Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи куы ахуыр кӕнон, уӕд ӕз дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суон?
Алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдзӕн ӕви нӕ. Библи нӕ программӕмӕ гӕсгӕ милуантӕ ахуыр кӕнынц, фӕлӕ се ’ппӕт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ не свӕййынц a. Нӕ программӕйӕн йӕ нысан у, цӕмӕй адӕм базоной, Библи цы дзуры, уый. Фӕлӕ, цы базонай, уымӕ гӕсгӕ цӕрдзынӕ ӕви нӕ, уый дӕхи бар у. Мах ӕй ӕмбарӕм, алчидӕр йӕхӕдӕг кӕй ӕвзары, цӕуыл ӕууӕнддзӕн, уый (Йесо Навин 24:15).
Библи ахуыр кӕнгӕйӕ мӕ бон у мӕхи Библийӕ пайда кӕнын?
О. Махӕн нӕ зӕрдӕмӕ цӕуы «Библи – Ног дунейы тӕлмац», уымӕн ӕмӕ у нырыккон ӕвзагыл фыст, ӕмӕ дӕ куы фӕнда, уӕд дӕуӕн дӕр ацы тӕлмац балӕвар кӕндзыстӕм. Фӕлӕ дӕ бон у дӕхи Библийӕ дӕр пайда кӕнын. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ кӕцыфӕнды тӕлмацӕй дӕр базондзынӕ, Библийы цы ныфсы ӕмӕ ирвӕзындзинады хабар ис, уый.
Ӕппынфӕстаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи не свӕййы, уыдонимӕ Библи цӕмӕн фӕахуыр кӕнут?
-
Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ уарзӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы. Уый фӕнды, цӕмӕй чырыстӕттӕ иннӕтӕн амоной, сӕхӕдӕг цы базыдтой, уый (Матфейы 22:37, 38; 28:19, 20). «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» кӕй стӕм ӕмӕ мах дӕр адӕмӕн, йӕ Ныхасы цы фыст ис, уый базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй стырдӕр кад нӕй (1 Коринфӕгтӕм 3:6–9).
-
Уымӕй уӕлдай ма уарзӕм адӕмы дӕр (Матфейы 22:39). Махӕн ӕхсызгон вӕййы, нӕхӕдӕг кӕй базыдтам, уыцы диссаджы хабӕртты тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын (Хъуыддӕгтӕ 20:35).
a Зӕгъӕм, 2023 азы алы мӕй дӕр уагътам 7 281 212 Библийы ахуыры. Уыцы ахуыртӕй бирӕтӕ уыдысты цалдӕргай адӕймӕгтимӕ. Фӕлӕ уыцы аз донаргъуыд райстой ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы ӕрмӕстдӕр 269 517 адӕймаджы.