Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад йӕ бынат ивы

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад йӕ бынат ивы

2009 азы июлы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ балхӕдтой зӕхх штат Нью-Йорчы, цӕмӕй сӕ сӕйраг хайад уырдӕм аивой. Уыцы зӕхх у 102 гектары, ӕмӕ сын Бруклины цы агъуыстытӕ ис, уыдонӕй цӕгат-ныгуылӕнырдӕм у 80 километры. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Бруклины агъуыстытӕй пайда кӕнынц 1909 азӕй нырмӕ.

Ног бынаты цӕрдзӕн ӕмӕ кусдзӕн 800 Ӕвдисӕны бӕрц. Сараздзысты дзы цалдӕр агъуысты, иуы дзы уыдзӕн офистӕ, иннӕйы цалцӕггӕнӕн хайӕдтӕ ӕмӕ дзы цыппар та уыдзысты цӕрынӕн. Уыдзӕн ма дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы гыццыл музей дӕр.

Агъуыстытӕ кӕм сараздзысты, уыцы территори бацахсдзӕн 18 гектары, иннӕ зӕхх та ныууадздзысты ӕнӕвнӕлдӕй, уыдзӕн дзы хъӕд ӕмӕ цъыфдзаст зӕххытӕ. Нӕ дзы уыдзӕн стыр газонтӕ ӕмӕ агъуыстытӕ дӕр хорз фидаудзысты хъӕды астӕу.

Архитектортӕ сӕ афтӕ спълан кодтой, цӕмӕй электрон тых къаддӕр хардз цӕуа, ӕрдз тынг ма чъизи кӕна ӕмӕ агъуыстытӕм зилыныл бирӕ ӕхца ма цӕуа. Зӕгъӕм, агъуыстыты сӕрыл зайдзӕн, уазалӕй чи нӕ тӕрсы ӕмӕ зилын кӕмӕ нӕ хъӕуы, ахӕм кӕрдӕг. Афтӕмӕй агъуыстыты сӕрӕй къӕвдайы дон зӕхмӕ къаддӕр кӕлдзӕн ӕмӕ мидӕгӕй дӕр хъармдӕр уыдзӕн. Офистӕ афтӕ арӕзт уыдзысты, цӕмӕй сӕм хуры рухс тынгдӕр кӕла. Стӕй дзы пъланмӕ гӕсгӕ дон дӕр бирӕ хардз нӕ цӕудзӕн.

Сӕйраг хайад ног бынатмӕ цӕмӕн ивынц? Уымӕн ӕмӕ ныр бирӕ бӕстӕты филиалты мыхуыр кӕнынц Библитӕ, ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ. Раздӕр уыцы куыст кодтой ӕрмӕстдӕр Бруклины. 2004 азы литературӕ мыхуыр кӕнын ӕмӕ йӕ ӕндӕр рӕттӕм ӕрвитын райдыдтой Уолкиллӕй (штат Нью-Йорк). Бруклинӕй Уолкиллмӕ цӕуын хъӕуы 145 километры цӕгат-ныгуылӕнырдӕм.

Ӕфсымӕртӕ ма ахъуыды кодтой хӕрдзтыл дӕр. Бруклины агъуыстытӕм зилын тынг зынаргъ лӕууы. Ног агъуыстытӕ та уыдзысты иу ран, стӕй бирӕ дӕр нӕ уыдзысты. Уый фӕрцы Ӕвдисӕнтӕ се ’хца фылдӕр хардз кӕндзысты хъусын кӕныны хъуыддагыл.

Цӕмӕй хицӕуттӕ арӕзтадӕн бар радтой, уый тыххӕй ма хъуамӕ сбӕрӕг кӕной, агъуыстытӕ аразгӕйӕ ӕрдз тынг фӕчъизи уыдзӕн ӕви нӕ, уый дӕр. Кӕд хабӕрттӕ хорз ацӕуой, уӕд арӕзтад райдайдзӕн 2013 азы ӕмӕ цыппар азы фӕстӕ фӕуыдзӕн.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Уолкиллы (штат Нью-Йорк) ис стыр типографи, Паттерсоны (штат Нью-Йорк) та сын ис ахуырадон центр. Нӕ организацийӕн бирӕ бӕстӕты ис филиалтӕ. Ӕгас дунейы дӕр Ӕвдисӕнтӕ сты авд милиуан ӕмӕ ӕрдӕгӕй фылдӕр.