БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД
Мӕ царды ӕппӕты хуыздӕр хӕрзиуӕг
РАЙГУЫРД: 1967
БӔСТӔ: ФИНЛЯНДИ
РАЗДӔР: ЗЫНДГОНД ТЕННИСИСТ
МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД
Райгуырдтӕн сабыр, рӕсугъд горӕт Тамперейы, Финляндийы. Мӕ бинонты тынг уырнӕг схонӕн нӕ уыд, фӕлӕ аргъ кодтой ахуырадӕн ӕмӕ хорз ӕгъдауӕн. Мӕ мад немыцаг у, ӕмӕ гыццыл куы уыдтӕн, уӕд-иу мӕ иуӕй-иу хатт Ныгуылӕн Германимӕ йӕ ныййарджытӕм уазӕгуаты арвыста.
Гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ цыди спорт. Къаддӕр куы уыдтӕн, уӕд алкӕцы спорты дӕр архайдтон, фӕлӕ мыл 14 азы бӕрц куы цыд, уӕд равзӕрстон теннис. 16 азы мыл куы цыди, уӕд бон дыууӕ-ӕртӕ хатты тренировкӕ кодтон – дыууӕ хатты тренеримӕ ӕмӕ изӕры та мӕхӕдӕг. Теннис алцӕмӕйдӕр цыди мӕ зӕрдӕмӕ. Уыцы спорт ӕнцон нӕу – хъӕуы дзы хъуыды кӕнын ӕмӕ рӕвдз змӕлын. Кӕд мын ӕхсызгон уыд ме ’мбӕлттимӕ мӕ рӕстӕг ӕрвитын ӕмӕ иуӕй-иу хатт бӕгӕны баназын, уӕддӕр наркотиктӕ никуы кодтон ӕмӕ карз нозт никуы нуӕзтон. Царды мын теннисӕй сӕйрагдӕр ницы уыд.
17 азы мыл куы цыди, уӕд райдыдтон, фӕлтӕрдджын теннисисттӕ кӕм хъазыдысты, уыцы турнирты архайын (АТП) a. Цалдӕр турниры куы рамбылдтон, уӕд мӕ ном айхъуыст. 22 азы мыл куы цыд, уӕд нымад ӕрцыдтӕн дунейы 50 хуыздӕр теннисисттӕй сӕ иуыл.
Цалдӕр азы мидӕг ӕгас дунейыл ӕрзылдтӕн, теннисы турнирты кӕй архайдтон, уый фӕрцы. Ӕмӕ кӕд рӕсугъд бынӕтты уыдтӕн, уӕддӕр уыдтон, дунейы бирӕ зындзинӕдтӕ кӕй ис: фыдракӕндтӕ, наркотиктӕ ӕмӕ ӕрдз кӕй чъизи кӕны. Зӕгъӕм, Иугонд Штатты куы уыдыстӕм, уӕд нын загътой, цӕмӕй горӕты иуӕй-иу районтӕм ма цыдаиккам, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ фыдракӕндтӕ уыд. Уыдӕттӕ мӕ мӕты ӕфтыдтой. Стӕй ма кӕд, бирӕ цы уарзтон, уыцы хъуыддагыл хӕст уыдтӕн, уӕддӕр-иу изӕры хӕдзармӕ куы ’рбацыдтӕн, уӕд-иу райгонд нӕ уыдтӕн.
БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА
Мӕ уарзон чызг, Саннӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Худӕг мӕм фӕкаст, дин ӕй кӕй бацымыдис кодта, фӕлӕ йӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ хъыгдардтон. 1990 азы нӕ цард баиу кодтам, ӕмӕ иу азы фӕстӕ донаргъуыд райста ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Мӕн та кӕд Хуыцау уырныдта, уӕддӕр мӕхи уырнӕг адӕймагыл нӕ нымадтон. Мӕ зӕрдыл лӕууыд, мӕ мадымад Библи арӕх кӕй касти ӕмӕ ма мӕн дӕр кувын кӕй сахуыр кодта.
Иу бон нӕм Саннӕимӕ уазӕгуаты ӕрбацыдысты Ӕвдисӕнтӕ, лӕг ӕмӕ ус. Лӕг хуынди Кари, ӕмӕ мын Библийы равдыста «фӕстаг бонты» тыххӕй пехуымпарад (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Уый мӕм тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ бамбӕрстон, дунейы уыйбӕрц фыддзинад цӕмӕн ис, уый. Уыцы бон дины тыххӕй ницыуал дзырдтам. Фӕлӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Кариимӕ райдыдтон Библийыл ныхас кӕнын ӕмӕ-иу цыдӕриддӕр базыдтон, уый-иу мӕ зӕрдӕмӕ арф бахъардта. Тынг ӕнӕвдӕлон кӕй уыдтӕн ӕмӕ-иу арӕх ӕндӕр рӕттӕм кӕй ацыдтӕн, уый тыххӕй нын зын уыд алы къуыри дӕр ӕмбӕлын, фӕлӕ Кари йӕ къухтӕ не ’руагъта. Ахуыры рӕстӕг-иу мӕм цы фарстатӕ фӕзынд, уыдонӕн-иу мын писмоты дзуапп радта. Царды ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстатӕн Библийы уыд хуымӕтӕг дзуапп. Ӕмӕ сабыргай-сабыргай ӕмбарын райдыдтон Библийы сӕйраг темӕ – Хуыцауы Паддзахады фӕрцы сӕххӕст уыдзӕн Хуыцауы фӕнд. Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у ӕмӕ мах тыххӕй цы сарӕзта, уый куы базыдтон, уӕд дисы бафтыдтӕн (Псалом 83:18). Мӕ зӕрдӕ мын ӕппӕты тынгдӕр бацагайдта, йӕ Фырты нывондӕн кӕй радта, уый. Ӕмӕ уый йӕ рӕстаг закъӕттӕ кӕй домдтой, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ бакодта, фӕлӕ нӕ уарзгӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй (Иоанны 3:16). Стӕй ма базыдтон, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ Хуыцауы ӕмбал суон ӕмӕ ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрон (Иаковы 4:8). Ӕмӕ хъуыды кодтон: «Бузныг дзы кӕй дӕн, уый мӕ бон куыд у равдисын?»
Мӕ цардыл лӕмбынӕг хъуыды кодтон. Библийӕ базыдтон, адӕймаг ӕппӕты амондджындӕр кӕй вӕййы, иннӕтӕн куы феххуыс кӕны, уӕд, ӕмӕ мӕ бафӕндыд цӕуыл ӕууӕндыдтӕн, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Спортсмен кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ-иу афӕдз 200 боны бӕрц хӕдзары нӕ уыдтӕн, турниртӕм-иу кӕй ацыдтӕн, уый тыххӕй. Нӕ бинонты ӕппӕты сӕйрагдӕр уыдтӕн ӕз – мӕ тренировкӕтӕ, мӕ хъуыддӕгтӕ, ме ’нтыстдзинӕдтӕ. Ӕмӕ бамбӕрстон, цыдӕр мӕ фӕивын кӕй хъӕуы.
Зыдтон ӕй, спорты мын цы ӕнтыстдзинӕдтӕ ис, уыдон дины тыххӕй куы ныууадзон, уӕд мӕ бирӕтӕ кӕй нӕ бамбардзысты. Фӕлӕ спорты цы хӕрзиуджытӕ ’мбылдтон, уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр уыд, мӕ бон кӕй уыд Йегъовӕйы хуыздӕр базонын ӕмӕ ӕнустӕм цӕрын. Уымӕ гӕсгӕ мын ӕнцон уыд уынаффӕ рахӕссын. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, иннӕтӕ цы зӕгъдзысты, ууыл кӕй нӕ хъуыды кӕндзынӕн. Библийӕ мын иу стих тынг баххуыс кодта, цӕмӕй мыл адӕмы хъуыды ма фӕзындаид. Уый уыд Псалом 118:6 стих: «Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?»
Уыцы рӕстӕг цалдӕр спонсоры фӕндыд мемӕ кусын. Куы сразы уыдаин, уӕд теннисӕй хъазыдаин ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы ӕнӕмӕт цард кодтаин. Фӕлӕ уӕдмӕ мӕхицӕн уынаффӕ рахастон, ӕмӕ не сразы дӕн, ӕмӕ ӕппынфӕстаг АТП-йы турнирты нал хъазыдтӕн. Дарддӕр Библи ахуыр кодтон ӕмӕ 1994 азы 2 июлы донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн.
АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН
Царды мыл ахӕмӕй никуы ницы ӕрцыд, цӕмӕй Хуыцауыл хъуыды кӕнын райдыдтаин. Уӕдӕ рӕстдзинад дӕр нӕ агуырдтон. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ хорз цардтӕн ӕмӕ мӕхицӕн фылдӕр цыдӕр нӕ агуырдтон. Фӕлӕ, раст цыма рӕстдзинад йӕхӕдӕг ӕнхъӕлмӕ каст, кӕд ӕй ссардзынӕн, уымӕ, афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы бамбӕрстон, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый ӕмӕ ныр, хъуыды дӕр куыд никуы акодтаин, афтӕ амондджын дӕн. Ныр нӕ бинонтӕ сты тынг ӕнувыд ӕмӕ ӕнгом. Ӕмӕ мын тынг ӕхсызгон у, ме ’ртӕ фырты дӕр мӕ къахвӕдтыл кӕй ацыдысты – спорты нӕ, фӕлӕ чырыстӕттӕ кӕй систы.
Ныр дӕр теннисӕй хъазын уарзын. Бирӕ азты дӕргъы мӕ куыст теннисимӕ баст у, зӕгъӕм, кусын тренерӕй ӕмӕ теннисы центры разамонӕгӕй. Фӕлӕ мын царды спорт сӕйрагдӕр нал у. Раздӕр-иу алы къуыри дӕр бирӕ рӕстӕг тренировкӕ кодтон, цӕмӕй мӕ хорз теннисист рауадаид ӕмӕ-иу рамбылдтаин. Ныр та мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Библийӕ базоной ӕмӕ цӕрой, мӕ цард кӕй фӕрцы фӕивта, уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Тынг амондджын дӕн, царды мын ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй у, Йегъовӕ Хуыцау мӕ хӕлар уа, уый ӕмӕ иннӕтӕн диссаджы фидӕны тыххӕй дзурын (1 Тимофеймӕ 6:19).
a АТП у Ассоциация теннисистов-профессионалов. Разамынд дӕтты фӕлтӕрдджын теннисисттӕн, нӕлгоймӕгтӕн. АТП-йы ма вӕййы фӕлтӕрдджын теннисисттӕн цалдӕр турниры ӕмӕ дзы снысан кӕнынц, чи рамбулдзӕн, уыдон цас ӕхца райсдзысты, уый. Спортсмен турнирты цас очкотӕ ӕрӕмбырд кӕны, уымӕй кӕнгӕ вӕййы, дунейы теннисистты ’хсӕн кӕцы бынат ахсдзӕн, уый.