Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ креационизмыл ӕууӕндынц?
Нӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста. Фӕлӕ креационизмыл не ’ууӕндӕм. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ креационисттӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ Библимӕ гӕсгӕ раст не сты. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ.
Ӕхсӕз сфӕлдыстадон боны цас рӕстӕг ахастой. Иуӕй-иу креационисттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ӕхсӕз сфӕлдыстадон боны уыдысты, 24 сахаты кӕм ис, ахӕм бонтӕ. Фӕлӕ Библийы дзырд «бон» фӕамоны тынг бирӕ рӕстӕг дӕр (Райдиан 2:4; Псалом 90:4).
Зӕххыл цас цӕуы. Иуӕй-иу креационисттӕ дзурынц, зӕххыл цалдӕр мин азы йеддӕмӕ кӕй нӕ цӕуы. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ зӕхх дӕр ӕмӕ Дун-дуне дӕр уыдысты ӕхсӕз сфӕлдыстадон боны размӕ дӕр (Райдиан 1:1). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ разы сты, бирӕ ахуыргӕндтӕ уый фӕдыл цы дзурынц, уыимӕ – зӕххыл цӕуы миллиардгай азтӕ.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ наукӕйы ныхмӕ сты. Мах уырны, ӕцӕг наукӕ Библийы ныхмӕ кӕй нӕу.