Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Афтӕ мӕм касти, ӕмӕ мын царды алцыдӕр уыд»

«Афтӕ мӕм касти, ӕмӕ мын царды алцыдӕр уыд»
  • РАЙГУЫРД: 1962

  • БӔСТӔ: Канадӕ

  • РАЗДӔР: ӕнӕгъдау цард кодта

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 Ӕз райгуырдтӕн Монреалы, Канадӕйы провинци Квебекы стыр горӕты. Мӕ ныййарджытӕ, мӕ хистӕр хо ӕмӕ мӕ дыууӕ кӕстӕр ӕфсымӕримӕ цардыстӕм рӕсугъд бынаты, Розмоны районы. Нӕ ныййарджытӕ нӕ тынг уарзтой, нӕ бинонтӕ уыдысты ӕнгом ӕмӕ нӕ хӕдзары уыд фарн.

 Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд Библи кӕсын уарзтон. Хъуыды йӕ кӕнын, 12 азы мыл куы цыди, уӕд Ног Фӕдзӕхсты Чырыстийы царды тыххӕй кӕй бакастӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕй фӕцыд. Мӕн фӕндыд, цӕмӕй иннӕты Чырыстийы хуызӕн уарзтаин ӕмӕ сын тӕригъӕд кодтаин. Фӕлӕ, хъыгагӕн, куы фестырдӕр дӕн, уӕд мын ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ фӕзынд ӕмӕ мӕ уыдӕттӕ ферох сты.

 Мӕ фыд саксофоныл цагъта, ӕмӕ мын ӕрмӕст йӕ инструмент нӕ радта, фӕлӕ ма мын музыкӕ дӕр тынг бауарзын кодта, ӕмӕ мын царды уымӕй ахсджиагдӕр ницыуал уыд. Музыкӕ тынг кӕй уарзтон, уымӕ гӕсгӕ цыбыр рӕстӕгмӕ гитарӕйыл цӕгъдын дӕр сахуыр дӕн. Цасдӕры фӕстӕ ме ’мбӕлттимӕ рок-группӕ сарӕзтам, ӕмӕ нын цалдӕр концерты дӕр уыд. Иу зындгонд продюсер мыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ мын загъта, цӕмӕй иумӕ кусын райдыдтаиккам. Зарджытӕ чи фыссы ӕмӕ уадзы, ахӕм стыр компаниимӕ контракт скодтон. Мӕ музыкӕ бирӕты зӕрдӕмӕ цыди ӕмӕ йӕ ӕдзух Квебекы радиойы цагътой.

 Афтӕ мӕм касти, ӕмӕ мын царды алцыдӕр уыд. Уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ зындгонд, бирӕ кӕй уарзтон, уыцы куыст кодтон ӕмӕ бирӕ ӕхца истон. Боныгон-иу спортзалмӕ цыдтӕн, интервьютӕ ӕмӕ-иу автографтӕ лӕвӕрдтон, ӕмӕ-иу телеуынынады передачӕты архайдтон. Изӕры та-иу мын уыд концерттӕ ӕмӕ хъазтизӕртӕ. Ӕдзухдӕр бирӕ адӕмы ’хсӕн кӕй уыдтӕн, уымӕй фӕлмӕцын райдыдтон. Ӕмӕ мӕ фӕллад суадзыны тыххӕй карз нозт нуазын райдыдтон, фӕстӕдӕр та наркотиктӕм рахызтӕн. Стӕй ма ӕнӕмӕт ӕмӕ ӕнӕгъдау цард дӕр кодтон.

 Бирӕтӕм афтӕ каст, ӕмӕ амондджын уыдтӕн, ӕмӕ мӕм хӕлӕг кодтой. Фӕлӕ мӕм мӕ цард ницы касти, уӕлдайдӕр та-иу иунӕгӕй куы баззадтӕн, уӕд. Мӕхимӕ-иу ныхъхъуыстон ӕмӕ-иу мӕт кодтон. Мӕ уавӕр ноджы фӕфыддӕр, тынг ӕнтыстджын куы уыдтӕн, уыцы рӕстӕг мӕ продюсертӕ дыууӕйӕ СПИД-ӕй куы амардысты, уӕд. Арвыцӕфау фӕдӕн! Музыкӕ бирӕ уарзтон, фӕлӕ мӕ цардыуагӕй ме сӕфт уыдтон.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 Кӕд ӕнтыстджын уыдтӕн, уӕддӕр ӕмбӕрстон, ацы дуне сӕфт кӕй у. Уыйбӕрц хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕмӕн ис? Диссаг мӕм каст, Хуыцау цӕуылнӕ исты аразы, уый. Арӕх-иу куывтон Хуыцаумӕ, цӕмӕй мӕ фарстатӕн дзуапп базыдтаин. Иухатт гастролтӕй куы ӕрыздӕхтӕн, уӕд та ногӕй Библи кӕсын райдыдтон. Кӕд цы кастӕн, уымӕн йӕ фылдӕр не ’мбӕрстон, уӕддӕр ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдтӕн – хъуамӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон тагъд ӕрцӕуа.

 Библи кӕсгӕйӕ базыдтон, иухатт Чырысти 40 боны ком кӕй дардта (Матфейы 4:1, 2). Ӕмӕ ахъуыды кодтон, ӕз дӕр ком куы дарон, уӕд, чи зоны, Хуыцауы хуыздӕр базонон. Ӕмӕ равзӕрстон, ком дарын цы бон райдайдзынӕн, уый. Уыцы бонмӕ ма дыууӕ къуырийы куы хъуыди, уӕд мын мӕ дуар дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕрбахостой. Ӕз сӕ уайтагъд мидӕмӕ фӕхуыдтон, раст сӕм цыма рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн, афтӕ. Сӕ иумӕ, йӕ ном уыд Жак, ӕдзынӕг ныккастӕн ӕмӕ йӕ бафарстон: «Кӕцӕй йӕ зонӕм, ацы дунейы фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм?» Уый Библи бакодта ӕмӕ бакасти 2 Тимофеймӕ 3:1–5. Ӕз сӕ фарстаты бын фӕкодтон, ӕмӕ мӕм тынг диссаг фӕкаст, бӕлвырд дзуаппытӕ мын кӕй лӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ алы хатт дӕр Библийӕ кӕй бӕлвырд кодтой. Семӕ ма цалдӕр хатты куы фембӕлдтӕн, уӕд бамбӕрстон, ком дарын мӕ кӕй нӕ хъӕуы.

 Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон алы къуыри дӕр. Фӕстӕдӕр мӕ даргъ сӕрыхъуынтӕ алвыдтон ӕмӕ райдыдтон Паддзахады залмӕ алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын. Уыцы ӕмбырдты-иу мыл зӕрдиагӕй кӕй бацин кодтой, уый фӕрцы ноджы тынгдӕр баууӕндыдтӕн, рӕстдзинад кӕй ссардтон.

 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй Библимӕ гӕсгӕ цардаин, уый тыххӕй мӕ бирӕ цыдӕртӕ фӕивын хъуыд. Зӕгъӕм, наркотиктӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау цард ныууадзын. Стӕй-ма хъуамӕ мӕ зондахаст дӕр аивтаин – ӕрмӕст мӕхиуыл ма хъуыды кодтаин, фӕлӕ иннӕтыл дӕр. Иунӕгӕй дыууӕ сывӕллоны хъомыл кодтон, ӕмӕ сыл хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр тыхстаин ӕмӕ сын Хуыцауы бауарзынӕн баххуыс кодтаин. Уымӕ гӕсгӕ музыкӕ ныууагътон ӕмӕ фабрикӕмӕ кусынмӕ бацыдтӕн, кӕд дзы гыццыл мызд уыди, уӕддӕр.

 Уыцы ивындзинӕдтӕ кӕнын мын ӕнцон нӕ уыд. Наркотиктӕ ныууадзыныл куы архайдтон, уӕд мӕ бон фынӕй кӕнын нӕ уыд ӕмӕ-иу мӕ буар иууылдӕр рысти. Цалдӕр хатты мӕхи нӕ баурӕдтон, ӕмӕ та-иу наркотиктӕ кӕнын райдыдтон (Ромӕгтӕм 7:19, 21–24). Ӕппӕты зындӕр мын уыд ӕнӕгъдау цард ныууадзын. Стӕй мын мӕ ног куыстимӕ цардамӕлттӕ кӕнын зын уыди, ӕмӕ уый тыххӕй ныфссаст уыдтӕн. Музыкант куы уыдтӕн, уӕд-иу дыууӕ сахатмӕ цы ӕхца бакуыстон, ууыл мӕ ныр ӕртӕ мӕйы кусын хъуыди.

 Хуыцаумӕ кӕй куывтон, уый мын ӕххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр мӕ цард ивтаин. Стӕй алы бон дӕр Библи кӕй кастӕн, уый дӕр мын тынг ӕххуыс кодта. Библийӕ мӕ кӕцыдӕр стихтӕ тынг фидар кодтой. Зӕгъӕм, 2 Коринфӕгтӕм 7:1 чырыстӕтты разӕнгард кӕны: «Нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй». Филиппӕгтӕм 4:13 цы ныхӕстӕ ис, уыдон дӕр мӕ ныфс бауагътой, мӕ бон кӕй суыдзӕн ме ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Фыст дзы ис: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы». Йегъовӕ Хуыцау мын мӕ куывдтытӕ фехъуыста ӕмӕ мын баххуыс кодта, цӕмӕй Библийы рӕстдзинад бамбӕрстаин ӕмӕ мӕ цард уымӕ гӕсгӕ арӕзтаин. Ӕмӕ мӕ бафӕндыд мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын (1 Петры 4:1, 2). 1997 азы донаргъуыд райстон ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 Мӕ цард куы нӕ аивтаин, уӕд абон ӕгас кӕй нӕ уаин, ууыл дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнын. Фӕлӕ ныр тынг амондджын дӕн! Ис мын диссаджы бинойнаг, йӕ ном у Элви. Нӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр иумӕ адӕмӕн Библийы тыххӕй фӕдзурӕм. Уый мын хӕссы стыр циндзинад ӕмӕ мӕ цардӕй райгонд дӕн. Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, йӕхимӕ мӕ кӕй ӕрбакодта, уый тыххӕй (Иоанны 6:44).