Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Ахӕстоны цы федта, уый йын йӕ зӕрдӕ бацагайдта

Ахӕстоны цы федта, уый йын йӕ зӕрдӕ бацагайдта

 Иу нӕлгоймаг 2011 азы Эритрейӕ алыгъд ӕмӕ Норвегийы ӕрцард. Иу бон ын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕ дуар бахостой, ӕмӕ сын загъта, йӕ райгуырӕн бӕстӕйы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕйдӕрты кӕй зыдта. Радзырдта сын, ӕфсӕддон кӕй уыд ӕмӕ кӕй уыдта, сӕ дины тыххӕй ахӕстоны чи бадт, уыцы Ӕвдисӕнтӕ ӕфсадмӕ цӕуын кӕй нӕ куымдтой, кӕд-иу сын фыдмитӕ кодтой, уӕддӕр.

 Хабар афтӕ рауад, ӕмӕ уыцы нӕлгоймаг йӕхӕдӕг дӕр ахӕстонмӕ бахауд. Ахӕстоны йемӕ уыди ӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны – Паулос Ияссу, Негеде Теклемариам ӕмӕ Исаак Могос. Уыдон сӕ дины тыххӕй ахӕстоны бадтысты 1994 азӕй.

 Уыцы нӕлгоймаг уыдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, иннӕтӕн цы амыдтой, уымӕ гӕсгӕ кӕй цардысты. Нӕлгоймаг бафиппайдта, тынг ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй уыдысты ӕмӕ-иу суанг иннӕ ахст адӕмӕн дӕр сӕ къӕбӕрӕй кӕй хай кодтой. Стӕй бафиппайдта, алы бон дӕр иумӕ Библи кӕй ахуыр кодтой ӕмӕ-иу иннӕтӕм дӕр кӕй фӕдзырдтой. Сӕ бон уыд, ӕмӕ ахӕстонӕй рацыдаиккой. Уый тыххӕй сӕ ӕрмӕстдӕр хъуыд сӕ къух ӕрфыссын, афтӕ фыст кӕм уыд, Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы гӕххӕттыл. Фӕлӕ уыдон ууыл никуы сразы сты.

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи куыд дардтой, уый тынг бацагайдта уыцы нӕлгоймаджы зӕрдӕ. Норвегимӕ куы алыгъд, уӕд ӕй бафӕндыд базонын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ уырнындзинад афтӕ фидар цӕй фӕрцы у. Ӕмӕ йӕм Ӕвдисӕнтӕ куы ’рбацыдысты, уӕд уайтагъд райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын.

 2018 азы сентябры уыцы нӕлгоймаг донаргъуыд райста ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Ныр алы фадатӕй дӕр пайда кӕны Эритрейӕ ӕмӕ Суданӕй ӕрцӕуӕг адӕмимӕ аныхас кӕнынӕн. Тынг ӕй фӕнды, цӕмӕй-иу Библи ахуыр кӕнын райдайой ӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уой.