Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц?
Мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, архайӕм, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, Чырысти куыд амыдта ӕмӕ йӕ апостолтӕ куыд лӕггад кодтой, афтӕ. Ацы статьяйы цыбыртӕй ӕркӕсдзыстӕм нӕ сӕйраг ахуырӕдтӕм.
Хуыцау. Мах кувӕм не Сфӕлдисӕгӕн, иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн, йӕ ном у Йегъовӕ (Псалом 83:18; Раргомад 4:11). Уый у Авраам, Моисей ӕмӕ Йесо Чырыстийы Хуыцау (Рацыд 3:6; 32:11; Иоанны 20:17).
Библи. Мах фидарӕй уырны, Библи Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй фыст кӕй у ӕппӕт адӕмӕн дӕр (Иоанны 17:17; 2 Тимофеймӕ 3:16). Махӕн нӕ ахуырӕдтӕ арӕзт сты Библийы 66 чиныгыл, Рагон Фӕдзӕхстыл дӕр ӕмӕ Ног Фӕдзӕхстыл дӕр. Динтӕ иртасӕг университеты адъюнкт-профессор Джейсон Дейвид Бедун йӕ чиныджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уыдон ахуыр кӕнынц, «ӕрмӕстдӕр Библийы цы фыст ис, уый, стӕй сӕ цард дӕр аразынц уымӕ гӕсгӕ. Уыдон рагацау нӕ аскъуыддзаг кӕнынц, Библийы мӕнӕ ахӕм ӕмӕ ахӕм хъуыды хъуамӕ уа, зӕгъгӕ» a.
Библийы цыдӕриддӕр фыст ис, ууыл ӕууӕндӕм, фӕлӕ афтӕ нӕ дзурӕм, ӕмӕ дзы алцыдӕр комкоммӕ ӕмбаргӕ у. Уымӕн ӕмӕ зонӕм, Библийы кӕцыдӕр бынӕттӕ фӕсномыг ныхӕстӕй фыст кӕй сты ӕмӕ сӕ комкоммӕ ӕмбарын кӕй нӕ хъӕуы (Раргомад 1:1).
Чырысти. Мах архайӕм Йесо Чырыстийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ йӕ цӕвиттонмӕ гӕсгӕ. Стӕй йын кад кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг у ӕмӕ Хуыцауы Фырт у (Матфейы 20:28; Хъуыддӕгтӕ 5:31). Уымӕ гӕсгӕ мах стӕм чырыстӕттӕ (Хъуыддӕгтӕ 11:26). Фӕлӕ Библийӕ базыдтам, Йесо Чырысти Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕй нӕу ӕмӕ Троицӕйы тыххӕй ахуырад Фыстадмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу (Иоанны 14:28).
Хуыцауы Паддзахад. Уый у уӕларвон хицауад; чырыстӕтты зӕрдӕйы нӕй. Уый раивдзӕн зӕххон хицӕутты ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый (Данел 2:44; Матфейы 6:9, 10). Уыдӕттӕ Хуыцауы Паддзахад тагъд рӕстӕджы сараздзӕн, уымӕн ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ мах цӕрӕм «фӕстаг бонты» (2 Тимофеймӕ 3:1–5; Матфейы 24:3–14).
Чырысти уӕлӕрвты у Хуыцауы Паддзахады Паддзах; бартӕ йӕ къухмӕ райста 1914 азы (Раргомад 11:15).
Ирвӕзындзинад. Чырыстийы нывонды фӕрцы уый гӕнӕн ис, ӕмӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уӕм (Матфейы 20:28; Хъуыддӕгтӕ 4:12). Цӕмӕй уыцы нывонд адӕмӕн пайда ӕрхӕсса, уый тыххӕй Чырыстийыл ӕууӕндын фаг нӕу, хъуамӕ сӕ царды ивындзинӕдтӕ саразой ӕмӕ донаргъуыд райсой (Матфейы 28:19, 20; Иоанны 3:16; Хъуыддӕгтӕ 3:19, 20). Адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, йӕ уырнындзинад фидар кӕй у (Иаковы 2:24, 26). Фӕлӕ адӕймаг йӕ хъуыддӕгты фӕрцы нӕ аирвӕздзӕн, фӕлӕ «Хуыцауы стыр хорзӕхы» фӕрцы (Галатӕгтӕм 2:16, 21).
Уӕлӕрвтӕ. Йегъовӕ Хуыцау, Йесо Чырысти ӕмӕ иузӕрдион зӕдтӕ цӕрынц уӕлӕрвты b (Псалом 103:19–21; Хъуыддӕгтӕ 7:55). Ӕрмӕстдӕр 144 мин адӕймаджы райгас уыдзысты уӕлӕрвты цӕрынӕн, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады Чырыстиимӕ хицӕуттӕ уой (Данел 7:27; 2 Тимофеймӕ 2:12; Раргомад 5:9, 10; 14:1, 3).
Зӕхх. Хуыцау зӕхх сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕм ӕнустӕм цардаиккой (Псалом 104:5; 115:16; Екклесиаст 1:4). Хуыцау коммӕгӕс адӕмӕн раарфӕ кӕндзӕн – уыдзысты ӕнӕниз ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрдзысты (Псалом 37:11, 34).
Фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Адӕм хъизӕмӕрттӕ ’взарын райдыдтой, иу зӕд Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд (Иоанны 8:44). Уыцы зӕды схуыдтой Сайтан ӕмӕ Хӕйрӕг, ӕмӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы йӕ зондыл акодта. Уый тыххӕй сӕ байзӕддӕгтӕ кӕуинаг уавӕры сты (Райдиан 3:1–6; Ромӕгтӕм 5:12). Цӕмӕй, Хӕйрӕг цы фарстатӕ сдзырддаг кодта, уыдонӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид, уый тыххӕй Хуыцау бауагъта, цӕмӕй фыддзинад апарахат уыдаид ӕмӕ адӕм хъизӕмар кодтаиккой. Фӕлӕ Хуыцау уымӕ ӕнустӕм нӕ кӕсдзӕн.
Мӕлӕт. Адӕймаг куы амӕлы, уӕд никуыуал фӕцӕры (Псалом 146:4; Екклесиаст 9:5, 10). Зындоны арты нӕ фӕхъизӕмар кӕны.
Хуыцау миллиардгай адӕмы райгас кӕндзӕн (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Фӕлӕ чи райгас уа, уыдонӕй кӕйдӕр куы нӕ бафӕнда Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын, уӕд ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йын райгасдзинады ныфс дӕр нал уыдзӕн (Раргомад 20:14, 15).
Бинонтӕ. Мах цӕрӕм, Хуыцау бинонты цардӕн цы ’гъдау ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ, ома иу нӕлгоймаг ӕмӕ иу сылгоймаг сӕ цард баиу кӕнынц, ӕмӕ сын ахицӕн кӕныны бар вӕййы ӕрмӕстдӕр хӕтындзинады тыххӕй (Матфейы 19:4–9). Мах фидарӕй зонӕм, бинонтӕ амондджын кӕй уыдзысты, Библийы зондджын уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд (Ефесӕгтӕм 5:22–6:1).
Нӕ лӕггад. Мах крестӕн кӕнӕ ӕндӕр ахӕм цӕмӕндӕрты нӕ кувӕм (Дыккаг закъон 4:15–19; 1 Иоанны 5:21). Нӕ лӕггады ахсджиаг хъуыддӕгтӕ сты:
Хуыцаумӕ кувын (Филиппӕгтӕм 4:6).
Библи кӕсын ӕмӕ йӕ иртасын (Псалом 1:1–3).
Библийӕ цы базонӕм, ууыл хъуыды кӕнын (Псалом 77:12).
Иумӕ ӕмбырд кӕнын, цӕмӕй кувӕм, Библи ахуыр кӕнӕм, нӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтыл ныхас кӕнӕм ӕмӕ не ’мчырыстӕтты ӕмӕ иннӕты фидар кӕнӕм (Колоссӕгтӕм 3:16; Дзуттӕгтӕм 10:23–25).
«Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕнын (Матфейы 24:14).
Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕндӕр агъуыстытӕ аразын ӕмӕ сӕм зилын; уыдон стыр ӕххуыс сты, Библи ахуыр кӕныны тыххӕй ӕгас дунейы дӕр цы куыст цӕуы, уымӕн (Псалом 127:1).
Ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын (Хъуыддӕгтӕ 11:27–30).
Нӕ организаци. Махӕн ис ӕмбырдтӕ ӕмӕ алы ӕмбырды дӕр ис хистӕр нӕлгоймӕгты совет. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дины кусджытӕ не сты ӕмӕ мызд дӕр нӕ исынц (Матфейы 10:8; 23:8). Мах дӕсӕм хай нӕ дӕттын кӕнӕм ӕмӕ нӕ фембӕлдты ӕхца не ’мбырд кӕнӕм (2 Коринфӕгтӕм 9:7). Цӕмӕй нӕ куыст цӕуа, уый тыххӕй мысайнӕгтӕ фӕдӕттӕм, фӕлӕ чи цас ратты, уый арӕхдӕр ничи фӕзоны.
Разамонӕг совет у фӕлтӕрдджын чырыстӕтты гыццыл къорд ӕмӕ лӕггад кӕны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады, уый ӕгас дунейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддагӕн разамынд дӕтты (Матфейы 24:45).
Нӕ иудзинад. Зӕххыл нын алы бӕстӕты дӕр ис иухуызон ахуырӕдтӕ (1 Коринфӕгтӕм 1:10). Мах архайӕм, цӕмӕй адӕмы сӕ адӕмыхатмӕ гӕсгӕ, расӕмӕ гӕсгӕ кӕнӕ хъӕздгуытыл ӕмӕ мӕгуыртыл ма дихтӕ кӕнӕм (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35; Иаковы 2:4). Фӕлӕ алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон у, цы йӕ фӕнды, уый ӕвзарын. Алы Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр уынаффӕтӕ хӕссы, Библимӕ гӕсгӕ ахуыр ӕфсарм ын цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ (Ромӕгтӕм 14:1–4; Дзуттӕгтӕм 5:14).
Нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдау. Мах архайӕм, цӕмӕй нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, иннӕты ӕнӕхин уарзт кӕй кӕнӕм (Иоанны 13:34, 35). Мах нӕхи хизӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕй, уымӕ хауы туг уадзын дӕр (Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29; Галатӕгтӕм 5:19–21). Мах фарнмӕ тырнӕм ӕмӕ хӕстыты нӕ архайӕм (Матфейы 5:9; Исай 2:4). Цы бӕстӕйы цӕрӕм, уыцы бӕстӕйы хицауадӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм, ӕрмӕст нӕ кӕд уый тыххӕй Хуыцауы закъӕтты сӕрты хизын нӕ хъӕуы, уӕд (Матфейы 22:21; Хъуыддӕгтӕ 5:29).
Иннӕтимӕ куыд стӕм. Чырысти бафӕдзӕхста: «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ». Стӕй ма загъта, чырыстӕттӕ «ацы дунейӕ не сты», зӕгъгӕ (Матфейы 22:39; Иоанны 17:16). Уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй «алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм», фӕлӕ нӕхи хизӕм политикӕйӕ ӕмӕ иннӕ динты хъуыддӕгты нӕ архайӕм (Галатӕгтӕм 6:10; 2 Коринфӕгтӕм 6:14). Фӕлӕ уыцы фарстаты фӕдыл иннӕты хъуыдыйӕн аргъ кӕнӕм (Ромӕгтӕм 14:12).
Кӕд ма дӕм фарстатӕ ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый фӕдыл, уӕд дӕ бон у фылдӕр базонын нӕ сайты, нӕ филиалтӕй искӕцыйы, ӕввахс дӕм чи у, уыцы Паддзахады залы ӕмбырды кӕнӕ та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ аныхас кӕн.
a Кӕс чиныг «Truth in Translation», 165 фарс.
b Кӕд фыдгӕнӕг зӕдтӕ, Хуыцау кӕм ис, уырдыгӕй ӕппӕрст ӕрцыдысты, уӕддӕр уӕлӕрвты цӕрынц (Раргомад 12:7–9).