Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дохтыртӕм фӕцӕуынц?
О, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дохтыртӕм фӕцӕуынц ӕмӕ хостӕй сӕхи фӕдзӕбӕх кӕнынц. Кӕд не ’нӕниздзинадмӕ нӕ хъус дарӕм, уӕддӕр нӕ хатт бахъӕуы дохтырты ӕххуыс (Лукайы 5:31). Ӕмӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстон Лукайау абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ кусынц дохтыртӕй (Колоссӕгтӕм 4:14).
Хос кӕныны мадзӕлттӕй иуӕй-иутӕ сты Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ, ӕмӕ сыл уымӕ гӕсгӕ нӕ разы кӕнӕм. Зӕгъӕм, туг бауадзыныл нӕ разы кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Библи дзуры, зӕгъгӕ, уӕхи тугӕй хизут (Хъуыддӕгтӕ 15:20). Библи ма дзуры, хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст чи у, ахӕм хос кӕныны мадзӕлтты ныхмӕ дӕр (Галатӕгтӕм 5:19–21).
Фӕлӕ абон дохтыртӕ цы мадзӕлттӕй пайда кӕнынц, уыдонӕн сӕ фылдӕр Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ не сты. Уымӕ гӕсгӕ алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон у равзарын, цавӕр мадзалӕй спайда кӕндзӕн, уый. Иу Ӕвдисӕн кӕуыл сразы уа, уыцы мадзалӕй хос кӕныныл ӕндӕр Ӕвдисӕн, чи зоны, ма сразы уа (Галатӕгтӕм 6:5).