Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

2014 азы ӕрвылазон фембӕлд – цыбыр афӕлгӕст

Паддзахад хицауиуӕг кӕны 100 азы!

2014 азы ӕрвылазон фембӕлд – цыбыр афӕлгӕст

2014 азы 4 октябры уыди Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) 130-ӕм ӕрвылазон фембӕлд. Уыди дзы иу-19 000 адӕймаджы ӕмӕ ӕрӕмбырд сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессты залы Джерси-Ситийы (штат Нью-Джерси, АИШ). Программӕ трансляци кодтой ӕндӕр бынӕттӕм дӕр.

Программӕйы сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы уӕнг Марк Сандерсон. Ӕфсымӕр Сандерсон райдианы загъта, ацы фембӕлд тынг ахсджиаг кӕй у, уымӕн ӕмӕ ацы аз, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахадыл сӕххӕст 100 азы.

Ӕфсымӕр Сандерсон цыбыртӕй радзырдта, Паддзахадӕн йӕ хицаудзинады фыццаг сӕдӕ азы цы бантысти ацы ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы.

  • Ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг. Йегъовӕйы ӕххуысӕй йӕ адӕм Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтой ӕвӕллайгӕйӕ. Хъусынгӕнджыты нымӕц дӕр фӕфылдӕр: 1914 азы цалдӕр мины йеддӕмӕ нӕ уыдысты, 2014 лӕггады азы та сӕ нымӕц аст милуанӕй ахызт. Мах дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕндзыстӕм, цалынмӕ Йегъовӕ нӕ зӕгъа, фаг у, зӕгъгӕ.

  • Хуыцауы Паддзахад хъахъхъӕны, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмы. Дины разамонджытӕ ӕмӕ хицӕуттӕ нӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, суанг ма архайдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фесафыныл дӕр. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕмткӕй райсгӕйӕ хъахъхъӕдта. Тӕрхондӕтты рамбылдтам бирӕ хъуыддӕгтӕ, уыимӕ Иугонд Штатты Сӕйраг Тӕрхондоны ӕмӕ Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондоны. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ абон дӕр кӕй хъахъхъӕны.

  • Алыхуызон адӕмы иу бинонтау баиу кодта. Хуыцауы Паддзахад баиу кодта, алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры ӕмӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у, ахӕм адӕмы. Паддзахад сын баххуыс кодта бирӕ зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн ӕмӕ сӕ скодта, ӕмвӕнд-ӕмзондӕй чи архайы, ахӕм къорд – Хуыцауы адӕм. «Ахӕм диссаджы хъуыддаг йӕ бон саразын уыдаид, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн!» – загъта ӕфсымӕр Сандерсон. Стӕй ма йӕ хъус ӕрдардта, залы чи уыди, уыдонмӕ цы стыр кад ӕрхауд, уымӕ: фадат сын кӕй фӕци ацы ахсджиаг ӕрвылазон фембӕлдмӕ ӕрцӕуын.

Мультфильмтӕ «Йегъовӕйы ӕмбал су».

Ацы мультфильмтыл дзырд цыди ӕрвылазон фембӕлды программӕйы иннӕ хайы. Фӕстаг дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг ацы мультфильмтӕ махӕн стыр циндзинад хӕссынц. Райдианы ӕфсымӕр Сандерсон равдыста, ӕгас дунейы дӕр сывӕллӕттӕй цы видеоинтервьютӕ райстой, уыдон. Алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр тынг фӕцыдысты, сывӕллӕттӕ ацы мультфильмтӕй цӕуыл сахуыр сты, уый тыххӕй сыгъдӕг зӕрдӕйӕ цы бузныджы ныхӕстӕ загътой, уыдон.

Уый фӕстӕ та равдыстой ног 12-минутон мультфильм, йӕ ном хуыйны «Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уай». Уый фӕрцы нӕхи цӕстӕй федтам гыццыл израилаг чызджы хабӕрттӕ. Уый Нееманы усӕн хъӕбатырӕй радзырдта Йегъовӕйы тыххӕй (2 Паддзӕхты 5:1–14). 2014 азы 6 октябры къуырисӕры ацы мультфильм фӕзынд сайты jw.org ӕмӕ йӕм бакӕсӕн уыди 20 ӕвзагӕй фылдӕрыл.

JW Language.

Ӕфсымӕр Сандерсон фехъусын кодта телефонтӕн ӕмӕ планшеттӕн кӕй рацыд ног приложени. Уый стыр ӕххуыс уыдзӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ног ӕвзаг ахуыр кӕнын кӕй фӕнды ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Ацы приложенийы ис 4 000 дзырдӕй ӕмӕ дзырдбастӕй фылдӕр 18 ӕвзагыл. Фӕстӕдӕр ма дзы фӕзындзӕн, уацамынды нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ, стӕй хъусын кӕнгӕйӕ ныхас райдайӕн куыд ис, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕмӕ ма ӕндӕр ӕрмӕг дӕр.

JW Broadcasting.

Уазджытӕн тынг ӕхсызгон уыди, куы базыдтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн интернет-телеуынынад кӕй фӕзынд. Нырма уыдзӕн ӕрмӕст англисаг ӕвзагыл. Программӕтӕ ӕвдисдзысты нӕ сӕйраг хайадӕй Бруклины (штат Нью-Йорк, АИШ). Телеуынынады ӕвдисдзысты нӕ кинонывтӕ, музыкӕ ӕмӕ Библи аив кӕсдзысты. Уымӕй уӕлдай ма-иу дзы алы мӕй дӕр фӕзындзӕн ног программӕ, уадзгӕ та йӕ кӕндзӕн Разамонӕг советы уӕнгтӕй исчи кӕнӕ йӕ комитеттӕй искӕцы ӕххуысгӕнӕг.

Ӕфсымӕр Сандерсон равдыста скъуыддзаг уыцы фыццаг программӕйӕ. Уагъта йӕ Разамонӕг советӕй Стивен Лет. Уыцы программӕйы дзырд цӕуы телестуди куыд цӕттӕ кодтой, уый тыххӕй. JW Broadcasting скуыста 2014 азы 6 октябры. Ссарӕн ӕй ис ахӕм адрисыл tv.pr418.com.

«Паддзахад 100 азы хицауиуӕг кӕны: цы йын бантыст».

Сэмюэл Хёрд, Разамонӕг советӕй, аныхас кодта иу кинонывыл. Уым дзырд цыди, Хуыцауы Паддзахад нын куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй фылдӕр кодтаиккам ӕмӕ хуыздӕр хъусын кодтаиккам. Кинонывы спайда кодтой бирӕ историон видеоӕрмӕгӕй, равдыстытӕй ӕмӕ, Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй цы интервьютӕ райстой, уыдонӕй. Уыцы ӕрмӕджы фӕрцы уазджытӕ хуыздӕр базыдтой, «Сфӕлдыстады фотодрамӕ» куыд арӕзтой ӕмӕ йӕ бирӕ адӕмӕн ӕвдисын куыд райдыдтой; куыд райдыдтой пайда кӕнын патефонтӕй, хорз хабар фыст кӕм уыди, ахӕм карточкӕтӕй, рупортӕ кӕуыл уыд, ахӕм машинӕтӕй; куыд хъусын кодтой плакаттимӕ, ӕмӕ нӕ уацамындмӕ чи цӕттӕ кӕны, ахӕм скъолатӕ куыд фӕзындысты, уый тыххӕй.

Паддзахадӕн фыццаг сӕдӕ азмӕ цы бантысти, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ Паддзахадыл тынгдӕр баууӕндӕм, ӕмӕ сомбон цы сараздзӕн, уый фенын нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн.

Ног зарджытӕ.

Дейвид Сплэйн, Разамонӕг советӕй, фехъусын кодта, нӕ зарджыты чиныгмӕ «Зарут Йегъовӕйӕн!» ногӕй кӕй хъуамӕ ӕркӕсой, уый тыххӕй. Уый се ’ппӕтӕн дӕр уыди тынг ӕхсызгон. Уыцы чиныг уыдзӕн «Ног дунейы тӕлмац»-ы хуызӕн – уыдзӕн ын ахӕм фӕлмӕн ӕвзистхуыз цъар. Ахӕм хӕрзгъӕд ӕрмӕгӕй кӕй пайда кӕнӕм, уымӕй зыны, нӕ лӕггады музыкӕйӕн ахсджиаг бынат кӕй ис.

Ӕфсымӕр Сплэйн ма фехъусын кодта, зарджыты чиныгмӕ ног зарджытӕ кӕй бафтаудзысты. Фӕлӕ мах, ног зарджыты чиныг кӕд ныммыхуыр кӕндзысты, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы. Нӕ бон уыдзӕн ног зарджытӕ зарын, нӕ сайты-иу jw.org куы фӕзыной, уӕд.

Ӕрвылазон фембӕлды азарыдысты ӕртӕ ног зарӕджы. Вефилы бинонтӕ сӕ уый размӕ афӕлвӕрдтой. Ӕфсымӕр Сплэйн зарӕггӕнджыты къордӕн уыди дирижер, уыдон азарыдысты зарӕг «Хуыцауы Паддзахад сфидар – ӕрцӕуӕд зӕхмӕ дӕр!». Ацы зарӕг фыст ӕрцыд, Паддзахад уӕлӕрвты кӕй сфидар, ууыл 100 азы кӕй сӕххӕст, уыцы бӕрӕгбонмӕ. Зарӕггӕнджыты къорд зарӕг куы азарыд, уӕд ӕй уый фӕстӕ иннӕтӕ дӕр иумӕ азарыдысты. Фӕстӕдӕр къорд ӕмӕ уазджытӕ азарыдысты ӕндӕр ног зарӕг, «Баххуыс нын кӕн, цӕмӕй ныфсджынӕй дзурӕм».

Интервью.

Дарддӕр уазджытӕ бакастысты, Геррит Лёш, Разамонӕг советӕй, ӕртӕ къайӕ цы интервью райста, уымӕ. Уыцы бинонтӕ Вефилы лӕггад кӕнынц бирӕ дӕсазты дӕргъы. Уыдон радзырдтой, сӕ лӕггады рӕстӕг цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдонӕй цалдӕры тыххӕй ӕмӕ уый Хуыцауы адӕмыл хуыздӕрырдӕм куыд фӕзынд, уый тыххӕй. Ӕфсымӕр Лёш загъта, организацийы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй Библийы кӕй ӕрцыд фыст, ӕмӕ алкӕй дӕр сразӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы организациимӕ иумӕ размӕ цӕуой (Исай 60:17).

«Фидӕнмӕ чи амоны, уыцы хабӕрттӕ ӕмӕ куыд сӕххӕст сты».

Ацы раныхас уыди ӕфсымӕр Сплэйнӕн. Уый бамбарын кодта, фӕстаг рӕстӕг нӕ литературӕйы Библийӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ фидӕны цӕмӕдӕр кӕй амонынц, уый кой арӕх кӕй нал вӕййы.

Раздӕр афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ Библийы кӕй кой ис, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ кӕй амыдтой, нӕ рӕстӕджы цӕрӕг иузӕрдион чырыстӕтты алыхуызон къордтӕм. Афтӕ дӕр ма хъуыды кодтам, ӕмӕ Библийӕ кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕ фӕсномыгӕй кӕй амыдтой, абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм чи хауы, уыцы хабӕрттӕм. Раст зӕгъгӕйӕ, ахӕм хабӕрттӕ иртасын ӕхсызгон у. Уӕдӕ уӕд фӕстаг азты нӕ литературӕйы афтӕ арӕх цӕуылнӕуал фӕдзурӕм, фидӕнмӕ чи амоны, уыцы хабӕртты ӕмӕ куыд сӕххӕст сты, уый тыххӕй?

Фыстадӕй куыд зыны, афтӕмӕй иуӕй-иу адӕймӕгтӕ ӕмӕ цаутӕ амыдтой, стырдӕр кӕмӕдӕр кӕнӕ стырдӕр цӕмӕдӕр. Библи ӕргом куы фӕдзуры, цавӕрдӕр хабар фидӕны цӕмӕдӕр кӕй амоны ӕмӕ куыд сӕххӕст, уый тыххӕй, уӕд ӕй мах дӕр ахӕм цӕуылдӕрыл банымайӕм. «Фӕлӕ Библи уый кой куы нӕ кӕна, уӕд мах дӕр уый кой хъуамӕ ма кӕнӕм»,– загъта ӕфсымӕр Сплэйн. Мах хъуамӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй дзы ма агурӕм, Библийы скъуыддзӕгты цы хабӕртты кой нӕй, уыдон. Ӕмӕ ма ноджы дӕр иу хабар: фидӕнмӕ чи амоны, уыцы хабӕрттӕ ӕмӕ куыд сӕххӕст сты, уыдӕттӕ агурыныл куы суӕм, уӕд нӕ ферох уыдзӕн, Библийы хабӕрттӕ нын абон цы пайда хӕссынц, уый. Ӕмӕ уӕлдай нӕу, уӕларвон ныфс нын ис ӕви зӕххон (Ромӕгтӕм 15:4) *.

«Цырддзаст уыдзынӕ?»

Ацы раныхасы ӕфсымӕр Летт загъта, бӕлвырддӕр кӕй райдыдтам ӕмбарын, Йесо дӕс чызджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый (Матфейы 25:1–13). Абон ацы фӕсномыг ныхас ӕмбарӕм афтӕ: сиахс у Йесо, чызджытӕ та сты йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ (Лукайы 5:34, 35; 2 Коринфӕгтӕм 11:2). Ацы фӕсномыг ныхас хауы фӕстаг бонтӕм ӕмӕ уыдон фӕуыдзысты стыр бӕллӕхӕй. Йесо фондз ӕнӕзонд чызджы кой куы кодта, уӕд афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ иузӕрдион нӕ разындзысты ӕмӕ сӕ бӕсты ӕндӕрты хъӕудзӕн равзарын. Фӕлӕ ацы ныхӕстӕй йӕ лӕггадгӕнджыты иу хъуыддагӕй бафӕдзӕхста. Фондз чызджы уыдысты зондджын, иннӕ фондз та ӕнӕзонд; уымӕ гӕсгӕ алы сӕрст чырыстонӕн дӕр ис фадат цӕмӕй равзара, цавӕр фӕндагыл ацӕудзӕн, уый: цӕттӕ уыдзӕн ӕмӕ цырддзаст разындзӕн, ӕви Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивдзӕн.

Библийы стихты цы нӕй фыст, уый дзы кӕй нӕ фӕагурӕм, уымӕ гӕсгӕ ницы пайда уаид, уыцы фӕсномыг ныхасы алы лыстӕг хабарыл дӕр хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, ай дӕр цӕмӕдӕр амоны. Хуыздӕр уаид, царды нӕ кӕм бахъӕудзӕн, ууыл куы ахъуыды кӕниккам. Уӕлдай нӕу, сӕрст чырыстӕттӕ стӕм ӕви «ӕндӕр фыстӕ», не ’ппӕт дӕр хъуамӕ цырддзаст уӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ рухс адӕммӕ кӕла (Иоанны 10:16; Марчы 13:37; Матфейы 5:16). Нӕ бӕсты иузӕрдионӕй ничи баззайдзӕн. Алчидӕр нӕ хъуамӕ йӕхӕдӕг равзара цард, хъуамӕ уа цырддзаст ӕмӕ ӕдзухдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕна (Дыккаг закъон 30:19).

«Фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй».

Иннӕ раныхас радзырдта Энтони Моррис, Разамонӕг советӕй. Йӕ раныхасы дзырдта, Йесо талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый ныр гыццыл ӕндӕрхуызон кӕй ӕмбарӕм, ууыл (Матфейы 25:14–30). Ныр ӕй афтӕ ӕмбарӕм, ӕмӕ фӕсномыг ныхасы цы хицауы кой цӕуы, уый (Йесо) йӕ цагъарты (йӕ иузӕрдион сӕрст фӕдылдзӕуджыты зӕххыл) фидӕны схорзӕхджын кӕндзӕн, куы ӕрцӕуа ӕмӕ сӕ уӕлӕрвтӕм куы акӕна, уӕд. «Ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъары» кой кӕнгӕйӕ Йесо нӕ загъта, зӕгъгӕ йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕй бирӕтӕ иузӕрдион нал уыдзысты. Уый сӕрстыты бафӕдзӕхста, цӕмӕй цырддзаст уой ӕмӕ ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъары хуызӕн ма суой.

Ацы фӕсномыг ныхасӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Фӕсномыг ныхасы хицау йӕ цагъартӕн сӕ бар бакодта стыр хӕзна. Афтӕ Йесо дӕр йӕ фӕдылдзӕуджыты бар бакодта, хӕзнайыл цы нымайы, уый – хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг. Ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, мах не ’ппӕт дӕр цавӕрфӕнды уавӕрты ма уӕм, уӕддӕр зӕрдиагӕй кӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм. Ӕфсымӕр Моррис алкӕмӕй дӕр раппӕлыд, Паддзахады хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ кӕй архайынц, уый тыххӕй.

«Тагъд рӕстӕджы Хуыцауы адӕмыл йӕхи чи ныццӕвдзӕн?»

Ахӕм цымыдисаг ном уыди программӕйы фӕстаг раныхасӕн. Радзырдта йӕ Джеффри Джексон, Разамонӕг советӕй. Ӕфсымӕр Джексон аныхас кодта, фидӕны Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕй рацӕудзӕн Гог Магогы зӕххӕй (Йезекил 38:14–23).

Раздӕр мах хъуыды кодтам, Гог кӕй у Сайтан Хӕйрӕджы ӕндӕр ном, ӕмӕ йын лӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уӕлӕрвтӕй йӕ куы расырдтой, уый фӕстӕ. Фӕлӕ ӕфсымӕр Джексон йӕ хъус ӕрдардта, ахӕм ӕмбарынадмӕ цы ахсджиаг фарстатӕ ӕвзӕры, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕ рагацау загъта, зӕгъгӕ, Гогыл куы фӕуӕлахиз уой, уӕд ӕй Йегъовӕ кӕй ратдзӕн «тугдзых мӕргътӕн, алыхуызон мӕргътӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн» (Йезекил 39:4). Йегъовӕ ма рагацау загъта, «Гогӕн йе ’ппӕт адӕмимӕ» зӕххыл кӕй ратдзысты, кӕм ӕй баныгӕной, ахӕм бынат (Йезекил 39:11). Фӕлӕ ахӕм хабӕрттӕ уӕларвон удгоймагыл куыд хъуамӕ ӕрцӕуой? Сайтан иу мин азмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн «дӕлдзӕхмӕ»; уый хӕргӕ дӕр ничи бакӕндзӕн ӕмӕ ныгӕнгӕ дӕр (Раргомад 20:1, 2). Уымӕй уӕлдай ма иу мин азы фӕстӕ Сайтан уагъд ӕрцӕудзӕн, «цӕмӕй фӕсайа зӕххӕн йӕ цыппар кӕроны цӕрӕг адӕмты – Гогы ӕмӕ Магогы» (Раргомад 20:7, 8). Уӕдӕ бӕрӕг у, Сайтан йӕхӕдӕг Гог куы уыдаид, уӕд йӕ бон нӕ уыдаид Гогы фӕсайын.

Ӕфсымӕр Джексон бамбарын кодта, Йезекилы пехуымпарады Гог Магогы зӕххӕй Сайтанмӕ кӕй ма хъуамӕ амона, фӕлӕ фидӕны Хуыцауы адӕмыл йӕхи чи ныццӕвдзӕн, уыцы адӕмты къордмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, Гог ныхмӕ кӕй рацӕудзӕн, уыцы хабар дӕр у, «цӕгатаг паддзах» ӕмӕ «зӕххон паддзӕхтӕ» ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уыцы иу хабар (Данел 11:40, 44, 45; Раргомад 17:12–14; 19:19).

Чи у «цӕгатаг паддзах»? Рӕстӕг куы ӕрцӕуа, уӕд ӕй базондзыстӕм. Куыдфӕнды ма уа, нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕны, фидӕны цаутӕ куыд ӕввахсдӕр кӕнынц, афтӕ сӕ хуыздӕр кӕй ӕмбарӕм, уый уынгӕйӕ. Ӕмӕ мах нӕ тӕрсӕм, фидӕны Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уымӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Гог Магогы зӕххӕй Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд састы бынаты кӕй баззайдзӕн ӕмӕ бынтондӕр сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, Хуыцауы адӕм та ӕнустӕм кӕй уыдзысты *.

Кӕронбӕттӕн.

Ӕфсымӕр Сандерсон фехъусын кодта, «Ног дунейы тӕлмац» кӕй рацыд, дзыппы нывӕрӕн кӕй ис, ахӕм форматы. Фехъусын ма кодта, кӕй цӕттӕ кӕнынц Библийы аудиозапись: Библи рольтӕм гӕсгӕ кӕсдзысты алыхуызон адӕм. Райдайдзысты фыссын Матфейы Евангелийӕ, ӕмӕ Библийы чингуыты аудиозаписьтӕ сындӕггай ӕвӕрдзысты сайты jw.org.

Ӕфсымӕр Сандерсон загъта, 2015 азӕн стих ист кӕй ӕрцыд Псаломӕй 106:1: «Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ». Уый алкӕй дӕр сразӕнгард кодта, цӕмӕй алы бон дӕр Йегъовӕйӕн бузныг цӕй тыххӕй зӕгъой, уыцы фадат агурой.

Ӕрвылазон фембӕлд фӕци ӕртыккаг ног зарӕгӕй, хуыйны «Йегъовӕ у дӕ ном». Разамонӕг советы цы авд ӕфсымӕры ис, уыдон зарӕггӕнджыты къордимӕ ӕмӕ уазджытимӕ иумӕ азарыдысты ацы ног рӕсугъд зарӕг. Афтӕ фӕци ацы ахсджиаг фембӕлд!

^ 22 абз. Ацы раныхас ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы дыууӕ раныхасы уыди, уыдон арӕзт уыдысты брошюрӕйыл «Дӕу афтӕ бафӕндыд».

^ 30 абз. Ацы раныхас арӕзт уыди брошюрӕйы «Къӕрцхъус ут, Сайтаны фӕнды, цӕмӕй уӕ аныхъуыра!», зӕгъгӕ, чи уыдзӕн, уыцы статьяйыл.