Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнынц?
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, Библи цы дзуры, уый базонай. Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй...
амондджын уай.
Хуыцауы хӕлар суай.
Библи ныфс цавӕр фидӕнӕй ӕвӕры, уый базонай.
Ацы фарсыл
Библийы ахуыр куыд фӕцӕуы?
Демӕ Библи чи ахуыр кӕндзӕн, уыимӕ йӕ ахуыр кӕндзыстут темӕтӕм гӕсгӕ. Чиныджы фӕрцы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» базондзынӕ, Библи цы дзуры ӕмӕ, цы базонай, уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн. Фылдӕр базоныны тыххӕй бакӕс ацы видеороликмӕ.
Библийы ахуырӕн фидын хъӕуы?
Нӕ хъӕуы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц Йесойы фӕдзӕхст: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:8). Стӕй фидын нӕ хъӕудзӕн Библийӕн ӕмӕ чиныгӕн «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!».
Библи цас рӕстӕг фӕахуыр кӕнынц?
Чиныджы ис 60 урочы. Цас рӕстӕгмӕ сӕ фӕуыдзынӕ, уый дӕхицӕй кӕнгӕ у. Фӕлӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй бирӕты бафӕнды, цӕмӕй-иу къуыримӕ иу кӕнӕ цалдӕр урочы рацӕуой.
Мӕ бон куыд у райдайын?
1. Онлайн курдиат байдзаг кӕн. Дӕхи тыххӕй дзы цы информаци ныффыссай, уый хъӕуы, цӕмӕй дӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй исчи бадзура, ныффысса кӕнӕ бацӕуа.
2. Демӕ Библи чи ахуыр кӕндзӕн, уый дӕм бадзурдзӕн, ныффысдзӕн кӕнӕ бацӕудзӕн. Демӕ Библи чи ахуыр кӕндзӕн, уый дын радзурдзӕн, Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй ӕмӕ дын дӕ фарстатӕн дзуапп ратдзӕн.
3. Демӕ Библи чи ахуыр кӕндзӕн, уыимӕ уӕ ахуыры тыххӕй аныхас кӕндзыстут. Ахуыр кӕнӕн ис, фембӕлат-иу, афтӕмӕй кӕнӕ телефонӕй, йе та видеосвязы, писмоты кӕнӕ электронон почтӕйы уылты. Арӕхдӕр урок фӕцӕуы иу сахат. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, цӕуа къаддӕр кӕнӕ фылдӕр – уый кӕнгӕ у дӕ уавӕртӕй.
Ахуыр куыд фӕцӕуы, уый афӕлварӕн ис?
Ис. Уый тыххӕй байдзаг кӕн онлайн курдиат. Демӕ Библи чи ахуыр кӕндзӕн, уыимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу ын зӕгъ, ахуыр куыд цӕудзӕн, уый афӕлварын дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй бамбарай, дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы ӕви нӕ. Уый тыххӕй нӕм ис брошюрӕ «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!». Уыцы брошюрӕйы ис чиныджы фыццаг ӕртӕ урочы. Уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕнай, Библи дарддӕр ахуыр кӕндзынӕ ӕви нӕ.
Библи ахуыр кӕнын куы райдайон, уӕд хъуамӕ ӕнӕмӕнг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суон?
Уый ӕнӕмӕнг нӕу. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уарзынц адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын, фӕлӕ нӕ дин тыххӕй никӕмӕн исын кӕнӕм. Мах адӕмӕн уӕзданӕй дзурӕм, Библийы цы фыст ис, уый. Фӕлӕ алчидӕр йӕхӕдӕг ӕвзары, цӕуыл ӕууӕнддзӕн, уый (1 Петры 3:15).
Мӕ бон у мӕхи Библийӕ пайда кӕнын?
О, дӕ бон у пайда кӕнын Библийы тӕлмацтӕй кӕцыфӕндыйӕ дӕр. Махӕн нӕ зӕрдӕмӕ цӕуы «Библи. Ног дунейы тӕлмац», уымӕн ӕмӕ у раст ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Фӕлӕ бирӕтӕ фӕпайда кӕнынц, ахуыр кӕуыл сты, уыцы тӕлмацӕй.
Мӕ бон у Библийы ахуырмӕ искӕй фӕхонын?
О. Дӕ бон у фӕхонын дӕ бинонты кӕнӕ де ’мбӕлттӕй искӕйты.
Кӕд раздӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кодтон, уӕд мӕ бон у семӕ ногӕй ахуыр кӕнын райдайын?
О. Библийы ахуыр ныр куыд фӕцӕуы, уый, чи зоны, дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр фӕцӕуа, уымӕн ӕмӕ, урокты цы ӕрмӕг ис, уый ӕнцондӕр ӕмбарӕн у. Раздӕр Библи кӕй фӕрцы ахуыр кодтам, уыцы публикацитӕй уӕлдай ам ис видеотӕ, стӕй дзы ис фылдӕр нывтӕ.
Ахӕм программӕ уӕм ис, цӕмӕй Библи ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй ахуыр кӕнон?
Ис. Кӕд бирӕты зӕрдӕмӕ цӕуы, цӕмӕй семӕ Библи исчи ахуыр кӕна, уӕддӕр иуӕй-иуты фыццаг фӕфӕнды ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй ахуыр кӕнын. Вкладкӕйы «Ӕрмӕг Библи ахуыр кӕнынӕн» ис лӕвар ӕрмӕг Библи ахуыр кӕнынӕн. Зӕгъӕм:
Библийыл арӕзт видеороликтӕ. Ацы цыбыр видеороликтӕй базонӕн ис Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ.
Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ. Ам цы статьятӕ ис, уыдон дзуапп дӕттынц, Библийы фӕдыл адӕммӕ цы фарстатӕ вӕййы, уыдонӕй бирӕтӕн.
Объяснение библейских стихов. Ам цы статьятӕ ис, уыдонӕй базонӕн ис, Библийӕ кӕцыдӕр стихтӕ кӕнӕ ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый.