Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сабырӕй ныхас кодтой мӕсты сауджынтимӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сабырӕй ныхас кодтой мӕсты сауджынтимӕ

 Артур Сомихы лӕггад кӕны районон цӕстдарӕгӕй ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ фӕбӕрӕг кӕны. Иухатт иу ӕмбырд куы бӕрӕг кодта, уӕд базыдта, уыцы ӕмбырд кӕй нӕ фӕхъусын кӕны, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уыцы рӕтты ӕмӕ стендтимӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕимӕ. Цӕмӕй ӕмбырд райдыдтаид, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын, уый тыххӕй Артур, йӕ бинойнаг Аннӕимӕ ӕмӕ ма иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнимӕ, Жирайримӕ, иу гыццыл горӕты стендимӕ хъусын кодтой. Ӕмӕ равзӕрстой, фылдӕр адӕм кӕм уыд, ахӕм бынат.

 Стенды рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон-иу ӕрлӕууыдысты ӕмӕ-иу литературӕ райстой. Фӕлӕ уый кӕй зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ахӕмтӕ дӕр дзы разынд. Дыууӕ сауджыны стендмӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ иу ӕнӕдзургӕйӕ стенд къахӕй ныццавта ӕмӕ йӕ афӕлдӕхта. Уый фӕстӕ Артуры ахӕм дзӕхст ныккодта, ӕмӕ йӕ кӕсӕнцӕстытӕ ахаудысты. Артур, Аннӕ ӕмӕ Жирайр архайдтой сауджынты ӕрсабыр кӕныныл, фӕлӕ сын ницы уади. Сауджынтӕ стенд къахӕй хостой ӕмӕ литературӕ ныппырх кодтой. Артуритӕн ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкодтой, фертхъирӕнтӕ сӕм кодтой ӕмӕ стӕй ацыдысты.

 Артур, Аннӕ ӕмӕ Жирайр пъӕлицӕмӕ бахъаст кӕнынмӕ ацыдысты. Участокы бамбарын кодтой, хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый ӕмӕ пъӕлицӕйӕгтимӕ ӕмӕ иннӕ кусджытӕй цалдӕримӕ Библийыл цыбыртӕй аныхас кодтой. Уый фӕстӕ се ’ртӕйы дӕр хистӕр офицермӕ акодтой. Офицеры базонын фӕндыд, хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый. Фӕлӕ куы базыдта, Артур, фидӕрттӕ арӕзт нӕлгоймаг, сауджыны кӕй нӕ фӕнадта, кӕй йӕ ныдздзӕхст кодта, уый тыххӕй, уӕд ӕм уыцы хабары фӕдыл фарстатӕ нал лӕвӕрдта. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй йӕ фылдӕр базонын бафӕндыд. Ӕмӕ афтӕ цыппар сахаты фӕныхас кодтой! Офицеры зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, цы фехъуыста, уый ӕмӕ ма афтӕ дӕр загъта: «Уӕ дин мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы! Ӕз дӕр уӕм куы бацӕуин!»

Артур ӕмӕ Аннӕ

 Дыккаг бон та Артур стендимӕ уыцы бынаты хъусын кодта, ӕмӕ йӕм бацыд, уый размӕ бон цы ’рцыд, уый чи федта, иу ахӕм нӕлгоймаг. Артурӕй раппӕлыд, йӕхиуыл кӕй фӕхӕцыд ӕмӕ сауджынтӕм йӕ къух кӕй нӕ систа, уый тыххӕй. Стӕй ма загъта, сауджынтӕн йӕ цӕсты ӕппындӕр кӕй ницыуал кад ис.

 Изӕры хистӕр офицер Артурмӕ пъӕлицӕйы участокмӕ фӕдзырдта. Ӕмӕ цы ’рцыд, ууыл нӕ ныхас кодта, фӕлӕ йӕм Библийӕ бирӕ фарстатӕ лӕвӕрдта. Йемӕ ма уыд дыууӕ пъӕлицӕйаджы.

 Уый фӕстӕ бон Артур ногӕй хистӕр офицермӕ бацыд, цӕмӕй йын Библийыл арӕзт видеоролик равдыстаид. Офицер иннӕ пъӕлицӕйӕгтӕм дӕр фӕдзырдта, цӕмӕй уыдон дӕр видеороликмӕ бакастаиккой.

 Уыцы сауджынтӕ сӕхи афтӕ ӕвзӕр кӕй равдыстой, уый фӕрцы фадат фӕзынд, цӕмӕй пъӕлицӕйӕгтӕй бирӕтӕ хорз хабар фехъуыстаиккой. Стӕй ма уый фӕрцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хорз цӕстӕй кӕсын райдыдтой.