Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ гуырӕнбонтӕ цӕуылнӕ кӕнынц?
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ гуырӕнбонтӕ нӕ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц. Библийы комкоммӕ никуы ис фыст, гуырӕнбон бӕрӕг кӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр Библийы фӕрцы ис бамбарӕн, Хуыцау сӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Ӕркӕс гуырӕнбонты тыххӕй цыппар хъуыддагмӕ ӕмӕ уый фӕдыл Библийӕ цалдӕр уагӕвӕрдмӕ.
Гуырӕнбонтӕ кӕнын равзӕрд мӕнг динӕй. Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ, бӕрӕгбонтӕ кӕнын уый тыххӕй райдыдтой, ӕмӕ раджы заманты афтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг цы бон райгуыры, уыцы бон «дӕлимонтӕн ӕмӕ сау тыхтӕн фадат вӕййы, цӕмӕй йыл сӕхи ныццӕвой», ӕмӕ уыцы бон «йӕ хӕлӕрттӕ йӕ фарсмӕ кӕй вӕййынц ӕмӕ йын арфӕтӕ кӕй фӕкӕнынц, уый фӕрцы сӕ хызт вӕййы» (Funk & Wagnalls Standard Dictionary of Folklore, Mythology, and Legend). Иу чиныджы та фыст ис, зӕгъгӕ, раджы заманты адӕймаджы райгуырды хабӕрттӕ фыстӕй бахъахъхъӕнын «уӕлдай ахсджиаг уыд, уымӕн ӕмӕ-иу «мистикон наукӕ астрологимӕ» гӕсгӕ «гуырӕн боны нымӕцы бындурыл скодтой гороскоп» (The Lore of Birthdays). Уыцы чиныджы ма ноджыдӕр фыст ис, зӕгъгӕ, «гуырӕнбоны рӕстӕг-иу цы цырӕгътӕ ссыгътой, уыдонӕн ахӕм диссаджы тых уыди, ӕмӕ-иу адӕймаджы бӕллицтӕ сӕххӕст сты».
Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ, дӕсны фӕрсын, спиритизм ӕмӕ «ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ» раст не сты (Дыккаг закъон 18:14; Галатӕгтӕм 5:19–21). Зӕгъӕм, Хуыцау рагон горӕт Вавилоны цӕрджыты цы хъуыддӕгты тыххӕй фесӕфта, уыдонӕй иу уыди астрологи. Астрологи та у дӕсны фӕрсыны хуызтӕй иу (Исай 47:11–15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алкӕцы ӕгъдау кӕцӕй равзӕрд, уый нӕ къахдзысты. Фӕлӕ ахӕм хабӕртты тыххӕй Хуыцауы Ныхасы бӕлвырд разамынд куы вӕййы, уӕд уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй никуы фӕкӕсӕм.
Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ гуырӕнбонтӕ нӕ кодтой. Иу чиныджы фыст ис: «Фыццаг чырыстӕттӕ гуырӕнбонтӕ кӕнын нымадтой мӕнг дины ӕгъдауыл» (The World Book Encyclopedia). Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд йӕхӕдӕг ахуыр кодта апостолты ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгты, ӕмӕ Библийӕ бӕрӕг у, чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр уыдоны цӕвиттонмӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ архайой (2 Фессалоникӕгтӕм 3:6).
Чырыстӕтты цы иунӕг бон хъӕуы бӕрӕг кӕнын, уый баст у райгуырдимӕ нӕ, фӕлӕ мӕлӕтимӕ – уый у Чырыстийы мӕлӕты бон (Лукайы 22:17–20). Ацы хабар нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса, уымӕн ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ «адӕймагӕн йӕ мӕлӕты бон хуыздӕр у йӕ райгуырды бонӕй» (Екклесиаст 7:1). Йесо цалынмӕ зӕххыл цард, уӕдмӕ йӕхицӕн Хуыцауы раз хорз ном скодта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ мӕлӕты бон йӕ райгуырды бонӕй сси бирӕ ахсджиагдӕр (Дзуттӕгтӕм 1:4).
Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй исчи гуырӕнбон бӕрӕг кодта. Хуыцауы, мыййаг, уый тыххӕй ныффыссын рох фӕци? Нӕ, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кодта, дыууӕ ахӕм адӕймаджы гуырӕнбоны тыххӕй, ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр ӕрцыд ӕвирхъау хабӕрттӕ (Райдиан 40:20–22; Марчы 6:21–29).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ гуырӕнбонтӕ кӕй нӕ бӕрӕг кӕнынц, уый тыххӕй сӕ сывӕллӕттӕ иннӕтӕм нӕ хӕлӕг кӕнынц?
Алы хорз ныййарӕг дӕр йӕ сывӕллӕтты афӕдзы мидӕг ӕрмӕст иу кӕцыдӕр бон нӕ фӕуарзы, фӕлӕ алы бон дӕр. Афтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ сын кӕцыфӕнды бон дӕр скӕнынц лӕвӕрттӕ ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ дӕр. Хуыцау уарзы йӕ сывӕллӕттӕн ӕнӕнхъӕлӕджы исты хорздзинӕдтӕ ракӕнын, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы уыдон дӕр фӕзмынц Хуыцауы (Матфейы 7:11). Сӕ сывӕллӕттӕ кӕй ницы цух сты ӕмӕ иннӕтӕм кӕй нӕ хӕлӕг кӕнынц, уый бӕрӕг у мӕнӕ ацы ныхӕстӕй:
«Лӕвармӕ куы нӕ фенхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ йӕ афтӕмӕй куы райсын, уӕд ыл уӕлдай тынгдӕр фӕцин кӕнын» (Тэмми, цӕуы йыл 12 азы).
«Кӕд мӕ гуырӕнбонмӕ лӕвӕрттӕ нӕ райсын, уӕддӕр мын мӕ ныййарджытӕ ӕндӕр бонты скӕнынц лӕвӕрттӕ. Ӕмӕ мын уый тынг ӕхсызгон вӕййы, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕзонын, уыцы бон мын цыдӕр балӕвар кӕй кӕндзысты» (Грегори, цӕуы йыл 11 азы).
«Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ уыцы дӕс минуты, цалдӕр гуылы ӕмӕ цыдӕр зарӕгӕй у бӕрӕгбон? Махмӕ-ма ӕрбацу ӕмӕ, ӕцӕг бӕрӕгбон цы у, уый фенай!» (Эрик, цӕуы йыл 6 азы).