Запискӕтӕ гӕрзтӕхсӕн машинӕйы бын
Зӕринӕ донаргъуыд куы райста ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд Уӕрӕсейӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт Централон Азимӕ, йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ. Йӕ фидар фӕнд уыди, цӕмӕй йӕ дыууӕ чызджы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суыдаиккой. Ӕхцайӕ кӕй тыхсти, уымӕ гӕсгӕ цард иу къомнӕты йӕ ныййарджытимӕ, стӕй йе ’фсымӕр ӕмӕ йӕ усимӕ. Йӕ ныййарджытӕ йӕ нӕ уагътой йӕ чызджытӕн Библийы тыххӕй дзурын. Стӕй сывӕллӕттӕн дӕр загътой, цӕмӕй сӕ мадимӕ Библийы тыххӕй ма дзырдтаиккой.
Зӕринӕ бирӕ фӕхъуыды кодта, цы сараза, цӕмӕй йӕ чызджытӕ Йегъовӕйы базоной, уый тыххӕй (Ӕмбисӕндтӕ 1:8). Гъемӕ зӕрдӕбынӕй Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ дзы разамынд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад куырдта. Ӕмӕ йӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодта: йӕ сывӕллӕтты-иу тезгъо кӕнынмӕ ракодта ӕмӕ сын-иу, Хуыцау цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдӕтты кой кодта. Кӕд-иу ын бирӕ рӕстӕг нӕ уыд семӕ аныхас кӕнынӕн, уӕддӕр сывӕллӕтты бафӕндыд Сфӕлдисӕджы тыххӕй фылдӕр базонын.
Фӕстӕдӕр Зӕринӕ ӕрхъуыды кодта, йӕ чызджытимӕ куыд райдыдтаид ахуыр кӕнын чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» a. Чиныгӕй-иу абзацтӕ ӕмӕ фарстатӕ гӕххӕтмӕ рафыста. Стӕй ма-иу дзы цалдӕр хъуыдыйады бафыста, цӕмӕй-иу чызджытӕ ӕрмӕг хуыздӕр бамбӕрстаиккой. Уый фӕстӕ-иу уыцы гӕххӕттытӕ ӕмӕ кърандас ваннӕйы гӕрзтӕхсӕн машинӕйы бын бамбӕхста. Ӕмӕ-иу чызджытӕ ваннӕйы куы уыдысты, уӕд-иу абзацтӕ бакастысты ӕмӕ-иу сӕ дзуаппытӕ гӕххӕттыл ныффыстой.
Афтӕ Зӕринӕ йӕ чызджытимӕ чиныгӕй «Библи цы дзуры» рацыд дыууӕ сӕры, цалынмӕ ӕндӕр цӕрӕнбынат не ссардтой, уӕдмӕ. Уым ӕй ничи хъыгдардта йӕ чызджыты, йӕхи куыд фӕндыд, афтӕ хъомыл кӕнын. 2016 азы октябры дыууӕ чызджы дӕр донаргъуыд райстой. Ӕмӕ тынг цин кӕнынц, сӕ мады ӕмбаргӕдзинады фӕрцы Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад кӕй базыдтой.
a Абон бирӕтӕ Библи ахуыр кӕнынц чиныджы фӕрцы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!».