Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕсӕм хай фембырд кӕнынц?
Нӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕсӕм хай нӕ фембырд кӕнынц; нӕ куыст размӕ цӕуы барвӕндон мысайнӕгты фӕрцы ӕмӕ чи цас фӕдӕтты, уый ничи фӕзоны. Цы у дӕсӕм хай ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуылнӕ фембырд кӕнынц?
Рагон израилӕгтӕн лӕвӕрд закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ алы адӕймаг дӕр лӕвӕрдтаид, цыдӕриддӕр ӕм ӕфтыд, уымӕн йӕ дӕсӕм хай. Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, уыцы Закъон – уыимӕ «дӕсӕм хайы» тыххӕй цы закъон уыд, уый дӕр – чырыстӕттӕм кӕй нӕ хауы (Дзуттӕгтӕм 7:5, 18; Колоссӕгтӕм 2:13, 14).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕсӕм хай нӕ фембырд кӕнынц, фӕлӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттау сӕ лӕггадӕн дыууӕ хъуыддагӕй ӕххуыс кӕнынц: иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕнынц ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнынц лӕвар, стӕй сӕхӕдӕг мысайнаг дӕттынц.
Афтӕмӕй архайӕм Библийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Уӕдӕ алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ – мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы» (2 Коринфӕгтӕм 9:7).