Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Бирӕ рӕстӕг чи фӕлӕудзӕн, ахӕм Библи

Бирӕ рӕстӕг чи фӕлӕудзӕн, ахӕм Библи

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Библийӕ ахсджиагдӕр чиныг нӕй. Уыдон ӕй ӕдзухдӕр иртасынц ӕмӕ дзы пайда кӕнынц, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куы фӕдзурынц, уӕд (Матфейы 24:14). Уый тыххӕй сӕ Библитӕ тагъд баихсийынц. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ бафыдӕбон кодтой, цӕмӕй ног Библи (2013 азы уагъд «Библи Ног дунейы тӕлмац») ӕрмӕст рӕсугъд ма уыдаид, фӕлӕ ма бирӕ рӕстӕг дӕр фӕлӕууыдаид.

Уӕдӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ аскъуыддзаг кодтой, ног Библи кӕй хъуамӕ уа фидар, тагъд ма ихсийа. Уолкиллы (штат Нью-Йорк) сын цы типографи ис, уым чи кусы, уыцы бӕрнон адӕймӕгтӕ сӕ пълӕнтты фӕдыл аныхас кодтой, иу чиныгуадзӕн типографийы президентимӕ. Уый сын загъта: «Ахӕм Библитӕ никуы ссардзыстут». Стӕй ма афтӕ дӕр бакодта: «Хъыгагӕн, Библитӕн сӕ фылдӕр уый тыххӕй нӕ уадзынц, цӕмӕй сӕ бирӕ рӕстӕг пайда кӕной, фӕлӕ цӕмӕй тӕрхӕгыл фидауой».

«Ног дунейы тӕлмац»-ы иуӕй-иу тиражтӕ фидар нӕ разындысты – тынг тӕвд кӕм у, уыцы рӕтты-иу хатт Библитӕ сыфгай ныййисты. Цӕмӕй ног Библи цыфӕнды климӕты дӕр фидар разындаид, уый тыххӕй типографийы кусджытӕ лӕмбынӕг иртӕстой алыхуызон ӕрмӕг цъӕрттӕ скӕнынӕн, алыхуызон клейтӕ ӕмӕ чингуытӕ хуыйыны алыхуызон мадзӕлттӕ. Ӕппынфӕстаг рауагътой Библиты иу тираж, цӕмӕй сӕ алыхуызон бӕстӕты цӕрӕг Ӕвдисӕнтӕ бафӕлвӕрдтаиккой. Пайда сӕ кодтой алыхуызон климӕты – райдай тропиктӕй ӕмӕ фӕу Аляскӕйӕ.

Ӕрдӕг азы фӕстӕ уыцы Библитӕ фӕстӕмӕ арвыстой, цӕмӕй сӕм ӕркастаиккой. Уый фӕстӕ дзы цыдӕртӕ фӕивтой ӕмӕ та рауагътой ног тираж. Ӕмӕ та уыдон дӕр алы рӕттӕм арвыстой. Ӕдӕппӕтӕй бафӕлвӕрдтой 1 697 экземпляры. Иуӕй-иутӕ дзы ӕцӕгдӕр бахаудтой фӕлварӕнты. Зӕгъӕм, иу Библи ӕнӕхъӕн ӕхсӕв баззад къӕвдамӕ, иннӕйы та тыхдымгӕйы рӕстӕг дон ахаста. Уӕдӕ Библитӕ афтӕ кӕй бафӕлвӕрдтой, уый фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ базыдтой, цас фидар сты, уый тыххӕй.

2011 азы, цалынмӕ Библитӕ фӕлварыны куыст цыди, уӕдмӕ Ӕвдисӕнтӕ сӕ типографитӕн Уолкиллы ӕмӕ Эбинӕйы (Япони) балхӕдтой тагъд мыхуыргӕнӕн станоктӕ. Сӕ нысан ӕрмӕст уый нӕ уыди, цӕмӕй ӕрвылазон фембӕлдмӕ дыууӕ алыхуызон типографийы Библитӕ бӕлвырд рӕстӕгмӕ ныммыхуыр кодтаиккой, фӕлӕ ма цӕмӕй уыцы Библитӕ ӕмхуызон дӕр уыдаиккой.

Библийы цъар къӕдз кӕны

2012 азы райдианы дыууӕ типографи дӕр райдыдтой мыхуыр кӕнын «Ног дунейы тӕлмац» – уӕд ын цы верси уыди, уый. Арӕзтой сын полиуретанон сау ӕмӕ игӕрхуыз цъӕрттӕ. Фӕлӕ ног мыхуыргӕнӕн машинӕтӕ куыстой, кӕй нӕ бафӕлвӕрдтой, ахӕм ӕндадзӕн ӕрмӕг ӕмӕ клейтӕй. Куыд разынди, афтӕмӕй ацы машинӕтыл Библийӕн цы цъӕрттӕ уагътой, уыдон тынг къӕдз кодтой. Уыцы хабар банывыл кӕнын сын тагъд нӕ бантысти, ӕмӕ ахӕм Библитӕ рӕстӕгмӕ нал уагътой.

Чингуытӕ аразынӕн ӕрмӕг чи уагъта, уыдон загътой, зӕгъгӕ, фӕлмӕн цъӕрттӕ кӕй къӕдз кӕнынц, уый иууылдӕр зонынц, ӕмӕ уымӕн ницы ис саразӕн. Фӕлӕ Ӕвдисӕнты нӕ фӕндыд сӕ Библийӕн хъӕбӕр цъар аразын. Сӕ нысан уыди, Библи ахӕм фӕлмӕн цъары рауадзын, цӕмӕй бирӕ рӕстӕг фӕлӕууа, ма ныффыдынд уа. Цыппар мӕйы дӕргъы бирӕ фӕлварӕнтӕ ауагътой: фӕлвӕрдтой алыхуызон цъӕрттӕ аразын, цӕмӕй сӕ къухы бафтыдаид, цавӕр цъар сӕ хъуыди, ахӕм; хӕццӕ кодтой алыхуызон клейтӕ ӕмӕ ӕндадзӕн ӕрмӕджытӕ. Ӕппынфӕстаг ссардтой хъӕугӕ ӕрмӕг ӕмӕ хъӕугӕ клей, ӕмӕ та ногӕй райдыдтой мыхуыр кӕнын Библитӕ фӕлмӕн цъары – фӕлӕ ныр йӕ цъар нал къӕдз кодта.

Библитӕ та нал уадзынц

2012 азы сентябры типографитӕн загътой, цӕмӕй Библитӕ мауал мыхуыр кодтаиккой, сӕ скълӕдтӕ ссӕрибар кодтаиккой ӕмӕ сӕхи бацӕттӕ кодтаиккой, ногӕй кӕуыл бакуыстой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац» мыхуыр кӕнынмӕ. Уыцы ног тӕлмац хъуамӕ рацыдаид 2013 азы 5 октябры. Уыцы бон та уыди Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) ӕрвылазон фембӕлд.

Ног Библийы тексты электронон файлтӕ типографимӕ ӕрбацыдысты 2013 азы 9 августы, майрӕмбоны. Иннӕ бон райдыдтой мыхуыр кӕнын ног Библи. Фыццаг Библи цӕттӕ уыди 15 августы. Иннӕ авд къуырийы дӕргъы Уолкиллы ӕмӕ Эбинӕйы типографитӕ куыстой ӕхсӕвӕй-бонӕй. Хъуамӕ ныммыхуыр кодтаиккой ӕмӕ арвыстаиккой 1 600 000 Библийы. Раст уыйбӕрц Библитӕ хъуыди, цӕмӕй ӕрвылазон фембӕлды чи уыдаид, уыдонӕй алчидӕр фӕйнӕ иу Библи райстаид.

Ног Библи тынг рӕсугъд у ӕмӕ хъуамӕ бирӕ рӕстӕг фӕлӕууа. Фӕлӕ дзы цы цардирвӕзынгӕнӕн хабар ис, уый бирӕ зынаргъдӕр у. Иугонд Штатты иу сылгоймаг ног Библи куы райста, уӕд дыккаг бон ныффыста: «Ацы ног Библийы фӕрцы Хуыцауы Ныхас хуыздӕр ӕмбарын райдыдтон».