Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ наукӕмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?
Мах хорз цӕстӕй кӕсӕм, наукӕйӕн цы бантысы, уымӕ ӕмӕ, цы раиртасы, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы вӕййы, уӕд уыимӕ сразы вӕййӕм.
Наукӕ иртасы, ӕрдз ӕмӕ Дун-дуне куыд конд сты, уый. Кӕд Библи наукон чиныг нӕу, уӕддӕр адӕмы разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕрдзы хабӕрттӕ иртасой ӕмӕ, наукӕ цы раиртасы, уыдӕттӕй пайда кӕной. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.
Астрономи. «Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста? Сфӕлдыста сӕ, стъалыты ӕфсад чи ракӕны, уый – алкӕцы дӕр йӕхи нымӕцмӕ гӕсгӕ, алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй» (Исай 40:26).
Биологи. «Соломон дзырдта бӕлӕсты тыххӕй – Ливаны чи зайы, уыцы кедртӕй райдай ӕмӕ, къулыл чи схилы, уыцы иссопӕй фӕу. Дзырдта ма сырдтӕ ӕмӕ мӕргъты тыххӕй, стӕй ӕндӕр цӕрӕгойты тыххӕй ӕмӕ кӕсӕгты тыххӕй дӕр» (1 Паддзӕхты 4:33).
Медицинӕ. «Хъӕлдзӕг зӕрдӕ хосау дзӕбӕх кӕны, ныфссаст зӕрдӕ та стджытӕ хус кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 17:22).
Метеорологи. «Искуы бацыдтӕ, миты ӕвӕрӕнтӕ кӕм сты, уырдӕм? Дӕ бон у ихы ӕвӕрӕнтӕ фенын? [...] Кӕм ис... скӕсӕйнаг дымгӕ зӕххыл цы фӕндагыл зилы, уый?» (Иов 38:22–24).
Наукӕмӕ хорз цӕстӕй кӕй кӕсӕм, уый бӕрӕг у нӕ литературӕйӕ дӕр – вӕййы дзы алыхуызон статьятӕ ӕрдзы тыххӕй ӕмӕ, наукӕйӕн цы бантысы, уый тыххӕй. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ сывӕллӕтты фӕразӕнгард кӕнынц хорз ахуыр кӕнынмӕ, цӕмӕй, сӕ алыварс цы дуне ис, уый тыххӕй фылдӕр зоной. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕн сӕ куыст баст у наукӕимӕ, зӕгъӕм, биохимийӕ, математикӕ ӕмӕ физикӕимӕ.
Наукӕйӕн йӕ бон цы нӕу
Нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, наукӕйӕн йӕ бон нӕу, адӕммӕ цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзуапп раттын a. Зӕгъӕм, геологтӕ иртасынц, зӕхх цӕмӕй конд у, уый. Адӕймаджы биологи чи иртасы, уыдон та архайынц, адӕймаджы буар куыд кусы, уый хуыздӕр базоныныл. Фӕлӕ зӕхх афтӕ конд кӕй у, ӕмӕ йыл цӕрӕн уа кӕнӕ адӕймаджы буары уӕнгтӕ афтӕ конд кӕй сты, ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст кӕной, уый цӕуыл дзурӕг у?
Мах бамбӕрстам, ацы фарстатӕн дзуаппытӕ ӕрмӕстдӕр Библийы кӕй ис ссарӕн (Псалом 139:13–16; Исай 45:18). Уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдыстӕм, ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр у, адӕймаг йӕ фарстатӕн дзуаппытӕ ӕрмӕст наукӕйы нӕ, фӕлӕ ма Библийы дӕр куы агура.
Кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый наукӕмӕ гӕсгӕ раст нӕу. Фӕлӕ афтӕ уымӕн хъуыды кӕнынц, ӕмӕ нӕ зонынц, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, Хуыцау зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый ӕхсӕз бонмӕ кӕй сфӕлдыста. Фӕлӕ уыцы сфӕлдыстадон бонтӕ, 24 сахаты кӕм ис, ахӕм бонтӕ нӕ уыдысты (Райдиан 1:1; 2:4).
Бирӕтӕ растыл кӕй нымайынц, уыцы теоритӕй кӕцыдӕртӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй, стӕй сӕ зындгонд ахуыргӕндтӕй чидӕртӕ растыл нӕ нымайынц. Зӕгъӕм, ӕрдз куыд конд у, уымӕй бӕрӕг у, зондджын чидӕр ӕй кӕй скодта. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах дӕр разы стӕм, бирӕ биологтӕ, химиктӕ ӕмӕ ӕндӕр ахуыргӕндтӕ цы хъуыдыйыл хӕст сты, уыимӕ: уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон эволюцийы фӕрцы фӕзындаиккой.
a Альберт Эйнштейн загъта, зӕгъгӕ, кӕд наукӕйӕн бирӕ цыдӕртӕ бантыст, уӕддӕр, рӕстӕг куыд равдыста, афтӕмӕй адӕмӕн сӕ зындзинӕдтӕ нӕ фӕкъаддӕр сты.