Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ америкаг сектӕ сты?
Нӕ сӕйраг хайад ис Америкӕйы Иугонд Штатты. Фӕлӕ америкаг сектӕ не стӕм, уымӕн ӕмӕ:
Сектӕйыл фӕнымайынц, цавӕрдӕр динӕй чи рахицӕн, ахӕм адӕмы къорд. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕрдӕр динӕй нӕ рахицӕн сты. Фӕлӕ мах архайӕм, цӕмӕй, фыццаг ӕнусы цы чырыстон дин уыди, уый фӕстӕмӕ сфидар уа.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй архайынц 230 бӕстӕйӕ фылдӕры. Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, мах фыццаг бынаты ӕвӕрӕм Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы, Иугонд Штатты кӕнӕ ӕндӕр искӕцы бӕстӕйы хицауад нӕ, фӕлӕ (Иоанны 15:19; 17:15, 16).
Нӕ ахуырӕдтӕ иууылдӕр арӕзт сты Библийыл, Иугонд Штатты цӕрӕг дины разамонджыты чингуытыл нӕ, фӕлӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).
Мах цӕуӕм Йесо Чырыстийы фӕдыл, цавӕрдӕр зӕххон разамонӕджы фӕдыл нӕ, фӕлӕ (Матфейы 23:8–10).