Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ патриотизмимӕ баст церемониты цӕуылнӕ архайынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ патриотизмимӕ баст церемониты цӕуылнӕ архайынц?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хицӕутты нымайынц ӕмӕ бӕстӕйы символтӕн аргъ кӕнынц. Нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, алкӕмӕн дӕр йӕхи бар у, йӕ бӕстӕйыл иузӕрдион кӕй у, уый номыл ард бахӕрдзӕн, тырысайӕн табу кӕндзӕн кӕнӕ гимн зардзӕн ӕви нӕ, уый.

 Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахӕм церемониты нӕ архайынц, уымӕн ӕмӕ уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу. Фӕлӕ иннӕты хъуыдыйӕн аргъ кӕнӕм, ӕмӕ сӕ бузныг вӕййӕм, уыдон дӕр нын нӕ хъуыдыйӕн куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд.

Ацы статьяйы

 Цавӕр уагӕвӕрдтыл цӕуы дзырд?

 Патриотизмимӕ баст церемониты нӕ архайӕм дыууӕ уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.

  •   Кувын ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн. Библийы фыст ис: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн» (Лукайы 4:8). Бирӕ бӕстӕтӕн сӕ гимны ис ахӕм ныхӕстӕ, адӕймаг ӕппӕты тынгдӕр йӕ бӕстӕ кӕй уарзы. Ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ адӕймаг фӕзӕгъы, йӕ бӕстӕйыл иузӕрдион кӕй у, уый номыл ард хӕргӕйӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн се ’фсарм уый бар нӕ дӕтты, цӕмӕй ахӕм церемониты архайой.

     Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн тырысайӕн табу кӕнын мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй уӕлдай нӕу. Ӕмӕ уый та Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (1 Коринфӕгтӕм 10:14). Иуӕй-иу историктӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй адӕм тырысайӕн табу кӕнынц, Хуыцауӕн куыд табу кӕнай, афтӕ. Историк Карлтон Хейсы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «национализм динӕй уӕлдай нӕу, кувгӕ та дзы сӕйраджыдӕр кӕнынц тырысайӕн» a. Дэниел Манникс та фыццаг чырыстӕтты тыххӕй ныффыста: «[Ромы] император, цыма хуыцау у, афтӕ йын нывӕндтӕ хастой. Фӕлӕ йын чырыстӕттӕ нывонд ӕрхӕссыныл нӕ разы кодтой. Нӕ рӕстӕджы уый абарӕн ис, адӕймаг тырысайӕн табу кӕныныл куыд нӕ разы кӕна, уыимӕ» b.

    Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тырысайӕн нӕ табу кӕнынц, уӕддӕр дзы хынджылӕг дӕр никуы кӕндзысты, зӕгъӕм, нӕ йӕ басудздзысты, нӕ йӕ аскъуындзысты кӕнӕ йын ӕндӕр ахӕм митӕ нӕ бакӕндзысты. Ӕмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсынц бӕстӕйы иннӕ символтӕм дӕр.

  •   Хуыцау адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕсы (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Библийы фыст ис: «[Хуыцау] иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмты» (Хъуыддӕгтӕ 17:26). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм раст нӕ кӕсы кӕцыдӕр адӕмы кӕнӕ адӕмыхатт иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрын. Мах алкӕмӕн дӕр кад кӕнӕм ӕмӕ, кӕм райгуырдысты кӕнӕ кӕм цӕрынц, уымӕ нӕ кӕсӕм (1 Петры 2:17).

 Патриотизмимӕ баст церемониты архайын закъонмӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг куы уа, уӕд куыд бакӕнӕм?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хицауады ныхмӕ нӕ цӕуынц. Мах фидарӕй уырны, «хицӕуттӕн цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд» кӕй сты (Ромӕгтӕм 13:1–7). Стӕй ма зонӕм, чырыстӕттӕ хицӕутты коммӕ кӕй хъуамӕ кӕсой (Лукайы 20:25).

 Фӕлӕ хицӕутты закъӕттӕ Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ куы вӕййынц, уӕд та куыд бакӕнӕм? Иуӕй-иу хатт хицауадмӕ курдиат бадӕттӕм, цӕмӕй закъӕтты исты фӕивой c. Уымӕн гӕнӕн куы нӕ вӕййы, уӕд та (кӕд хицӕутты нымайӕм, уӕддӕр) фӕархайӕм Библийы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ: «Фыццаджыдӕр хъуамӕ... [Хуыцаумӕ] хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:29).

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕйы кӕнӕ адӕмы царды исты фӕивыныл архайынц?

 Нӕ. Дзырд политикӕимӕ кӕнӕ адӕмы цардимӕ баст фарстатыл куы фӕцӕуы, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ никӕй фарс фӕхӕцынц. Нӕ бӕстӕйыл иузӕрдион кӕй уыдзыстӕм, уый номыл ард кӕй нӕ бахӕрӕм, тырысайӕн кӕй нӕ табу кӕнӕм ӕмӕ гимн кӕй нӕ фӕзарӕм, уый политикӕимӕ баст нӕу. Афтӕмӕй мах ӕвдисӕм, ахӕм церемониты фӕдыл Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм.

a «Essays on Nationalism», 107, 108 фф.

b «The Way of the Gladiator», 212 ф.