Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ куыд арӕзт сты?
Алы ӕмбырдмӕ дӕр йӕ хъус дары хистӕр нӕлгоймӕгты совет. 20 ӕмбырды бӕрц хауы иу районмӕ. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕмбырдтӕ фӕбӕрӕг кӕнынц цӕуӕг цӕстдарджытӕ, хонынц сӕ районон цӕстдарджытӕ.
Разамонӕг совет разамынд дӕтты Библимӕ гӕсгӕ. Разамонӕг советы сты, Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм Ӕвдисӕнтӕ. Уыдон кусынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Уорвичы (штат Нью-Йорк, АИШ) (Хъуыддӕгтӕ 15:23–29; 1 Тимофеймӕ 3:1–7).