Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы цӕстӕй кӕсынц, раздӕр сӕ диныл хӕст чи уыд, уыдонмӕ?
Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи сси ӕмӕ донаргъуыд чи райста, фӕлӕ адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй чи нал дзуры ӕмӕ ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонӕй нӕхи дард нӕ ласӕм. Уый нӕ, фӕлӕ ма архайӕм, цӕмӕй сӕ ссарӕм ӕмӕ сын баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй та сӕ уырнындзинад бафидар уа.
Уӕззау тӕригъӕд чи саразы, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй уайтагъд нӕ ацух кӕнӕм. Фӕлӕ донаргъуыд Ӕвдисӕн дарддӕр дӕр Библийы закъӕттӕ куы хала ӕмӕ куы нӕ фӕсмон кӕна, уӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кӕндзысты, ӕмӕ дзы нӕхи хиздзыстӕм. Библийы фыст ис: «Ӕвзӕргӕнӕджы уе ’хсӕнӕй фӕсурут» (1 Коринфӕгтӕм 5:13).
Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, фӕлӕ йӕ цардӕмбал ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн сты, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Кӕд ныр иу диныл хӕст нал сты, уӕддӕр сты иу бинонтӕ. Уӕддӕр сты лӕг ӕмӕ ус ӕмӕ раздӕрау иумӕ цӕрдзысты.
Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонӕн сӕ бон у не ’мбырдтӕм цӕуын. Кӕд сӕ фӕнда, уӕд сӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ дӕр аныхас кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад бафидар уа. Ацы хъуыддагӕн йӕ нысан у, цӕмӕй, кӕй ацух кодтой, уыдонӕй алкӕмӕндӕр баххуыс кӕной ӕмӕ та ногӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суой. Ахӕм адӕймаг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй йӕхи куы хиза ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд йӕ бон у фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхын.