Хуыцау куырм сылгоймаджы куывд фехъуыста
Яньмэй у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ цӕры Азийы. Иубон Яньмэй иу куырм сылгоймагӕн, йӕ ном Минцзе, фӕндаджы сӕрты ахизынӕн баххуыс кодта a. Минцзе йын загъта: «Бузныг, Хуыцау дын раарфӕ кӕнӕд!» Уый фӕстӕ Яньмэй Минцзейы бафарста: «Фӕнды дӕ, цӕмӕй фембӕлӕм ӕмӕ Библийыл аныхас кӕнӕм?» Фӕстӕдӕр Минцзе загъта, алы бон дӕр-иу кӕй куывта, цӕмӕй Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты ӕмбырд ссардтаид. Цымӕ афтӕ цӕмӕн куывта?
Минцзе радзырдта иу хабар. 2008 азы йӕ йе ’мбал (уый дӕр куырм) акодта, инвалидтӕн кӕм ӕххуыс кӕнынц, ахӕм аргъуанмӕ. Сауджын йӕ раныхас куы фӕци, уӕд ӕй Минцзе бафарста, цы хъуыдытӕ дзырдта, уыдон цавӕр чиныгӕй уыдысты, уымӕй. Сауджын ын загъта: «Библийӕ, Хуыцауы Ныхасӕй». Гъемӕ Минцзейы тынг бафӕндыд Библи бакӕсын. Библи кӕсгӕйӕ бамбӕрста, Троицӕ мӕнг ахуырад кӕй у, кӕд уыцы ахуырадыл йӕ аргъуаны ӕууӕндыдысты, уӕддӕр. Стӕй ма базыдта, Хуыцауӕн кӕй ис ном – Йегъовӕ.
Цасдӕр рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Минцзе, сӕ аргъуанмӕ чи цыд, уыдонӕй фӕфыдӕнхъӕл. Бамбӕрста йӕ, Библийы цы каст, уымӕ гӕсгӕ кӕй нӕ цӕрынц. Зӕгъӕм, цӕстӕй чи уыдта, уыдонӕн-иу хорз хӕринӕгтӕ радтой, уӕлдӕйттӕ та-иу радтой, цӕстӕй чи нӕ уыдта, уыдонӕн. Уыцы хъулон миты тыххӕй йӕ зӕрдӕ тынг рыст. Гъемӕ, кӕм цард, уым ӕндӕр аргъуан агурын райдыдта. Ӕмӕ ӕцӕг чырыстон ӕмбырд ссарыны тыххӕй дӕр уый тыххӕй куывта.
Яньмэй йын кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй Минцзе йемӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы. Фӕстӕдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ ацыд. Минцзе загъта: «Никуы мӕ ферох уыдзӕн, фыццаг хатт ӕмбырдмӕ куы бацыдтӕн, уый. Хотӕ ӕмӕ мыл ӕфсымӕртӕ иууылдӕр тынг бацин кодтой. Уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Кӕд цӕстӕй нӕ уынын, уӕддӕр, се ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый мӕхиуыл банкъардтон».
Минцзейӕн йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта, ӕмӕ иу ӕмбырд дӕр нал цух кодта. Ӕмбырды йӕ зӕрдӕмӕ уӕлдай тынгдӕр цыди Паддзахады зарджытӕ зарын. Фӕлӕ йын уый ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Брайлы шрифтыл китайаг ӕвзагыл зарджыты чиныг нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Минцзе ӕмбырды ӕххуысы фӕрцы зарджыты чиныг йӕхӕдӕг скодта. 151 зарӕджы ныммыхуыр кодта 22 сахатмӕ! 2018 азы апрелы та райдыдта хъусын кӕнын. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ алы мӕй дӕр фӕхъусын кӕны 30 сахаты бӕрц.
Цӕмӕй Минцзе йӕхи донаргъуыд райсынмӕ бацӕттӕ кодтаид, уый тыххӕй йын Яньмэй скодта, чиныджы «Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци» цы фарстатӕ ӕмӕ стихтӕ ис, уыдоны аудиозапись. 2018 азы июлы Минцзе донаргъуыд райста. Минцзе загъта: «Конгрессы мӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цы уарзондзинад равдыстой, уый мын мӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагъта. Мӕ цӕссыгтӕ нӕ баурӕдтон, уымӕн ӕмӕ кӕдӕй уӕдӕй мӕ бӕллиц сӕххӕст: ӕрбаиу дӕн Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджыты ӕмбырдмӕ» (Иоанны 13:34, 35). Минцзейы фӕнды, йӕхӕдӕг цы уарзондзинад банкъардта, уый цӕмӕй иннӕтӕ дӕр банкъарой. Ӕмӕ ныр йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕны.
a Нӕмттӕ ивд сты.