Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Куадзӕн цӕуылнӕ фӕбӕрӕг кӕнынц?
Бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц
Рӕдыд хъуыды: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Куадзӕн уымӕн нӕ бӕрӕг кӕнынц, ӕмӕ чырыстӕттӕ не сты.
Ӕцӕгӕй та куыд у: Мах уырны, Чырысти нӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй «йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм» (1 Петры 2:21; Лукайы 2:11).
Рӕдыд хъуыды: Сымах нӕ уырны, Йесо мӕрдтӕй кӕй райгас.
Ӕцӕгӕй куыд у: Мах уырны, Йесо кӕй райгас; ӕмбарӕм ӕй, уый раст кӕй у Библимӕ гӕсгӕ ӕмӕ адӕмӕн дӕр уый тыххӕй дзурӕм (1 Коринфӕгтӕм 15:3, 4, 12–15).
Рӕдыд хъуыды: Уӕ сывӕллӕттыл нӕ хъуыды кӕнут ӕмӕ сӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбонӕй цух кӕнут.
Ӕцӕгӕй та куыд у: Мах нӕ сывӕллӕтты уарзӕм – ницы сын ӕвгъау кӕнӕм, цӕмӕй сӕ хорз схъомыл кӕнӕм ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй амондджын уой (Титмӕ 2:4).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Куадзӕн цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?
Куадзӕн бӕрӕг кӕнын Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу.
Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын бӕрӕг кӕнӕм йӕ райгасы бон нӕ, фӕлӕ йӕ мӕлӕты бон. Ӕмӕ йӕ мах дӕр алы аз дӕр Библийы къӕлиндармӕ гӕсгӕ фӕбӕрӕг кӕнӕм (Лукайы 22:19, 20).
Мах зонӕм, Куадзӕны бӕрӕгбон мӕнг динӕй кӕй равзӕрд, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы. Хуыцауы фӕнды, «цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион» ӕмӕ, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы бӕрӕгбӕттӕ куы фӕбӕрӕг кӕнӕм, уӕд ын тынг зын вӕййы (Рацыд 20:5; 1 Паддзӕхты 18:21).
Куадзӕны бӕрӕгбон кӕй нӕ бӕрӕг кӕнӕм, уый раст у Библимӕ гӕсгӕ. Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй, адӕм кӕй ӕрхъуыды кодтой, уыцы ӕгъдӕутты фӕдыл ма цӕуӕм, фӕлӕ «хӕцӕм куырыхон зондыл ӕмӕ хъуыды кӕнын зонӕм» (Ӕмбисӕндтӕ 3:21; Матфейы 15:3). Исчи нӕ куы бафӕрсы, Куадзӕны бӕрӕгбон цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнӕм, уый тыххӕй, уӕд ын ӕй бамбарын кӕнӕм, фӕлӕ нӕ рох нӕу, алы адӕймагӕн дӕр кӕй ис бар, цӕмӕй йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна, бӕрӕг ӕй кӕна ӕви нӕ (1 Петры 3:15).