Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фиджи

ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ

Океани

Океани
  • БӔСТӔТӔ 29

  • ЦӔРДЖЫТӔ 41 051 379

  • ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 98 574

  • БИБЛИЙЫ АХУЫРТӔ 67 609

Фараст азы фӕстӕ йӕ ахуыргӕнӕг ӕмбырдмӕ ӕрбацыд

Оливия цӕры Австралийы. Сывӕллӕтты цӕхӕрадонмӕ ма куы цыд, уӕд йӕ ахуыргӕнӕджы Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхуыдта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ алы аз дӕр уыцы бӕрӕгбонмӕ хуыдта. Ӕмӕ афтӕ аст азы дӕргъы. Ӕппынфӕстаг, 2016 азы ахуыргӕнӕг Оливиямӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта, бӕрӕгбонмӕ йӕ ӕрбацӕуын кӕй фӕнды. Загъта йын, алы аз дӕр-иу ӕй кӕй фӕхуыдта, уый йын ӕхсызгон кӕй уыд. Ахуыргӕнӕг Ӕрымысӕн изӕрмӕ йӕ сӕрыхицауимӕ ӕрбацыд. Йӕ сӕрыхицау горӕты советы куыста ӕмӕ, Ӕвдисӕнтӕ Паддзахады зал куыд арӕзтой, уый хорз хъуыды кодта. Нӕлгоймаг ӕфсымӕртӕн загъта, йӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕй фӕцыд, Паддзахады зал куы арӕзтой, уӕд сӕ куысты алцыдӕр куыд пълангонд уыд, уый. Ахуыргӕнӕгӕн дӕр ӕмӕ йӕ сӕрыхицауӕн дӕр алцыдӕр сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ ӕмбырдӕй ацыдысты ӕппӕты фӕстӕгтимӕ.

Австрали: Оливия фараст азы дзӕгъӕлы не ’нхъӕлмӕ каст

Чиныг ӕртӕ хатты бакаст

Жасинту йӕ бинойнагимӕ цӕрынц Скӕсӕн Тиморы. Уыдысты католиктӕ ӕмӕ сӕ диныл тынг ӕнувыд уыдысты. Ӕмӕ Жасинтуйы ӕфсымӕры лӕппу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси ӕмӕ йӕ бинонтимӕ аргъуанмӕ куы нал цыд, уӕд ӕм тынг мӕсты кодтой. Жасинту сфӕнд кодта йе ’фсымӕры лӕппуйӕн бамбарын кӕнын, йӕ дин раст кӕй нӕу ӕмӕ, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг бакӕсынвӕнд скодта. Хъавыд дзы мӕнг ахуырӕдтӕ ссарынмӕ. Фӕстӕдӕр йӕ бинойнагӕн загъта: «Уыцы чиныг бакастӕн. Фӕлӕ дзы ӕвзӕрӕй ницы ссардтон».

– Ӕвӕццӕгӕн ӕй лӕмбынӕг нӕ бакастӕ,– загъта йын йӕ бинойнаг.– Иу хатт ма йӕ бакӕс, ӕрмӕст-иу тагъд ма кӕн.

Жасинту та йӕ бакаст ӕмӕ та йын загъта: «Хорз чиныг у». Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕнӕхъӕнӕй дӕр Библийӕ ист у. Мӕрдтӕн кувыны тыххӕй дзы цы фыст ис, уый дӕр Библийӕ у».

Йӕ бинойнаг та йын загъта: «Ӕртыккаг хатт дӕр ма йӕ бакӕс, иу абзац дӕр дын дзы ма аирвӕзӕд, иууылдӕр сӕ бахахх кӕн. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ раст уа».

Жасинту чиныг лӕмбынӕг бакаст, алы абзац дӕр дзы бахахх кодта. Ӕртыккаг хатт ӕй каст куы фӕци, уӕд загъта: «Алцыдӕр дзы раст у! Ме ’фсымӕры лӕппу нӕ рӕдийы». Ныр Жасинту Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕны.

Йӕ чызг ын загъта

Иу пионер-хо Гуамӕй бацыд иу понапейаг сылгоймагмӕ ӕмӕ йын равдыста видеоролик «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?». Хо йын загъта, ногӕй йӕ кӕй абӕрӕг кӕндзӕн. Ӕмӕ ма йӕм кӕд уый фӕстӕ цалдӕр хатты ӕрбацыд, уӕддӕр-иу сылгоймаджы хӕдзары нӕ баййӕфта. Гъемӕ йӕм иухатт йӕ чызг куы ракаст, уӕд ын равдыста мультфильм рубрикӕйӕ «Йегъовӕйы ӕмбал су». Чызгӕн мультфильм йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Уый фӕстӕ сӕм хо ногӕй куы бацыд, уӕд ӕм мад ракаст ӕмӕ зӕрдиагӕй байхъуыста Библийы хабармӕ. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй йын уый размӕ йӕ чызг загъта, видеоролик мын чи равдыста, уыцы сылгоймаджы аргъуанмӕ хъуамӕ ацӕуӕм, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕд мад дӕр бацымыдис. Хо сын равдыста, Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Библи ахуыр кӕнынц.

«Уыдысты ӕнӕфыййау фыстау»

Теренс, районон цӕстдарӕг, йӕ бинойнаг Стеллӕимӕ ацыд Инакормӕ, иу ӕмбырдмӕ дӕр чи нӕ хауы, ахӕм ранмӕ Папуӕ – Ног Гвинейы. Теренс радзырдта: «Фыццаг бон нын сӕумӕцъӕхӕй, нырма фынӕй кодтам, афтӕ, чидӕр нӕ дуар ӕрбахоста. Уынджы лӕууыд дуне адӕм. Гъемӕ сын мах дӕр хорз хабары тыххӕй ӕхсӕз сахатӕй ӕмбисбонмӕ фӕдзырдтам. Хӕдзармӕ бацыдыстӕм, цӕмӕй нӕхи ныннадтаиккам ӕмӕ стӕй куы рацыдыстӕм, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ каст ноджы фылдӕр адӕм. Ӕмӕ та ногӕй фӕныхас кодтам дыууӕ сахатӕй ӕмбисӕхсӕвмӕ». Дыккаг бон лӕг ӕмӕ ус райсомӕй раджы хъусын кӕнынмӕ ацыдысты. Уыцы рӕстӕг та сӕ хӕдзары раз дуне адӕм ӕрӕмбырд. Теренс радзырдта: «Кӕдӕм ацыдыстӕм, уый куы базыдтой, уӕд нӕ фӕстӕ ацыдысты ӕмӕ нӕ ссардтой. Ӕмӕ та ногӕй сихоры онг семӕ фӕныхас кодтам. Фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтыстӕм, уӕд та нӕ хӕдзары раз ӕндӕр кӕйдӕрты ӕрбаййӕфтам. Ӕмӕ алы бон дӕр афтӕ. Адӕм „уыдысты ӕнӕфыййау фыстау“» (Матф. 9:36).

Папуӕ – Ног Гвиней: адӕм Теренс ӕмӕ Стеллӕйы ӕрбацыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты

Лӕвӕрттӕ дохтырӕн

Аньесӕн, Ног Каледонийы цӕрӕг пионер-хойӕн, йӕ цонг рысти, ӕмӕ дохтырмӕ ацыд. Дохтыр ын йӕ цонгмӕ куы каст, уӕд афтӕ бакодта, зӕгъгӕ, дам, адӕмы хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнын, ӕмӕ Хуыцау дурзӕрдӕ у. Аньес йӕхинымӕр Йегъовӕйӕн бузныг загъта, йӕ сӕрыл сдзурыны фадат ын кӕй фӕци, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ дохтырӕн радта буклет «Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон уыдзӕн?» ӕмӕ йын бакаст Раргомады 21:3, 4 стихтӕ.

Дохтыр ын загъта: «Цы стихтӕ мын бакастӕ, уыдон, мӕнмӕ гӕсгӕ, мӕ Библийы не сты. Ӕрмӕстдӕр мӕм Евангелитӕ ис». Стӕй, Аньес Йегъовӕйы Ӕвдисӕн у, уый куы базыдта, уӕд ын загъта, йӕ райгуырӕн бӕстӕйы, Чилийы дӕр-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл кӕй амбӕлд.

Аньесы зӕрдыл ӕрлӕууыд, нӕ интернет-телеуынынады Чили кӕй ӕвдыстой. Ӕмӕ иннӕ хатт дохтырмӕ куы цыд, уӕд йӕ планшет йемӕ ахаста, ӕмӕ йын уыцы видеоролик равдыста. Дохтыр Чилийы Вефил ӕмӕ Конгрессты зал куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты. Стӕй йын Аньес загъта: «Ай та у дыккаг лӕвар – Библи ӕнӕхъӕнӕй, цӕмӕй дзы дӕ бон уа бакӕсын, айразмӕ къуыри дын кӕй бакастӕн, уыцы стихтӕ, Раргомад 21:3, 4». Дохтыр йӕ бынатӕй фестад ӕмӕ Аньесӕн ныхъхъӕбыс кодта: «Стыр бузныг дын дӕ диссаджы лӕвӕртты тыххӕй!»

Ног Каледони: лӕвӕрттӕ йӕ дохтыры зӕрдӕмӕ фӕцыдысты

Аньес ӕм иннӕ хатт куы бацыд, уӕд ын ӕрбахаста, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг ӕмӕ дарддӕр йемӕ аныхас кодта, зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, ууыл. Дохтыр ын загъта, отпусчы сӕхимӕ Чилимӕ кӕй цӕудзӕн ӕмӕ чиныг йемӕ кӕй ахӕсдзӕн, цӕмӕй йӕ кӕронмӕ бакӕса.