ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ
Африкӕ
-
БӔСТӔТӔ 58
-
ЦӔРДЖЫТӔ 1 109 511 431
-
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 1 538 897
-
БИБЛИЙЫ АХУЫРТӔ 4 089 110
Куывта, цӕмӕй ссардтаид, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕмы
Кристел миссионерӕй лӕггад кӕны Сьерра-Леонейы, хъусын кӕны, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕмӕн. Иухатт райсомӕй Хуыцаумӕ скуывта, цӕмӕй йӕ участокы ахӕм адӕмыл фембӕлдаид. Кристел хъуамӕ бабӕрӕг кодтаид, уый размӕ кӕимӕ ныхас кодта, уыцы адӕймаджы, фӕлӕ ацы хатт йӕ фӕндаг ӕндӕруылты акодта. Уым кӕйдӕр
афарста, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕмӕй искӕй зонут, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын иу хӕдзармӕ бацамыдтой. Ракаст ӕм иу хӕларзӕрдӕ ӕрыгон сылгоймаг. Уый хорз хабармӕ зӕрдиагӕй байхъуыста ӕмӕ йӕ бафӕндыд, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы ӕмбырдмӕ ацӕуын. Уый фӕстӕ уыцы гыццыл хъӕуы цӕрджытӕ Кристелы бафарстой, иу ахӕм адӕймагимӕ ма дӕ аныхас кӕнын нӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Уыцы адӕймаг дӕр рӕстдзинадмӕ хорз байхъуыста. Кӕд Кристел уыцы уынджы цалдӕр хатты хъусын кодта, уӕддӕр уыцы дыууӕ адӕймагыл уымӕй размӕ никуы фембӕлд. Кристелы фидарӕй уырны, Йегъовӕ йын куы нӕ баххуыс кодтаид, уӕд сӕ кӕй не ссардтаид.«Уыцы раныхас раст цыма мӕн тыххӕй уыди!»
Эмманьюэл цӕры Либерийы. Иу улӕфгӕ бон машинӕйыл Паддзахады залмӕ фембӕлдмӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд фӕндаджы был ауыдта аив конд ӕрыгон нӕлгоймаджы. Нӕлгоймаг уыди тынг тыхстхуыз. Эмманьюэл йӕ машинӕ баурӕдта ӕмӕ йӕм бацыд, кӕд ӕй исты ӕххуыс хъӕуы, зӕгъгӕ. Нӕлгоймаджы ном хуынди Мозес. Ӕхсӕвы йын йе ’хцатӕ иууылдӕр адавтой, ӕмӕ ныр йӕхи марынмӕ хъавыд. Эмманьюэл ӕм лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ йын стӕй фӕлмӕнӕй загъта: «Цом-ма мемӕ Паддзахады залмӕ». Мозес сразы. Раныхасмӕ хъусгӕйӕ Мозесӕн йӕ цӕстытӕ доны разылдысты, ӕмӕ стӕй загъта: «Уыцы раныхас раст цыма мӕн тыххӕй уыди! Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хуызӕн нӕй». Ӕмбырды фӕстӕ Мозес Библи ахуыр кӕныныл сразы ӕмӕ ныр иу ӕмбырд дӕр нӕ цух кӕны.
«Ӕз мӕнг хуыцӕуттӕн нӕ кувын»
Аминатӕйыл цӕуы 15 азы ӕмӕ ахуыр кӕны Гвиней-Бисауы. 13 азы йыл куы цыди, уӕд сын сӕ ахуыргӕнӕг загъта, цӕмӕй сныв кодтаиккой маскӕтӕ ӕмӕ ма карнавалы ноджыдӕр цытӕ вӕййы, уыдӕттӕ. Фӕлӕ Аминатӕ сныв кодта цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ. Йӕ ныв схуыдта «Дзӕнӕт». Ахуыргӕнӕг нывтӕ куы ӕрӕмбырд кодта, уӕд ын загъта, цы хъуыд, уый кӕй не сныв кодта, ӕмӕ йын ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн сӕвӕрдта. Урочы фӕстӕ Аминатӕ ахуыргӕнӕгмӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Карнавалтӕ-иу раздӕр чи бӕрӕг кодта?»
– Мӕнг диныл хӕст адӕм,– загъта ахуыргӕнӕг.
Уӕд ын Аминатӕ загъта: «Ӕз мӕнг хуыцӕуттӕн нӕ кувын ӕмӕ уыцы бӕрӕгбӕттӕ нӕ бӕрӕг кӕнын. Мӕн уырны, тагъд Хуыцау зӕххӕй дзӕнӕт кӕй сараздзӕн, ӕмӕ дзӕнӕт уый тыххӕй сныв кодтон». Ахуыргӕнӕг ын загъта, уыцы хӕслӕвӕрды бӕсты йӕ бон кӕй у фарстатӕн дзуапп раттын. Аминатӕ 20 фарстайӕ дзуапп радта 18 фарстайӕн!
Тынг бирӕ адӕм ӕрбацыд
Малавийы иу гыццыл хъӕуы ис, авд хъусынгӕнӕджы кӕм ис, ахӕм къорд. Ӕмбырдтӕ фӕуадзынц иу ӕнӕбары мӕнгагъуысты. Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры раныхас районон цӕстдарӕгӕн кӕй хъуамӕ уыдаид, уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ адӕмы зӕрдиагӕй хуыдтой. Ӕфсымӕр раныхас дзырдта царыл ауыгъд сойын цырӕгъты рухсмӕ. Уыйбӕрц адӕм ӕрбацыд, ӕмӕ дзы бынат нал уыд. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы
7 хъусынгӕнӕджы куыд цин кодтой, Ӕрымысӕн изӕры 120 адӕймаджы кӕй уыд, ууыл!Брошюрӕ йын баххуыс кодта
Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын арӕх хорз тыллӕг ӕрхӕссы, кӕд уый уайтагъд фенӕн нӕ вӕййы, уӕддӕр. Тогойы сӕйраг горӕт Ломейы иу сылгоймаг ӕфсӕрмыгӕнгӕ бацыд стендмӕ литературӕимӕ ӕмӕ райста брошюрӕ «Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!». Ӕфсымӕртӕ йемӕ Ефесӕгтӕм 5:3 стихыл цыбыртӕй аныхас кодтой ӕмӕ стӕй кӕрӕдзимӕ сӕ телефонты номыртӕ радтой. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ сӕм уыцы сылгоймаг телефонӕй бадзырдта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты никуы уарзтон. Фӕлӕ брошюрӕ бакастӕн, ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Мӕ бинонты царды мын баххуыс кодта. Уыцы брошюрӕйы фӕрцы ма дыууӕ бинонтӕн баххуыс кодтон. Ӕвдисӕнтӕй цы хъуыды кодтон, уый раст нӕ уыд. Уӕ хорзӕхӕй, мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайут». Уыцы сылгоймагимӕ, стӕй ма кӕмӕн баххуыс кодта, уыцы бинонтӕй иуимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой.
Брошюрӕ ратӕлмац кодта
Анкасийӕ у гыццыл горӕт Ганӕйы. Сӕйраг уынджы цалдӕр уӕйгӕнӕджы сӕ уӕййӕгтӕ фӕуӕй кӕнынц. Фӕлӕ ма дзы алы къуырисӕры дӕр сӕвӕрынц стенд нӕ литературӕимӕ. Стенды раз лӕууыд ӕфсымӕр Самьюэл ӕмӕ аныхас кодта Инекимӕ ӕмӕ йын радта, хорз кӕсын чи нӕ зоны, уыдонӕн цы брошюрӕ ис, уый. Инек ӕй бафарста, ӕвзаг кусаалыл уӕм ницы ис, зӕгъгӕ.
Самьюэл ын загъта: «Нӕй нӕм. Фӕлӕ нӕм ӕвзаг фрафрӕйыл ис брошюрӕтӕ». Уыцы ӕвзаг у ӕвзаг кусаалы хуызӕн. Фӕстӕдӕр Инек сӕхимӕ дард цӕгатмӕ
куы цыди, уӕд литературӕ райста, цӕмӕй сӕ йӕ хӕстӕджытӕн байуӕрстаид.Инек Анкасийӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд Самьюэлмӕ бацыд ӕмӕ йӕм цыдӕр гӕххӕттытӕ радта. Инек ӕвзаг кусаалмӕ ратӕлмац кодта, хорз кӕсын чи нӕ зоны, уыдонӕн цы брошюрӕ ис, уый! Ныр ӕдзух ӕмбырдтӕм фӕцӕуы ӕмӕ Библи ахуыр кӕны.