ахӕм зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджыты нымӕц хӕццӕ кодта 100-мӕ.

1917 азы 17 июлы мыхуыры рацыд ног чиныг «Сусӕгдзинад раргом». Уыцы азы кӕронмӕ дзы иу чиныг дӕр нал баззад, ӕмӕ нын нӕ литературӕ цы типографийы мыхуыр кодтой, уым ма ноджыдӕр ныммыхуыр кӕнын кодтой 850 000 чиныджы *.

1916 азы ӕфсымӕр Расселл Вефилы куысты цы ивындзинӕдтӕ райдыдта кӕнын, уыдон фесты 1917 азы. Уыцы аз декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Вефилы ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты куысты фӕивын цы хъуыд, уый фӕивтам... ныр куыст цӕуы тагъддӕр ӕмӕ у хӕрзхъӕддӕр, хорз пълангонд куыст куыд хъуамӕ уа, афтӕ... Вефилы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ бамбӕрстой, уым уый тыххӕй кӕй нӕ лӕггад кӕнынц, ӕмӕ сын уый бар ис, фӕлӕ сӕм ахӕм кад кӕй ӕрхауд, уый тыххӕй».

1917 азы сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, 1916 азимӕ абаргӕйӕ Ӕхсӕнадӕн 1917 азы алы мӕй дӕр литературӕ мыхуыр кӕнын фылдӕр кӕй ӕнтыст. Дарддӕр ма дзы фыст уыди: «Уымӕй бӕрӕг у, ам, Бруклины, цы куыст кӕнӕм, ууыл Хицауы арфӕдзинад кӕй ис».

Фӕлвӕрд ӕмӕ луӕрст кӕронмӕ нӕма ӕрцыдысты

Организаци ныхмӕлӕуджытӕй ссыгъдӕг, ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ныммыхуыр кодтой, ӕмбырдты цы ӕрфарст скодтой, уый бӕрӕггӕнӕнтӕ. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Библииртасджытӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕфсымӕр Рутерфорды ӕмӕ, Вефилы чи лӕггад кодта, уыцы иузӕрдион ӕфсымӕрты фарс. Фӕлӕ сӕ фӕлварӕнтӕ ууыл нӕ фесты. Кӕд 1918 азы райдиан тынг хорз уыд, уӕддӕр хъуамӕ тагъд ралӕууыдаид ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕг нӕ нырыккон историйы.

^ 18 абз. 1920 азы онг нӕ литературӕ иууылдӕр мыхуыр кодтой коммерцион типографиты.